Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Майрæмыхъуаты Дзабо

Майрæмыхъуаты Дзабо


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
     Раджы заманы Дæргъæвсы комы цардысты ирон мæгуыр æмæ æфхæрд адæм. Уыдонæй иу уыдис Майрæмыхъуаты Дзабойы мæгуыр бинонты къорд. Уыцы мæгуыр заманы адæм æрмæст сæхи схæссыныл нæ хъуыды кодтой, фæлæ ма сæ хъуыды кæнын хъуыдис, сæ фос цæмæй аирвæзой, ууыл, уымæн æмæ цæм уыдис иу гыццыл зæххы гæбаз. Уый тыххæй мæгуыр лæджы скъæрын хъуыдис йæ фос æндæр хъæутæм, æмæ ахæм хизæндæттæй иу уыдис Цæлыкк.
     Иу уалдзыгон æхсæвы мæйдар йæхи зæххыл куы æруагъта, уæд кæцæйдæр Дзабо уынæр айхъуыста: уыдон уыдысты мæхъхъæлон абырджытæ. Абырджытæ систой гæрæхтæ, цæмæй атæрой Дзабойы галты рæгъау.Уыцы рæстæг æрбацæйцыдис Зæронд Бæтæхъойыхъæуæй Хуымæллæгмæ йæ кайыстæм Дзестелты Зауырбег. Уый кæсы, мæгуыр фыййауы марынц, æмæ ныхъхъæр кодта: «Гъæтт, нæ дæ ныууадздзынæн ацы зын сахат иунæгæй!» Æмæ йæхæдæг дæр райдыдта хæцын абырджытимæ. Уыцы хæст фæцыди, цалынмæ дыууæрдыгæй дæр гæрах хъуыс¬той, уæдмæ, æмæ уый тыххæй абырджытæн сæ бон нæ бацис фос ас¬къæрын. Ирон адæм уыцы хъæбатырдзинады фæстæ сфæнд кодтой Майрæмыхъуаты Дзабойыл зарæг скæнын. (Зарæггæнæджы фиппаинаг).

Гъæтт, тох æрцыди.
Зауыр æм ныхъхъæр кодта,
– Æз дæу нæ ныууадздзынæн ацы гауыртæн.

Арыхъхъы хъæддзау фæцыди кæрзытæ кæнынмæ,
Гъæтт, нал фæцæудзынæн Бæтæхъойыхъæумæ
Кæрдзынтæ хæрынмæ.

Хъæды къудзиты пысыра куы уаид,
Гъæй-джиди, æмæ мæ ацы тохы рæстæг
Ме 'фсымæр Пысыма куы уаид,

Базары фæндагыл æхсынæнтæ уæй кодтой,
Дзабо æмæ Зауыр сæ адзалы фæндагыл æфсымæртæ ыскодтой.

Машинæйы фæндагæн – тулдзæй спъалытæ,
Забо ныхъхъæр кодта Зауырмæ:
– Гъæтт, Зауыр, мæнæй дын пайда нал ис,
Мæнæн мæ бын тугæй æсмалтæ.

Хохы хъæддзаутæ хæрисмæ дæр нал цæуынц,
Хуымæллæг фæдисы дæр нал цæуынц,

Уæлæсыхы Дзадзуаты гæнæхтæ.
Забо ма фæстагмæ ныккодта
Хъазуаты гæрæхтæ.

Хохы фæндагыл Гогийы нарджытæ,
Гъæтт, æмæ ма куы фехъуыстайин
Мæ сылгоймаг Зогийы хъарджытæ.

Гъæтт, æмæ уæлæ Дигойы нарджытæ,
Æмæ Забо ныхъхъæр кодта:
– Æнхъæлдæн адон сты иубоны барджытæ.

Радзырдта йæ Дзуццаты Аслæнбег Харитоны фырт, 78-аздзыд, 1970 аз, Ламардон. Ныффыста йæ Дзуццаты Н. Аслæмбеджы чызг.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, уырыссаг литертурæйы кафедрæйы архив, 1970 аз, № 13.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru