Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дигори зар (Айдарухъи зар)

Дигори зар (Айдарухъи зар)


24 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Биасланти минæвæрттæ Дигоргоммæ æрбацудæнцæ.
Дигоргоми, гъей, Мæхчески Æстъонамæ
Истур æмбурд æркодтонцæ,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау)
Дигоргом, мæнæ нæмæ, зæгъуй,
Биаслантæ, гъей-æма, æрбарвистонцæ:
Абонæй фæстæмæ, гъай, хъалон ейсун райдайдзинан;
Уæхецæн уоли рартасетæ,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау).
Цалдæммæ уæхецæн уоли рартасайтæ,
Уалдæммæ уæмæ, зæгъуй,
Хъалон есунмæ ку 'рбацæуæн,
Гъей, уæд уи есдзинан хъалонæй
Авд удзесни лæхъуæн – уацайраг
'Ма кизгæ уацайраг уæлдай,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау)
Дигоргом авд сабати
Авд æмбурди æрцæнцæ;
Фæндитæ 'ма фæнди сæртæ кодтонцæ,
Гъей, æвдæймаг æмбурди, зæгъуй,
Сæхецæн уоми рартастонцæ
Хъабанти хуарз Айдарухъи, гъай! (Даргъгомау.)
Йеци хабартæ син ку фегъуста,
Уæлæ Хæнæзи сæри ку цардæнцæ Тауидтæ, гъей! (Даргъгомау)
Тауидти зæронд хуарз Хамæза
Дигоргоми истур æмбурдмæ
Æхе ку ниххæссун кодта, гъай! (Даргъгомау)
– Фарнæ, уе 'мбурди, Дигоргом!
Дигоргом дæр ибæл бацинæ кодтонцæ.
– Гъæй, зæронд лæг ку дæн,
Уæ унаффитæ мин, уæ фæндитæ мин
Базонун кæнтæ,
Уой туххæй уæмæ ку 'рцудтæн, гъай! (Даргъгомау.)
Йетæ дæр ин сæ хабартæ,
Гъæйтт, æма, радзурдтонцæ:
– Мæнæ Биасланти минæвæрттæмæ гæсгæ
Авд æмбурди æрцан,
И æвдæймаг æмбурди
Хъабанти хуарз Айдарухъи
Уолийæн рартастан, гъай! (Даргъгомау.)
Тауидти фур зæронд Хамæза
Фиййаг æфсæйнаг лæдзæгæй
Æ тæрнихæн æртæ цæфи никкодта, гъай! (Даргъгомау.)
– Йе, уæу-уæй, йе, уæу-уæй, Дигорæ, фесæфайтæ!
Сумах авд æмбурди ку 'рцайтæ,
Авд ихалди уæд ниццайтæ,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау.)
Бафарстайтæ, бафарстайтæ, зæгъгæ,
Уæлæ Мæхчески сæри истур къубуси
Ка цæруй, уони, зæгъгæ,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау)
Махæн Хуцауæй дæлæмæ нæ уоли дæр
Æма нæ гъæуайгæнæг дæр
Баделий æртæ фурти, гъай!
Цотæ æма муггагæн лæгæй фæццотæ,
Æртæ 'мбес æй баиурстонцæ,
Гъай, Дигоргоми дæр æртæ 'мбесæй,
Гъайтæ æма, байурстонцæ,
Гъайтæ, уарайдарæ, гъей! (Даргъгомау.)
– Ду нин ку нæ фæццæуай,
Махæй æнæ дæу неке фæццæудзæнæй!
Иссудæнцæ Мæхчески къубусмæ,
Баделий иуазæгдони размæ æрлæудтæнцæ
Бадели æртæ фурти сæмæ рацудæнцæ.
– Æгас æрцæуай, Тауидти-фурт зæронд Хамæза!
Зæронд лæг уогæй, ци хор дæ æрбахаста?
Йе ба син загъта:
– Уе уæрцæ уин фегъустон,
Хуарз бони байуаретæ!
Мæнæ Дигоргоми дæр байуарстайтæ,
Æма мæнæ Дигори дæр
Муггагæн лæгæй исхудтон,
Æма мин базонун кæнтæ
Ка ке хай фæцæй, уой!
Базонун кодтонцæ, ка ке хай фæцæй, уой.
Мæнæ Тауидти фурзæронд Хамæза син загъта:
– Махæн нæ уоли дæр,
Нæ гъæуайгæнæг дæр Хуцауæй дæлæмæ сумах айтæ!
Йетæ дæр ин загътонцæ:
– Хуцауи ку фæндауа,
Мах нæ къæхтæбæл ку лæууæн,
Уæд Дигоргоми
Некæмæн рауадздзинан хъалондарæн.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 25 ноябрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурты Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, п. 13, ф. 27–29.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru