Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Магготы мæсыг

Магготы мæсыг


24 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Магготы мæсыгæн
Йæ сæр цæнгæт,
Йæ къултæ фидар,
Æндонæй арæзт.
Йæ хицау уымæн
Магготы Беро
Йæ хуылфы бады.
Уый авд хæстоны
Хæстæввонг бадынц
Тыхджын фæсивæд.
Мæсыг дæр фидар
Хъæбæр цæнгæтæй.
Уæд Беро дзуры
Хæстон тырынтæм:
– Уæ, саг фæсивæд,
Уæ, цырд фæлæуут!
Уый, Лечъы 'фсæдтæ
Фыдсыг, фыдмигъау,
Нымбæрзтой хæхтæ.
Мачабели сæ
Куы скæны махмæ.
Хуыздæр-иу хъавут!
Мæсыг куы сисой.
Уæд мах æгасæй
Бындзагъд кæндзысты!
Гæрæхтæ кодтой
Уæд Лечъы 'фсæдтæ.
Нæмгуытæ схъиудтой
Æндон мæсыгæй.
Сæ тох æвирхъау,
Æвзонг тырынтæ
Тых кодтой ноджы
Æлдары 'фсадыл.
Ыстæй æрбацыд
Дасетæй иу лæг,
Быркуыйы мидæг.
Куы бадзæбæхтæ –
Нымыгъд æрцыдис,
Æлдары къухæй
Уый мард æрцыдис

Радзырдта йæ Мæргъиты Иликъо, 15 июль, 1938 аз, Дзауы ком, Тли.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru