Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъантемурти Хъарадзауи зар

Хъантемурти Хъарадзауи зар


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Уай, Хъантемурти хуарз Хъарадзау!
Уо-уой, арви рохси фæббадуйнаг,
Хъантемурти хуарз Хъарадзау!
Уæй, Дигори æфцæгæй ку ратæхуй,
Уо-уæй, и уорс цæргæс, и уорс цæргæс!
Запарати** мæсугбæл, уæй, ку ниббадуй.
Уæй, ци уодзæнæй, куд уодзæнæй, ка уодзæнæй?
Йа-уай, и сау гурдзи ку разæгъунцæ:
– Хъантемурти хуарз Хъарадзау ку уодзæнæй,
Хъалон есунмæ ку 'рбацудæй,
Уæй, нур ба, зæгъæ, фæндтæ ма фæнди сæртæ,
Йе, уæй-уæй, и сау гурдзи
Фæндтæ ма фæнди сæртæ, уæй, ку кæнунцæ.
Йе, уæй, арви рохси фæббадуйнаг,
Хъантемурти хуарз Хъарадзау!
Уæ, и фиццаг цæф, уæй, и тугури,
Йа-уæй, Хъантемурти хуарз Хъарадзау
Нигъгъæр кæнуй: – Уæй, Запарати истур къæхти
Уæ ку 'ссеринæ Емерети будури!
Уæй, сæхе бæхтæ аласатæ, уæй, аласатæ;
Йе-уæ, уæд син, зæгъæ, мæ цубур карди хæтдзæ
Бакосинæ дессæгтæ 'ма тамасатæ!
Йе – уæй, арви рохси фæббадуйнаг
Хъантемурти хуарз Хъарадзау!

Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 2 мартъи, 1921 аз. Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп. 1, папкæ 13, ф. 156.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru