Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Биасланти зар

Биасланти зар


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
Биаслантæ рамбурд æнцæ Ахкемамæ;
Уарæйди-гъа-райди-гъай!*
Фæндитæ ма фæнди сæртæ ку кодтонцæ:
– Мæнæ нæмæ иссæунцæ сау гйауртæ,
Нæ хуарз æгъдæуттæ нин ихалдзæнæнцæ;
Не 'стур фæндон будуртæ дæр нин есдзæнæнцæ;
Не 'стур бæхæргъæуттæ нин гъæурæбунтæмæ искæндзæнæнцæ,
Етæ сæ кæрæдзей даргъ барцæ
'Ма даргъ думгутæ хуæрдзæнæнцæ.
Йа-мардзæ, ма суадзæн сæ нæхемæ!
Нæ хъæбæр æгъдаугин силгоймæгтæ
Уони гъæунгти бæгъæнсæрттæй хæтдзæнæнцæ!
Уалæнмæ ба сæ фæдесгъæргæнæг æрбахъæрттæй,
Ку фæззинуй, ку нигъгъæр кæнуй:
– Фæдес, фæдес, Биаслантæ!
Терки билæбæл æнахур адæмæй байдзаг æй,
Терки билæбæл истур хъамилæ бунтæй кæрдунмæ,
Сæхецæн æй тар уосæнгтæ кæнунцæ,
Биаслантæ дæр рарвистонцæ
Алли гъæумæ фæдесгъæргæнæг.
Æргиунгæги тар хæрæ мегъæ ниббадтæй;
Тар хæрæ мегъи сæрти сау халæнттæ тахтæй.
Тар хæрæ мегъæ н' адтæй,
Фал Биасланти уонæхсар фæсевæди
Бæхти хъуæцæ адтæй.
Сау халæнттæ дæр н' адтæнцæ,
Фал, сæ бæхти къæхтæй сигит
Ке калдтонцæ, е адтæй.

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 15 ноябрь, 1922 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., оп.1, папкæ 13, ф. 14–15.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru