Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Йелбердухъи зар

Йелбердухъи зар


24 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
I

Гъе-гъе-йæ, Хъæрæми æфсæдтæ æрбацæунцæ,
Даргъони истур æрдози æрбадунцæ,
Уæ-йи-йæй, гъæй!
Халон уасæг, сунт гъæргæнæг
Ка фæццæуа Дигоргоммæ хабархæссæг:
«Хъæрæми æфсæдтæ æрбацудæнцæ!
Уой, æма сæ гъæргæнæги гъæрмæ
Дигорæ æрæмбурдæнцæ:
Фæндтæ 'ма фæнди сæртæ ку кодтонцæ.
Туйгъанти хуарз Йелбердухъ
Дигори астæу ку разæгъуй:
«Æз сумах фæндитæмæ нæбал кæсун,
Дигори сæрбæлтау мæ Хуцау фæккæнæд!»
Гъей-гъæй-гъæй, Дигори æфцæгæй хæрæмегъæ ку ракæсуй,
Хæрæмегъæ нæ уодзæнæй,
Туйгъанти хуарз Йелбердухъ
Æ цъæх саулохбæл ку уодзæнæй.
Даргъоммæ йе ку æрцæуй,
Даргъоми сау хæрæмегъæ
Даргъоми стур гъæди
Еугау пъæстутæ ку никкæнуй.
Сау хæрæмегъæ нæ уодзæнæй,
Хъæрæми æфсæдти бæхти
Коми тулфæ ку уодзæнæй.
Цъæх хæрæмегъæ дæр нæ уодзæнæй:
Туйгъанти бæгъатæр хуарз Йелбердухъ
Æ цъæх бæхбæл ку уодзæнæй.
Уæй, сæхе тургъи кæд æма
Æвдцонгон бæласæ адтæй,
Абисалти хуарз Деулетæн
Хуарз Йелбердухъи фæсте
Рацæун ку нæ бантæстæй.
Бицентæмæ йин гъосинидзаг
Уæрасæ адтæй.
Йелбердухъ дæр Хъæрæми æфсæдти ку раздахуй,
Сæ тонаутæ син уæд рахæссуй.
Дигорæ нæ бафедаунцæ.
Хъарабугъати минги Хъарабугъа
Ку разæгъуй:
«Дигори астæу Туйгъанти Йелбердухъ
Кæми нæбал æй,
Уоми мæнæн дæр цæрæн нæбал ес!
Хуæрзæбонæ рауотæ», – зæгъгæ, ку рацæуй.
Дигори 'фцæгбæл Йелбердухъбæл
Уæд исимбæлуй æ тонаути хæтдзæ.
«Уæй, Йелбердухъ! Дæ хъарæ дин
Хуцау ма басæттæд!
Нур ба хайвæндагæй хай æмбæлуй!»
«Гъай-гъай дин хай бакæндзæнæн,
Фал кæд дæ мадæ, дæ фидæ
Уездон адтæнцæ,
Уæд куд адтæй, уой ма баримæхсæ!»

II

Гъе-гъе, йæ-йæ, Туйгъантæмæ ка бадзора:
Муртазати хонсари уæ сугъзæринæ бæласæ ку рахъан æй!
Гъей-гъе, йæ-йæ, уæй, Дигори æфцæгæй
Сау мегъæ пъæстугæйттæй ку цæуй.
Сау мегъæ ба нæ уодзæнæй.
Туйгъанти хуарз Дзахсумелон
Æ енцегбæл æ саудзигкотæ
Пъæстугæйттæ уæд ку тонуй,
Уони Дигори æфцæгæй
Уæд ку гæлдзуй,
Сæхе бæх ба æргъайуаг æй:
Тасолтанти хуарз Йелбердухъ
Есге уоси фæсте рамæлунмæ,
Уæ-йи-йæ, æвгъайуаг æй!

Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 10 май, 1921 аз, Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурты Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф. 165–167.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru