Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Аслæмбеджы зарæг

Аслæмбеджы зарæг


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
Апæйы цухъхъайæн æгънæджытæ æмæ сæхтæджытæ,
Аслæмбег дзуры йе 'фсымæр Будзимæ:
– Цом, цæрæнбæстæ нын нал у Хъобан:
Нæ фыдæрвадæлтæ нæм æрбакодтой æргæвдджытæ æмæ цæгъдджытæ*.

– Кæдæм фæлидзæм, ме 'фсымæр Аслæмбег?
– Фæлидзæм уæлæ Зазджыны коммæ.
Гъеуыцы ран ныккæндзыстæм нæхицæн
Фæлмæнгомау дурæй нывæрзæн æмæ къæй-гобан.

Гъеуырдыгæй нæ хъаджджынтæ сæххæст кæндзыстæм,
Нæ уæлдæйттæ дæр райсдзыстæм.
Бирæ уæлдай дæр нæ, хъæлæкк, никæмæуал баззади
Хъаныхъуаты хъуынджынхъус дынджыр Тæрæсы йеддæмæ.
Не 'ннæ знæгтæн хорз фæдæн бæргæ.

Къæхтысæры фыдæбон Дæргъæвсы фидтон,
Сæ фæйнæ мадыл сын бæргæ слиуырдтон.
Иу уидагæй дыууæ бæласы,
Фæлæ уæддæр, уæддæр уыцы
Хъуынджынхъус Тæрæс
Иу идадзæй нæ дыууæ фæласы.**

Джизийæн æфсæн гæнах сæ дзуары фæрцы;
Гъæ, мардзæ, Будзи,
Фæкæнын хъæуы Тæрæсæн
Тæрсæн гæрах йæ дуары сæрты.

Цæлхгæнæг Хуысинæ дурæй цалх кæны,
Будзи бадзуры:
– Тæрсæн гæрах дæр ын куыд фæкæнон, Аслæмбег?
Тæрæс йæ цъæх чызджытимæ
Йæ дуæрттæ хурæй сæхгæны.

Апæйы* сæныкк дагъæй ракасти
Иубон куы уыди, уæд Аслæмбег
Хъобаны рæгъаумæ рагъæй ракасти.
Уалынмæ лæджы зарын йæ хъустыл æрцыд:
– Рауай-ма, Будзи, дæлдæр æм ныццæуæм!
Лæг зарыд:
Гъей, куы нæуал фæразын хъисын уæлæфтау,
Хæлынхуд, хызынæфцæгæй,
Мæ къахы скъуыдтæй хæфсытæ куы уасы
Куы нæуал фæразын Тæрæсæн рæгъаугæсæй.
Уæ, мæнæ рæгъау,
Ме 'фсымæры амæттаг
Уæ Хуыцау скæна.
Ме 'фсымæртæ дæр
Мæ тæригъæдæй
Фæндараст ма фæуой!
Мæн ардыгæй чи нæ
Фервæзын кæны...

Аслæмбег æмæ Будзийæн
Сæ зæрдæ бауынгæг
Сæ мæгуыр æфсымæр Уæгъуыллæйы зарæгмæ.

– Ма тæрс, мауал тæрс,
Нæ мæгуыр æфсымæр,
Нæ мæгуыр Уæгъуыллæ.
Рæгъау дæлæрдæм, хъæдырдæм аздах,
Дæхæдæг уайгæ фæдисы,
Рагъæй ныхъхъæр кæн Хъаныхъуатæм:
«Фæдис! Уæ рæгъау уын фæтардæуы».

Тагъд-иу фæстæмæ!
Мах дæ хурныгуылды
Сæвæрдзыстæм Хъаныхъуаты
Тæрæсы бур ефсыл.

Уæгъыллæ ныззарыд:
Гъæй-гъæйтæ, уæйтæ, уæйтæ,
Æрдæг уæйтæ, уæллаг Хъобан!
Уайгæут, кæд лæгтæ стут, уæд:
Уæ рæгъау уын фæтардæуы!
Ныхасæй йæм схъæр кодтой:
Чи та нын сæ фæтæры?

Джизийы рæгъау сæ роды фырттæ, –
Ныззарыд Уæгъуыллæ,
Мæ фыдыстæн, уæ рæгъау уын
Фæтæрынц Цæлоны фырттæ.
Уæд Тъæрæс цæртты кæрцы
Йæхи хъарм æрбатухы
Æмæ дурыл æрбады:
Ма тæрсут:
Мæ бур ефс æгасæй
Уыцы рæгъау ничи атæрдзæн!

Тумæйы комы
Мæйдар æхсæв
Цæлоны фырттæ
Тъæрæсы рæгъау фæтæрынц.
Уæгъуыллæ Тъæрæсы
Бур ефсыл цырагъ даргæ
Рæгъауы разæй фæцæуы.
Мызуры аргæвстой
Нывонд урс галы
Хицауы æвастæй,
Рæгъау байуæрстой
Мызуры хъæубæстыл.
Галы хицау айста
Иу къорд галы æмæ иу къорд бæхы.
Хæрам ахаста уæддæр
Цæлоны фырттæм.

Аслæмбег ардыгæй (Мызурæй)
Уæгъуыллæйы рарвыста Санибамæ:
Куындыхаты Габайæн мын
Фехъусын кæн, Уæгъуыллæ,
Куыд мæм фæзына ардæм,
Хъасхъатаумæ* куыд фæцæуæм фос кæнынмæ.
Бахсæны дон сын
Балхъары бæсты.
Ракæнæд мын-иу Габа
Йемæ Дзалайы фырт Дзæрæхмæты**
Хъисын архъаны бæсты.

Уæгъуыллæ Санибамæ
Уыцы иу бон бахæццæ.
Дыггаг бон Габа æмæ
Дзæрæхмæт изæрæй уыдысты
Зæнджиаты уазæгдоны.
Габамæ уыди хъримаг æмæ
Дыууæ прангаг хæтæлы.
Аслæмбег ныххудти Габайыл:
Уæлдай гæрзтæй та цы кодтай?
Габа йæм фæмæсты:
Дæхи йеддæмæ гæрзтæ фæразын
Никæмæн æнхъæл дæ, æви цавæр у?
Араст сты Хъасхъатаумæ.
Иу ран Габа фездæхт фæсвæдмæ.

Мартъийы митæн йæ хъæпæн атади,
Йæ сæлæф баззади.
Куындыхаты Габайæн
Йæ уæлдай дамбаца
Йæ уæллæх баззади.
Ратардтой Хъасхъатауæй
Айдаболты Саулохы рæгъау.
Фæдис æрбаййæфтой Аслæмбеджы.
Хуссары бæлас цæгаты сæрмæ.
– Фæкæс-ма, мисынгуыбын Саулох,
Дæ карды сæрмæ.

Карды сæр æмæ нæмыг
Саулохæн иннæ фарсæй агæпп ластой.

Уæлладжыры комы Аслæмбеджы куы 'рбацæйхæссынц,
Уæд уæртæ Бутатæм Аслæмбег æмæ Будзийæн
Кæнгæ мад уыди.
Æртæ хæрæгыл хист рацæйхаста сæ мад йæ цæгатмæ
Æмæ амбæлд фæндагыл Аслæмбегыл.
– Цæй ми мын бакодтат, мæ бæрзонд хъæбултæ? –
Ныххоста сæ мад йæ уæрджытæ,
Кæй фæстæ ма акæсдзынæн,
Хæрз дзæгъæлæй мæ куы ныууагътат.
Кæм мын амардтат Аслæмбеджы?

– Дæ марды кой уал бакæн,
Нана, дзуры йæм Аслæмбег,
Стæй мæм фæзын Зæнджиаты Ахмæты уазæгдонмæ. –
Уый адыл фосгæнджытæ æмæ ус фæхицæн сты.

Уæд Аслæмбег дзуры:
– Адзурут мæ мадмæ.
Ус æм æрбаздæхт.
– Нана, – дзуры Аслæмбег,
Адзал – Хуыцауы хъуыддаг: дзæбæхæй ма фендзыстæм,
Уый бæрæг нæу, æмæ дæ къухæй цы цæхх, цы кæрдзын
Бахордтон, уый мын схæлар кæн.

Аслæмбеджы бавæрдтой (йæ сыджытыл)
Зæнджиаты зæппадзы Мызуры.

Радзырдта йæ Алыккаты Бечыр Аслæмырзæйы фырт, 33-аздзыд, 1923 аз, Хъобан. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко, 1923 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор 30–15, папкæ 73, ф.184–190.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru