Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дунайы хæсты хабар

Дунайы хæсты хабар


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ой, ой, Дунаймæ фæцæуæм,
Ой, нæ Иры лæппутæ, мардзæ,
Дæлæ Дунайы хæстмæ,
Нæ Иры лæппутæ, ой, тох!

О-ой, дардмæ цæудзыстæм,
Ой, дардæй, дам, цæудзыстæм.
Цæллагты Дзыба афтæ куы дзуры, ой, тох,
Мах, дам, дæлæ Дунайы хæсты
Ой, размæ куы цæуæм,
Нæ Иры лæппутæ, ой, тох!

О-ой, куырдадзы дзæбуг, ой, йæ тигъыл сæмбæлди,
Томайты Тæтæрхъан дзуры, ой, тох,
Æз, дам, ацы хæстæй,
Ой, нал ацæудзынæн, мардзæ,
Мæнæн туркаджы нæмыг
Мæ риуыл, дам, сæмбæлди, ой, тох.

О-ой, дæлæ, дам, хъæддзау
Иугай бæласæй дыгæйттæ куы калы,
Дыгæйттæ куы калы, ой, тох,
Ой, Датиты Гаппо, уæй,
Тæтæрхъаны тыххæй,
Ой, Дунайы хæсты, ой, иугай гæрæхтæй,
Иугай гæрæхтæй, ой, дыгæйттæ куы мары.

Ой, тох, тох ныл æрцыди
Мæнæ Дунайы хæсты.
О-ой, мардзæ, Хъобангомæй сырх пысыра схастой,
Уæд нæ Иры лæппутæ
Дæлæ Дунайы хæстæй, ой,
Уæд цытджын тырыса ысхастой,
Ой, тох æрцыди Дунайы, дам, хæсты, ой, тох.

Азарыди йæ Есенаты зарæггæнæг. Йемæ зарыдысты (хъырныдтой йын) Кæсæбийы-фырт, Саламы-фырт,Бигъайы-фырт. Ныффыста йæ Габысаты Светланæ Зелиманы чызг, 27 мартъи, 1962 аз, Дзæуджыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, оп. 1, дело 8. ф. 19.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru