Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъубадти бор Бекмæрзай зар

Хъубадти бор Бекмæрзай зар


5 апреля 2011. Разместил: 00mN1ck
Биаслантæ Терки билтæбæл
Æртæ рауæнеми æртæ 'мбурди æрцæнцæ.
Рарвистонцæ Асий хонхмæ фæдесгъæргæнæг;
Ири хуæнхтæмæ дæр рарвистонцæ фæдесгъæргæнæг:
– Мæнæ н' астæумæ æнахур адæм
Цæун байдæдта, æма сæ ма суадзæн!
Етæ махæн не 'сæвди адæм уодзæнæнцæ!
Еци хуæнхтæй цъеу тæхæг,
Халон тæхæг дæр нæ фæцæй.
Дигори хонхæй уаллон берæгъ
Рацудæй минги къуари хæтдзæ;
Бони цъæхи Æргиунгæгмæ ниххæццæ 'й.
Биасланти æмбурд имæ Æрхæси билæй кастæнцæ,
Таурæхътæ ибæл кодтонцæ:
– Уæлæ Æргиунгæги еу бæхгин æрцудæй,
Минги къуард æ фæсте, уотемæй.
Ци дессаг уодзæнæй йе,
Уаллон берæгъи цуд кæнуй?
Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо
Æ нимæти бунæй ракастæй:
– Йе æцæг æй,
Еунæгæй уаллон берæгъи хатт ка кæнуй,
Хъубадти Амурхани фурт бор Бекмæрза 'й!
Æрхъæрттæй се стур æмбурдмæ халасдзагъдæй:
– Фарнæ уæд уе 'мбурди, Биаслантæ!
Дигорон лæг хабарбæл рæхги фæрсагæ 'й,
Хабартæ мин радзоретæ,
Æз фæдесон дæн!
Хабартæ ин радзурдтонцæ.
Уæдта сæмæ Æхсæри къохæй
Фæдесгъæргæнæг æрбахæццæ 'й:
– Хъæбæр берæ æнахур адæмтæ
Æхсæри къохи æрæнцадæнцæ,
Сæхебæл уæрдун бурæутæ æркодтонцæ,
Сæ рæзти цъеутæхæг, халонтæхæг дæр
Нæбал уадзунцæ,
Биасланти заманай уонæхсар фæсевæд
Ниггур-гур кодтонцæ.
Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо ма сæ фæсте дзоруй:
Йетæ сæ топпитæ берæ фæттæй ефтиндзунцæ,
Унаффæ бакæнун гъæуй!
Хъубадти Бекмæрза йимæ дзоруй:
– Гъе, ме 'рдхуард æнгарæ,
Хатъохчихъоти минги Хатъохчихъо!
Берæ фæттæ дæр маргæ кæндзæнæнцæ,
Йеунæг фат дæр маргæ кæндзæнæй!
Бацудæнцæ, æма æ фунукхуз бæхæн
Æртæ цæфи никкодта.
Ехси гъæртæ топпи гъæрти хузæн фегъустонцæ;
Бæх уæрдуни сæрти балæуерун кодта;
Йеци истур æнахур адæми астæу кардæлвастæй равзурстæй.
Цалдæнмæ сæхецæн над кодтонцæ,
Уалдæнмæ сæ дессæгтæ никкодта:
– Гъæй, берæ фæццæрай,
Хъубадти Амурхани фурт бор Бекмæрза,
Уæхæн хъарæ кæмæн ес!

Радзырдта йæ Хъубадты Елхъан Хъурманы фырт, 21 мартъи, 1926 аз. Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Дзагурти Губади.
ЦИГСИИ-йы архив, фонд Дзагурова Г.А., опись 1, папкæ 13, ф. 95–96.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru