Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Акимы зарæг (вариант)

Акимы зарæг (вариант)


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Гъей, дзæнæты фæбадай, Тотийы-фырт чысыл Аким,
Уой, тох, дзæнæты фæбадай!
Æрыдоны сæрыл дыууæ урс хъуазы...
Гъей, цæуылнæ мын ауадзут мæ дыууæ урс галы?
Гъей, Хетæджы кувинаг уæллаг лæгты тыххæй,
Цæуылнæ мæ ауадзут мæ уалдзæджы куыстæй?!

Терчы былыл æнкъуысгæ хæристæ,
Бæргæ ма ныккодтон æххуырсгæ фæдистæ...
Гæналы цæуæнтæ Елхоты нарджытæ...
Уæй, тæхуды, йæ къона, чи ма фехъуса
Йæ мады æмæ йæ хоты хъарджытæ!

Уæй, Карцайæн та мын йæ сыгъды рæгътæ!..
Рахæссут-ма мын Идайы куыройæ
Мæ сырды мæрдтæ!..
Терчы былыл мын æртæ урс дуры.
Мæхи цæстæй кæй федтон,
Уыдонæй бæргæ арвыстон сыджытмæ æртæ усгуры.

Сечъийы сæныкк цъитийыл баззади,
Мæ гыццыл тугисæг дзидзийыл баззади.

Радзырдта йæ Дзукаты Захар Григорийы фырт.
Bluten der osetiscen Volksdichtung Jesammelt, ubersetzt und vit Anverkungen erlautert vjn Dr. Bernhard Munkacsi, Budapest, 1932, ф. 162–164.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru