Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Бадилаты зæронд зарæг

Бадилаты зæронд зарæг


8 января 2011. Разместил: 00mN1ck
Уæй, æмæ Бадилатæ куы 'рбамбырд вæййынц,
Куы 'рбамбырд вæййынц рæсугъд цъæх фæзмæ,
Сæ бæхтæ дæр хæрзарæзтæй
Сæ фарсмæ уым куы лæууынц.
Хъарадзауты Мысырби дын
Куы бадзуры йæ кæстæртæм:
– Фæцæуæм та, цæй, мæ хуртæ,
Тых кæнынмæ Уæлладжырмæ!
Æртæрæм дзы стыр дзугтæ,
Нæ хистæртæн скад кæнæм,
Уæд афтæмæй куы рацæуынц
Лæгæвзæрстæй Бадилатæ,
Уæлладжырмæ куы бацæуынц,
Сæ нард бæхтыл куы рахъазынц;
Уæлладжыры рæгъæуттæ дын
Сæ разæй уæд куы раскъæрынц,
Заргæ, заргæ куы рацæуынц,
Сæ хъал бæхтыл куы рахъазынц.
Бадилатæ куы 'рхæццæ сты
Уæлладжыры Бызыбынмæ.
Бызыхъæуæй, дын, комырдæм
Уæд Бутатæй иу нæуæг чындз
Дон хæссынмæ куы 'рцæйцыди.
Бадилаты куы ауыдта.
Фæстæмæ дын куы фездæхти,
Куы сызгъордта сæ хæдзармæ,
Æвзонг лæппу-сабимæ дын
Куы бадзырдта уый сабыргай:
– Ысдзур, мæ хур, нæ дадамæ,
Куы рацæуынц тыхгæнджытæ.
Уæд бадзуры сæ зæронд лæг
Сæ уайсадæг нæуæг чындзмæ:
– Уайсадыны сæр нал хъæуы,
Нæ фæсивæд уыгæрдæнтæм
Хоскæрдынмæ фæцыдысты...
Тыхгæнджыты фæхъахъхъæ, чындз,
Кæд фыййæуттæ сæ рæгъæуттæ,
Мыййаг, мæ хур, æрбаскъæрынц.
Зæрондмæ дын сæ нæуæг чындз
Уæд уайсадын куы фæуагъта:
– Ыстыр дзугты сæ хъал бæхтыл
Куы фескъæрынц тыхгæнджытæ,
Нæ хъоммæ дæр фæлæбурдтой
Фæтæрынц сæ сæ дзугтимæ.
Зæронд лæг дын уæд дураууон
куы рабадтис æд хъыримаг,
Гæрæхтæ дын куы райдыдта
Тыхгæнджыты – Бадилаты.
Фыццаг æхстæн куы рахауди
Йæ хъал бæхæй сæ раздзæуæг
Хъарадзауты хъал Мысырби.
Бадилатæ уынгæг кæмтты
Куы лыгъдысты æмхæццæйæ,
Куы ныууагътой стыр дзугтæ
Бызыбыны, уынгæг комы.

Радзырдта йæ Дулаты Ахболат, 1936 аз, 12 сентябрь, Куырттат, Хидыхъус. Ныффыста йæ Плиты Харитон.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 10–11.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru