Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Куырттаты зарæг

Куырттаты зарæг


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
– Æрæмбырд ут, Куырттатæ, агъуысты ныхасмæ,
Дæлæ нæм нæ мæнгард паддзах хъулон пакет сæрвыста.
Ой, æмæ куы æрæмбырд вæййынц Куырттатæ,
Лæгæй æвзæрст æмæ бæхы хорзæй.
Цымытийы фарсæй, зæгъы, урссæр цæргæсау куы ратахти.
Уый та чи уыди цымæ, уый? Уый уыди Калманты Ацæмæз.
Гулийы фарсæй нæл хуыйы сæпп-сæпп куы раласта
Дынджыр уæцъæфджын.
Адæм дис кæнынц: уый та чи уа?
– Къаболаты дынджыр Хъылыц.
Æмæ рабалц кодтой паддзахмæ,
Æмæ сын уый лæвæрттæ кæнын куы райдыдта,
Æмæ чи цы агуырдта, чи цы агуырдта!
Бирæ лæвæрттæй сын бар уыди.
Калманты Ацæмæзы æмбæлттæ райстой сæ лæвæрттæ.
Фæлæ уый фæстагмæ баззади,
Йæ фæндаджы хъуыддаг куыд зыдта, уымæ гæсгæ.
Фарсты мидæг ницы бакой кодта,
Топпыхосы æмæ нæмгуыты йеддæмæ.
Ракастысты фæстæмæ – æмæ зæронд Бæтæхъойыхъæуы рагъæй
Дурын худмæ куы æрбахæццæ вæййынц æмæ сæм стыр æфсæдтимæ куы æрлæууынц
Сæ разы Кæсæджы æлдæрттæ.
Уыдис сын дывзагон асиаг минæвар.
Æмæ, зæгъы, кæрæдзийыл сæ куы сардыдта.
Минæвар куы бацыди, уæд æмбæлæггаг агуырдта!
– Мах стæм æгъдауыл разы, загътой Куырттаты бæлццæттæ,
Фæлæ минæвар æрбахаста фæстæмæ хæлды ныхас.
Æмæ хæцынтæ райдыдтой Кæсæджы æлдæрттимæ.
Калманты Ацæмæз дынджыр нымæтыл
Йæхицæн хостæ æрыдзаг кодта.
Æмæ загъта: «Гъей, Куырттатæ, æз уал фыццаг хатт æхсын
Мæ асиаг минæвары, фыд æвзæгтæ кæй хаста, уый тыххæй».
Хæст стынг, сæ туг калди куыройы дæттау.
Къаболаты Хъылыц та уæрдоны бын æнæ гæрахæй амард.

Радзырдта йæ Мырзаганты Уане. Ныффыста йæ Плиты Харитон. Мыртазатыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 115.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru