Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Бæтæйы фыртты зарæг (вариант)

Бæтæйы фыртты зарæг (вариант)


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
(Вариант)

Гъей, гъей, гъей, цæрын нæ куынæуал уадзынц
Ацы уæздæттæ, гъей!
Ой, æмæ, ой, цы кæнæм!
Гъей, гъей, кæвдæсарды цардæй
Куынæуал фæразæм, гъей!
Ой, уæдæ, дарддæр та куыд цæрæм,
Ойти æмæ уæрæйдæ,
Ой, ам нын цæрæн бæстæ
Куынæуал и, загътой, гъей!

Цæй-ма, цæй, ацæуæм, уæдæ, Будзи,
Ацæуæм Уæлладжыры коммæ, гъей!
Ойтæ 'мæ, ой, фæцæуæм,
Ой, нæ мадырвадæлтæм,
Цæлойтæм, уæдæ, гъей!
Ойтæ, уæрæйдæ, ох-мардзæ,
Цæй, уæдæ, фæцæуæм...
Ой, – Будзи бадзуры Аслæмбегмæ, гъей,
– Ой, тæрсын, Цæлойтæ нæ
Цыма нæ бахъахъхъæндзысты, гъей!
– Ой æмæ, ой, цæй тыххæй?
– Ой, æнæсæрæн авд æфсымæрæй,
Адæджы бын куы фесты, гъей!
Афтæ, мæ хур, афтæ, Будзи.
Адæджы бын фесты;
Гъей, нæхи бакæнæм
Стыр мыггаг Зæнджиаты уазæг.

«Зарджыты чиныг», Орджоникидзе, 1942, ф. 97–98.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru