Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Цорæты Алиханы зарæг

Цорæты Алиханы зарæг


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
(Кæсæджы бæхгæс. Æлдар ын æхца нæ лæвæрдта, æмæ йæ уæд бæхгæс амардта)


Ой, æмæ, дам, Цорæты Алихан,
Ей, Цорæты Алихан,
Ей, мæнæ та лæджы сæр бахъуыди.
Ей, уæдæ, ей, Цорæты Алихан,
Уæй, тох, ой, тох æмæ тох,
Тохы боны гуырд.
Ой, уæдæ, мæрдты рухсаг æрбауай,
Рæгъаугæс Алихан.
Гъей, æмæ, дам, Браны быны уæззаугæнæн,
Уæ зæрдæ мæм ма æхсайæд, ме 'мгæрттæ,
Æз мæ туг райстон уæздан лæгæй.
Арыхъхъы рагъыл сусхъæд хæрис.
Ныр ацы гауыртæ æргомæй сæ ныфс нæ хæссынц,
Фæлæ мæ сæййафы сусæг фæдис.
Горæты – сауджын æлдартæ.
Ацы зарæг мыл ныккодтой мæ адджын æмгартæ...

Радзырдта йæ Гусаты Хатъо. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт, 1938 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 9.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru