Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хазби (зæронд мотив)

Хазби (зæронд мотив)


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ей Хазби, хæсты тох, айтт-мардзæ, хорз Хазби!
– Дысон æхсæв дын цы фынтæ рауыдтон, нана.
Ой, уæрæйдæ, ой, мæ фыццаг фын, дам, ууыл куы уыди:
Цыма бонæмбис нæ сау хъуг уасгæ-уасгæ æрцыди нæ кæртмæ,
Мæ дыккаг фын та уый уыдис, æмæ нæ уæлкъæсæрмæ
Дыууæ æхсинæджы хъуыр-хъуыргæнгæ кæрæдзийы пакъуы куы тыдтой.
Райсомы мад куы ныккуыдта: – Мæ къона байхæлд,
Мæ хъуджы уаст уый у, æмæ дæ ныййарæг мæт-мард кæндзæни.
Дæ дыккаг фын, æхсинтæ та уый ысты, æмæ дæ дыууæ хойы
Кæрæдзийы сæрыхъуынтæ бындзыггай тондзысты. –
Æфсæдтæ куы æрбацæйцыдысты, уæд Хазби сæ размæ рацыди.
Хъаныхъуаты Тъæрæс рацыди Хазбимæ, сыхсы тыдта æмæ хæст
Куы стынг, уæд Тъæрæс фесæфт.
Уæд Хазби æртæ коммæ арвыста фæдисы хъæргæнæг.
Фыццаг Санибагоммæ, уыдонæн кæрдæгхæссæн Рекомы бон уыдис,
Хъаныхъуатæ, Куындыхатæ, Слонатæ куывды бадтысты.
Сæ уайсадæг чындзы минæвар скодтой, уый, зæгъгæ, цавæр барæг у?
Уæд фæстæмæ чындз бахаста хабар: «Æфсæдтæ æрбацæуынц!»
Фæдисы рарвыста Хазби, хæцы æфсæдтимæ.
Уырдыгæй рараст Тменыхъæумæ фæдисон – Хазбийы æрвыст,
Майрæмыхъæумæ араст.
Сæ зæрæдтæ фыс фист кæнынмæ, Майрæмыхъæуы Смалиаты зæрæдтæ
Фæдисоны куы федтой, уæд рараст сты хист хæрынмæ.
Сау хохæй цæргæс ратахт æд лæппынтæ, Есенаты хорз Беслæн
Рараст хæстмæ æд лæппутæ.
Фæдисон Дæргъæвсы зилгæ рацыд.
Куырттатмæ æрхæццæ, Уæд дардтой фидиуæг, уый ныхъхъæр кодта...
Хазби мæ рарвыста фæдисы: Уырысы æфсæдтæ
Æрбацæуынц Хъобангоммæ!
Уæд Куырттатæ фæдисы срæвдз кодтой,
Уæд сæхи Абæты Бекон йæ гал æвзарынмæ
Куырттаты ком фæдисы рараст сты алчи дæр йæ кард æвзарынмæ
Лæджы хуымтæ иу хæсæй.
Æппæты фыццаг хæсты Цæлыккаты иу Хъæссæй.

Радзырдта йæ Бæрæзгаты Майрæм, ныффыста йæ Плиты Харитон.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 25–9, папкæ № 13, ф.2.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru