Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Акимы зарæг (вариант)

Акимы зарæг (вариант)


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
(вариант)

Ой, нæ хæхбæстæ нæ, ой, куы нæ 'фсады хорæй,
Ой, хорз Аким бадзуры: – Ой, цон фæцæуон
Дæлæ быдырмæ хор ласынмæ, гъей, тох.

Ой, Ходы къуылдымтæ, ой, дæлæмæ куы лæсынц,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Ауадзут мæ, мæнмæ мæ сабитæ æнхъæлмæ куы кæсынц, гъей!

Ой,Алагиры делянкæ, ой, хæрис-хъæд куы кæны,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Мæнæн мæ берданкæ дæлæ Цъыфджыны фæдисхъæр куы кæны, гъей!

Ой, ныхасы хæрд цын, ой, цъæх ихæй баззади, ой,
Хорз Аким бадзуры:
– Мæнæн мæ тохы зарæгмæ,
Отарайы фырт Борадзауы фыртимæ
Цæй джихæй баззади, гъей, тох!

Ой, Елхоты дзедыр стыхст йæ хъæддаг балтимæ,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Ауадзут-ма мæ, мæ мæллæг бæх, фæллад галтимæ!

Ой, Уæлладжыры фæндаг уартæ онæй рабарстой,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Мæнæн мæ сырды мæрдтæ дæлæ донæй раластой,ой, тох!

Ой, Нузалæй фалæмæ, ой, сæ комы нарджытæ:
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Дæлæ Цъыфджыны мæ сусæг марджытæ, гъей, тох!

Ой, Нузалы хъæды, ой, Битарты Гæбисы хъæдæрмæг,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Мæнæн чи фæуыдзæн уæртæ Нузалмæ
Фæдисы хъæргæнæг, гъей, тох!
Ой, фæззыгон мигъбон мын, ой, мæ фæндаг æрцахста,
Ой, хорз Аким бадзуры:
– Мæн Гозымы-фырт фæстейæ æрбахста, гъей, тох!

Ой, Къарцайы бынмæ, ой, сæ сыгъды рæгътæ сты,
Ей, хорз Аким бадзуры:
– Мæ сырды мæрдтæ Дзæрæхохты
Идæйы куыройы сты, гъей, тох!

Радзырдта йæ Хъайттаты Буца, 1987 аз, Црау.
Ныффыста йæ Созæты Изабеллæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru