Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Томайты Тæтæрхъан

Томайты Тæтæрхъан


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Гъей, Дунайы дон, дам, хъамылтæ фæласта,
Ой, тох, тох-тох.
Ацы дзуттаг, дам, Дунайы хæстмæ хъаматæ фæласта.

Дзуццаты гуыдыр, дам, дæгъæлæй бачынди.
Дæ сау ныййарæг, дам, Ручъы 'хсæн дзæгъæлæй баззади.

Сæууон хур, дам, Хъæриуыл сæмбæлди.
Туркаджы нæмыг, дам, мæ риуыл сæмбæлди.

Хуыбецты цайдан куырдадзы баззад.
Мæ рæсугъд ус, дам,куырдуаты баззад.

Ацы азы хор, дам, йæ задимæ,
Ацæут æмæ ацы джауыры ракæнут йæ мадимæ.

Фыййауы далыс, дам, уæтæрыл сæмбæлд.
Туркаджы нæмыг фæцыд æмæ мæ сæрыл сæмбæлд.

Æрджынарæджы мын хъузæй дугъæттæ,
Рахæссут мын мæ дзаумæттæ мæ мады размæ тугæй хъулæттæй.

Елхоты дон Сæнайы дон æмæ цæугæ-зилгæйæ баззадысты,
Мæнæн мæ мад æмæ мæ хотæ кæугæ-ниугæйæ баззадысты.

Радзырдта йæ Калоты Егор, 1937 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 111, папкæ 13, ф. 270.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru