Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Куырттаты зарæг (вариант)

Куырттаты зарæг (вариант)


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
(вариант)
Куырттаты уæздæттæ, ой, лæджы сæр уæ бахъуыди.
Ой, тох æрцыдис Куырттатыл,
Ой, дæлæ Куырттаты, дам, уæздæттæ
Уæйрæйдæ, дæлæ уæ паддзах æй загъта
Кæд, дам, уæзданы чиныг,
Ой, æмæ уæзданы чиныг, дам, сæмбæлдис.
Ойрæйдæ, уæрæйдæ, уæрæйдæ,
Куырттатæ лæгæвзæрстæй мæм-иу
Ой, лæгæвзæрстæй мæм-иу рацæут,
Уæллаг, дам, Куырттатæ
Ой, уæрæйдæ, 'мæ, дам, ойрæйдæ.
Паддзах сын сæ кад уæздандæр
Хабæрттæм æрæвæрдта.
Дæлæ ныртæккæ 'мæ сæм
Лæг рарвыста.
Рахон, дам, иу Куырттатæ, гъей.

Радзырдта йæ Хъæрджынты Сандыр Муссæйы фырт, 67-аздзыд, Лабæйы цæрæг. Ныффыста йæ Касаты Барис.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru