Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Къуыдары зæронд лæджы зарæг

Къуыдары зæронд лæджы зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Зæронд лæг сфæнд кодта быдырмæ йæ сабитæн хор ласынмæ.
Скатай мæгуыр зæронд лæг: «Рæгътыл фæцæуин, æмæ дард фæндаг у,
Кæмттыл фæцæуин, æмæ мын мæ къоборты исдзысты гауыртæ».
Уалынмæ куы араст вæййы хæхтыл.
Уалынмæ комыдымæгмæ куы ныххæццæ ис,
уæд ыл гауыртæ сæмбæлдысты:
– Дæ фæндаг раст уа, зæронд лæг. Дæ къобортæ-ма рауæгъд кæн.
– Хуыцау уын ма уа, гауыртæ, мæ сабитæ сæфдзысты,
Чызджыты йеддæмæ мын ницы ис.
Гауыртæ йын дзуапп куы радтой:
– Ды дæ чызджытæй ирæд райсдзынæ, фæлæ сау къобортæ махæн ауадз.
Мæгуыр лæг та дзуапп радта:
– Уæхæдæг сæ рауæгъд кæнут.
Уалынмæ фескъæрынц мæгуыр лæджы къобортæ.
Мæгуыр лæг ныккæуы æмæ нырдиаг кæны.
Гыццыл куы аивгъуыдтой, уæд сæмæнæй кæрæбин раскъæфта.
Сурынтæ сæ райдыдта, комы нарæджы сæ баййæфта, йæхæдæг дзуры:
– Мæнæ сын се 'фсондз ахæссут, кæннод цæуын нæ зонынц.
Тулдз бæласы аууон абадти, гæрæхтæ сæ райдыдта æмæ сæ ныццагъта.
Дыууæ ма дзы баззад æмæ сæ къухтæ сдардтой:
Мах де 'уазæг, зæронд лæг, дæ диссæгтæ дын чи дзурдзæн,
Мауал амар мах.
Куиты фырттæ, уæдæ уæ цырыхъхъытæ раласут,
уыдон мæ хуызæн мæгуыр лæджы фæллæйттæй æлхæд сты.

Радзырдта йæ Дзапарты Къоста. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт. 1938 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 18.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru