Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъантемури фурт хуарз Хъарадзауи зар (вариант)

Хъантемури фурт хуарз Хъарадзауи зар (вариант)


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Коми сæрæй и уорс цæргæс ратахтæй,
Гурдзистонмæ фæттахтæй,
Уони-Калаки ниббадтæй,
Йейæ ка уодзæнæй,
Хъантемурти и хуарз Хъарадзау ку уодзæнæй,
Уомæн æ фиццаг цæф и тугури,
Сæхе бæхтæ ба аласатæ.
Тæходуйтæ,
Мæнæн мæ даргъ кард мæ цубур цонгæн цонгæнхасæн,
Уотемæй сæ ку ссердтаинæ Запарати, Къерогенти,
Мухурани и лигъз будури,
Уæд сæ сæ керотæй раластайнæ,
Гъенур ба рачи, рачи рачумели,
Æнхуæц рачи Хъарадзауæн сачумели.

Радзырдта йæ Кæлухты Елмæрза, Уæхъæц, 10 август, 1927 аз. Ныффыста йæ Толасты Андрей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 15, папкæ 8, ф. 194.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru