Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Зæгъæгаты хорз Зæгъæджы зарæг

Зæгъæгаты хорз Зæгъæджы зарæг


25 декабря 2010. Разместил: 00mN1ck
Уæрæйдæ, рæйдæ, Зæгъæгаты хорз Зæгъæг ныхъхъæр кæны:
– Æрæмбырд ут, Уæллаг Ир!
Уæй, æрæмбырд ут, зæгъгæ, сыл ныхъхъæр кæны.
Уæллаг Ир æрæмбырд вæййынц хæдзарæн лæгæй.
Зæгъæгаты хорз Зæгъæг,
Уæрæйдæ, рæйдæ, зæгъы:
– Уæллаг Ир! Хуысгæ баззадыстæм!
Цæй æмæ фос фæкæнæм!
Дыгургоммæ бацæудзыстæм,
Фос дзы ракæндзыстæм,
Фæстагмæ сæ хъалондар,
Гъей, уæрæйдæ, скæндзыстæм.
Ныр, дам, нын нæ тырыса чи ахæсдзæн?
Арсæмæгты хъæбатыр Арсæмæг
Куы нæ уа, уæд ничи!
Гъей, уæй, Бутаты Увæдзы урс бæх
Куы нæ уа, уæддæр нæ уыдзæн!
Нæ тырыса радтæм Арсæмæгмæ!
Уæрæйдæ, афтæмæй сæ арасты бон
Мигъ, дам, уыди.
Дыгургоммæ хæсты ацæуыны бон
Арсæмæгæн сыгъзæринæй рихи, дам, уыди.
Гъа, уæрæйдæ, уæрæйдæ,
Дыгургомы Йелиайы гæрах куы фæцыд.
Йелиайы гæрах нæ уыдзæн,
Хъараты сау Хъара талæу куы уыдзæн.
Дыгур сæм ныхъхъæр кæнынц:
– Уæллаг Ир, ма аздæхут!
Хъараты сау хъара талæу
Хъалон дæдтын нæ уадзы!
Гъе, рæйдæ, рæйдæ,
Зæгъæгаты хорз Зæгъæг ныхъхъæр кæны:
– Чи, дам, загъта: æхсæв райгуыр,
Сæумæрайсом Хъæриуы хох
Дæ зæвæтæй ныггуыпп лас!
Мемæ дæ цы хъуыддаг уыд,
Куыдзæйгуырд мæхъхъæлон!

Радзырдта йæ Тугъанты Тæтæрхъан, 22 январь, 1922 аз, Дзæу¬джыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, ф. Дзагурова Г.А., оп.1, папка 13, ф.193–194.
Песня пропета певцом по-иронски, но с дигоризмами (примеч. Г.Дзагурова.), фонд Дзагурова Г.А., опись 1, д. 14, ф. 273.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru