Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Бæройты Бицо (Абырджытæ йын нæ фос истой)

Бæройты Бицо (Абырджытæ йын нæ фос истой)


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ой, ой, тох дыл ныккодтой дæлæ Сынцъæйы былыл,
Ой, Бæройты хорз Бицо,
Дзæнæты фæбадинаг, ой-ой, тох!
Ой, дзæнæты фæбадай, ой, Бæройты Бицо, дзæнæты фæбадай.
Уæлæ бæласæй къалиу рахаудта,
Рухсаджы Бицо, дзæнæты фæбадай,
Ой, мæ дыууæ цонгæй та галиу рахаудта,
Джауырты хæст куы кодтам.
Арвыкомы Цæрæчы дæндаггаг,
Дæ мад æмæ дæ фыды фæллой дын дзæнæты фæндаггаг.
Зилгæйы сæрмæ Азиаты балтæ,
Æз нæ ауадздзынæн мæ фыды æрдхорд Аспиаты галтæ.
Къардоны аргъуаны дурæй дзæнгæрæг.
Цæугæ, Торчыны-фырт Темболат, æмæ ныккæ хурæй хъæргæнæг.

Радзырдта йæ Цопанаты Арсæмæг æмæ Тохтиаты Хъасполат. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 21, папкæ 71, ф. 13.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru