Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Берозты Тотырадзы зарæг

Берозты Тотырадзы зарæг


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
Уартæ, дам, хохæй иу мæгуыр зæронд лæг
Берозты Тотырадз куы рараст вæййы.
Йæ сабиты йæ дзæкъулы куы нывæры,
Афтæмæй куыстагур куы рараст вæййы.
Хъæуæй хъæумæ цыди, сыхæй сыхмæ цыди.
Фысым ын нæ уыди, æрцыд Заманхъулмæ:
– Ам уæм хуыздæр фысым чи разындзæни?
Ныхасы адæм Тотырадзæн куы загътой:
– Хъуысаты Хъасайæ хуыздæр ничи уыдзæн.
Уæд Тотырадз уынгты фæрсгæ-фæрсгæ ацыди
Æмæ бараст и Хъасайы кæртмæ.
Кæрты æрлæууыди, Хъасай йæм рауади;
Уæд, дын, æм Берозы-фырт Тотырадз бадзуры:
– Ам дæуæй хуыздæр уазæгæн никæй хонынц.
– Мидæмæ, уазæг, дуармæ цæмæн лæууыс?
Тотырадз дæр дын хæдзармæ куы бараст и,
Æмæ йын Хъуысаты Хъасай куы загъта:
– Цæй фыдцæрдтыты бахаудтæ, Берозы-фырт?
Иучысыл Хъасаймæ ацардысты, стæй уæд
Тотырадз хъомгæс ныллæууынвæнд скодта,
Цæмæй схæсса йæ сидзæр сабиты.
Хъæубæсты хъомгæс куы ныллæууыди.
Хъом Кæрдойыкоммæ аскъæрдта;
Бонрæфты-иу фос ривæд куы кодтой,
Уæд-иу Тотырадз та уадындзæй цагъта.
Уалынмæ чындзхæсджытæ 'рбацыдысты
Кæсгон фæсивæд, хæрзифтонг дарæсæй.
Сæ размæ дын иу ус уæд куы разгъордта,
Уынджы астæу сæм афтæ бадзуры:
– Ирон адæмæй мын мæ лæджы туг чи райса,
Уымæн куы ратдзынæн мæ чызджыты хуыздæры.
– Мах дын, уæдæ, райсдзыстæм дæ лæджы туг, –
Куы бадзырдтой уыцы усмæ Кæсæджы 'лдæрттæ.
Кæрдойы комы Тотырадзыл сæмбæлдысты.
– Немæ чындзхæссæг рацу, – загътой Тотырадзæн.
– Уæ цæрæнбон бирæ, уæздан фæсивæд,
Æз мæ хъом дзæгъæлы нæ ныууадздзынæн,
Æнæ уый дæр мæгуыр, зæронд лæг куы дæн,
Æз уын цæй чындзхæссæгæн бæззын.
Уæд дын æй тыххæй бæхмæ куы баппæрстой,
Тæхынтæ куы байдыдтой Кæсæджы уæздæттæ.
Тотырадз дын уæд бæхы тæнтæ 'рбалвæста.
Барæг дын иннæты фæстæ куы аззадис;
Зæронд Тотырадз ын йæ дамбаца сласта,
Æмæ йын æй йæ къæбутыл куы ныццавта.
Кæсгон æлдар бæхæй расхъиудта.
Зæронд Тотырадз фæстæмæ раздæхти.
Иннæ уæздæттæ йæ фæстæмæ расырдтой
Æмæ йæ баййæфтой иу обауы сæр.
Уыцы ран дын хæцынтæ куы байдыдтой.
Тотырадз æлдæрттæй бирæты ныццагъта,
Фæлæ йæхæдæг дæр уыцы ран фæмарди
Берозты мæгуыр зæронд Тотырадз.

Радзырдта йæ Наниты Сергей, 24 сентябрь, 1936 аз. Ныффыста йæ Плиты Харитон.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25, папкæ 71, ф. 12–13.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru