Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хазбийы зарæг (вариант)

Хазбийы зарæг (вариант)


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ой Хазби, комынарæджы
Джиауыртæ 'рбацæуынц, уæдæ.
Ой, сæ фæндаг сын сæхгæнæм,
Кæннод худинаг куы уыдзæн, гъей!

Ой, уæдæ, Хазби, дам, куы бадзуры:
– Нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ
Хæхтыл æрцардысты
Æмæ сæрибары тох кодтой, гъе!

Уæдмæ хабар куы 'рбахæццæ вæййы:
Дæлæ, дам, знæгтæ комынарæджы æрбацæуынц
Се 'рцытæй къæдзæхтæ халгæйæ,
Топпыхосы фæздæг калгæйæ, гъей!

Ныр Хазби бæргæ бадзуры:
– Ой, нана, дысоны 'хсæв дын
Диссаджы фынтæ куы федтон,
Цыма раст комынарæджы
Лыстæг къæвда фæзынди, гъей!

Æмæ мæсыгæй махырдæм
Дыууæ хæрзрæсугъд бæлоны
Кæрæдзи пакъуы тонгæйæ,
Ой, куы ратахтысты, уæдæ, гъей!

Нæ сау хъугæн дæр, дын, уæдæ,
Йæ къæлæт йе 'фцæджы кондæй,
Афтæмæй дын куы ныууасыди
Далæ дыууæ доны астæумæ, уæй!

Уый-иу куы ныббогъ-богъ кодта,
Уыдон цы фынтæ уыдзысты,
Цавæр диссаг сты, нана?
– Ой, нана дæ нывонд фæуа,
Æвзæр фынтæ мын куы федтай,
Ой, æвзæр фынтæ, Хазби, ей!

Абон, дам, сабатбон куы у,
Иннæ сабатбон, зæгъы,
Комы джауыртæ фæзындзысты
Æмæ дæ куы рамардзысты, ей!

Дæ дыууæ хойы дæ размæ
Сæ кæрæдзийы дзыккутæ
Тонгæйæ куы рацæудзысты,
Дæ зæронд мад дæр йе 'фцæджы
Йæ сау рæхыс куы 'рыфтаудзæни, гъей!

Дæ размæ куы рацæудзæни
Иронвæндаг кæнгæйæ, гъей!
Фæдисы æрвитын хъæуы
Уæлæ Уæлладжырмæ, гъей!

Хазби, дам, фæдзæхсы
Фæдисон лæппутæн:
Куырттаты хуымтæ, дам,
Дыггагмæ рувинаг.
Чи, зæгъ, нæ рацæуа
Сау тохы цæхæрмæ –
Мыггагмæ худинаг!

Фæдисон, дам, фæстæмæ раздæхы
Ой, æмæ, дам, Уæлладжырæн
Сæ Рекомы бон у, гъей!
Санибамæ дæр, дам, уæдæ,
Ой, фæбæрæг кæнын хъæуы,
Фæдисы, зæгъгæ, рацæут, гъей!

Фæдисон фæстæмæ æрбаздæхт,
Ой, Саниба дæр, дам, загъта,
Сæ Рекомы куы бадынц, гъей!
Ой, Алыккатьы хорз Хазби,
Дæ мадæн дæр, дам, иунæгæй,
Ой, уæдæ ды куы райгуырдтæ, ой!
Ой, æмæ, зæгъы, хæстмæ дæр
Цалдæр æмбалимæ куы цæуыс.

Хазби, дам, бадзуры:
– Хорз бæх та цæмæй у?
– Саргъ æмæ идонæй.
– Уæд хæстон лæппу та цæмæй у?
– Кард æмæ ливорæй!

Куырттаты фæсивæдимæ
Абхазы æфсады ныхмæ
Хъæбатыр тох куы самадтой,
Паддзахы æфсæдтæй
Бирæты куы амардтой.
Йе 'рдхорд æфсымæр Хъæсаимæ
Ой, кæд йæ цард снывонд кодта,
Йæ уарзон адæмы сæрыл, ой!

Ныр ыл кады зарджытæ
Нæ дзыллæ куы бакæнынц
Дзæнæты бадай, дзæнæты,
Алыккаты сахъ Хазби!

Радзырдта йæ Наниты Сергей, Алагир. Ныффыста йæ Плиты Харитон. «Ирон адæмон сфæлдыстад». Дзæуджыхъæу, 1949, ф. 246–249

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru