Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Бæтæйы фыртты зарæг

Бæтæйы фыртты зарæг


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
Уæртæ Бæтæйы фырттæ
Дыууæ Хъобаны астæу
Гыццылтæй куы баззадысты.
Гыццылтæй, зæгъы, бахъомыл сты
Бæтæйы фырттæ.
Сæ мад Цæлон сæ уæд
Курæггаг къæбæртæй куы схъомыл кодта, уæй.
Уартæ, зæгъы, сæ мад Цæлон, загъта,
Куы рамардис, мæ бон,
Сæ мад Цæлон, зæгъы,
Куы рамарди.
Сæ мад Цæлонæн
Хист куы кодтой
Бæтæйы фырттæ, гъей,
Сæ мад Цæлонæн, зæгъы,
Хист куы кодтой.
Уартæ Хъаныхъуатæй,
Дынджыр Тъæрæс кæй хуыдтой,
Дынджыр Тъæрæс,
Цъæх бæх куы 'рбаздæхта,
Дзаг фынгтæ, зæгъы, куы ныппырх кодта.
Ацы бартæ, дам,
Чи радта Цæлоны фырттæн?
Гъей, Бæтæйы фырттæ, зæгъы, гъей,
Кæрæдзимæ куы бакæсынц:
– Цæй, ныр цы бакæнæм
Нæ цæххы уæлхъус
Куыд сынад кæнæм,
Нæ цæхх æмæ нæ кæрдзыны уæлхъус?
Гъей, махæн дæр, дам,
Боны раз æрцæудзæнис, зæгъгæ,
Дыууæ лæппуйы
Кæрæдзимæ куы бакастысты, ой!
Æнæбадт байрæгтæ, зæгъы,
Куы балхæдтой
Æмæ сæ хæссынтæ куы райдыдтой.
Цæй, искуы, дам, уартæ
Тъæрæсы мад дæр рамæлдзæн.
Уалынмæ иукъорд заманты фæстæ
Тъæрæсы мад дæр куы рамардис, æмæ
Гъей, кæрæдзимæ хæрзæггурæггæгтæ фæуадысты,
Махæн, дæр, дам,
Абон нæ бон куы у,
Нæ бон, нæ бон, зæгъгæ.
Уæртæ Хъаныхъуаты дынджыр хистмæ
Куы баскъæрдтой, гъей,
Æнæбадт байрæгтыл
Куы сбадтысты, уæртæ, загъта, Будзи æмæ Аслæмбег
Кæй хонынц, гъе.
Гъеуыцы ран, зæгъы,
Зазы уæлхъусмæ батардтой
Сæ бæхтæ, зæгъгæ.
Уæй, нæ бæхты цæрæнбон уал, зæгъы
Æппæты разæй басидæм,
Стæй уый фæстæ Хъаныхъуатæй
Раст чи кодта,
Уыдон рухсаг уæнт,
Аннæтæ дæлæмæ ныххауæнт, зæгъгæ.
Гъеуырдыгæй, зæгъы,
Уыцы бон ацыдысты
Абырæг, мæ бон,
Уартæ фæлыгъдысты
Уырдыгæй, хæтынтæ байдыдтой, загъта.

Радзырдта йæ Томайты Мысырби, 70-аздзыд, 27 июнь, 1974 аз, Къора. Ныффыстой йæ Дзуццаты Ритæ æмæ Бызыккаты Тамарæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет. Уырыссаг литературæйы кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru