Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Ларсаг Хъуыдайнаты зарæг

Ларсаг Хъуыдайнаты зарæг


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
Æз, дам, ларсаг куы дæн,
Ой-йæ, ларсаг Хъуыдайнат,
Уæй, тох, уæрæйдæ, ой, уæрæйдæ,
Ой, ой, ларсаг, дам, Хъуыдайнат.

Дæлæ кæсгон æлдар,
Ой-ой, æрбацæуы, зæгъы,
Уæй, тох, æд æфсад æрбацæуы,
Ой, ой, ларсаг, дам, Хъуыдайнат, гъей!

Уæд дын иубон куы уыди,
О-ой, быдыры астæу,
Уæй, тох, зæгъы, æлдары æфсæдтæ,
Ой, ой, ламазыл æрбадтысты, гъей!

Ларсаг Хъуыдайнат, дам,
Ой, Еналдыйæн зæгъы:
– Уæй, тох, акæс-ма, Еналды,
Ой, ой, цы барджытæ, дам, сты, гъей!

Кæд, дам, дæлæ Теркæн,
О-ой, йе 'рфыты цæуой,
Уæд, дам, тыхгæнджытæ, ой, куы сты,
Ой, ой, дзæнæты фæбадай, гъей!

Кæд, дам, дæлæ Теркæн,
Ой, йæ тæнджыты цæуой,
Уæд, дам, тæрсгæ сæ, ой, ма кæнут,
Ой, ой, хъæбатыр гуырд Хъуыдайнат, гъей.

Еналды йæм дзуры:
– О-ой, не сæфт куы 'рцыди,
Уæй, тох, æрбацæуынц, зæгъ, Хъуыдайнат,
О-ой, донæн йæ тæккæ арфы, гъей!
Тæрсын сæ куы хъæуы.
– Тæрсгæ ма кæн, Еналды
Уæй, тох, уалынмæ, зæгъ, сæ бæхтæй.
О-ой, куы рагæппытæ кæнынц, гъей!

Гæрæхтæ райдайынц,
О-ой, рæйдæ-уæрирæ,
Уæй тох, Еналды, зæгъ, бадзуры,
О-ой, цæгъдгæ, дам, куы кæнынц, гъей!

Кæсгон æлдары, дам,
Ой, Еналды раппары,
Уæй, тох, саргъæй, зæгъ, куы расхъиуы,
О-ой, саргъæй, зæгъ, куы расхъиуы, гъей!

Уæд æй йе 'мбæлттæ, зæгъы,
Ой, дыууадæс барæгæй,
Уæй, тох, тыххæй, зæгъ, куы 'рбабырсынц,
О-ой, дзæнæты, дам, фæбадай, гъей!

Гæрæхтæ райдайынц,
О-ой, йæ туджы цадæй,
Уæй, тох, æлдары, зæгъ, раскъæфынц,
О-ой, тох ныккодтай Хъуыдайнат, гъей!

Иннæтæ иууылдæр,
Ой-ой, уым куы баззайынц.
Уæй, тох, уæрæйдæ, ой, уæрæйдæ,
О-ой,хъæбатыр, зæгъ, Хъуыдайнат, гъей!

Радзырдта йæ Плиты Абел, июнь, 1938 аз, Хуссар Ирыстон, Ручъы хъæу. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 24, папкæ 71, ф. 42–43.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru