Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Пухаты Иликъо

Пухаты Иликъо


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
Дзæнæты бадай,
Дзæнæты бадай,
Пухаты Иликъо,
Уæй, уæрæйдæ, ой!
Дзæнæты бадай,
Пухаты Иликъо.
Адæмы тыххæй,
Мæгуырты тыххæй,
Æлдæртты цагътай, –
Уæй, уæрæйдæ, ой!
Адæмы тыххæй
Æлдæртты цагътай,
Фынгтæ самадтай,
Фынгтæ самадтай
Сыгъдæг мохъотæй,
Уæй, уæрæйдæ, ой!
Фынгтæ самадтай
Сыгъдæг мохъотæй.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 21.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru