Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Бесаты Мæхæмæты зарæг

Бесаты Мæхæмæты зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
– Ой, æмæ цæдис-æмбал бакæнæм,
Мæхæмæт, гъей æмæ фæцæуæм уæлæ горæтмæ, –
Куы зæгъы, гъей, Гуыргъохъо æмæ Бесайы-фырт Мæхæмæт.

– Гъей, æмæ сæууон базармæ даритæ æлхæнынмæ, гъей, даритæ,
Балхæнæм уæдæмæ, гъей, Гуыргъохъо æмæ Бесайы-фырт Мæхæмæт.

Ой, æмæ Къардоны бынмæ куы бахæццæ вæййынц, гъей!
Гъей, гъей, абырджытæ сæ размæ куы фесты,
Гъей, Гуыргъохъо æмæ Бесайы-фырт Мæхæмæт.

Ой, æмæ Къардоны бынмæ куы бахæццæ вæййынц, гъей!
Гъей, гъей абырджытæ сæ размæ куы фесты, æмæ
Гуыргъохъо уайтагъд лидзынмæ куы фæци, гъей!
Гъей, Гуыргъохъо æмæ Бесайы-фырт Мæхæмæт.
Ой, æмæ горæты сæрмæ
Уæрдонæй цæлхнæдтæ, гъей!
Уый дын куы зыдтаин, тæрсаг Гуыргъохъо, ой,
Уæд дын ныссагътаин æндонæй цæфхæдтæ, гъей!
Гъей, æмæ Уæтæры бын дæ каутæ, Гуыргъохъо!
Гъей, гъей, фæтæрынц дын дæ галтæ, уæдæ ма, гъей,
Гуыргъохъо æмæ Бесайы фырт Мæхæмæт!

Гъей, æмæ дидинæг дзындзалæг, куы загъта, гъей!
Гъей, гъей, лидзынмæ чызгау лæг, гъей, лидзынмæ
мæнгард Гуыргъохъо.

Ой, æмæ Бызыбын куырæйттæ,
Бутаты Мандзийы куырæйттæ,
Ой, Гуыргъохъо æмæ Бесайы-фырт Мæхæмæт!

Радзырдта йæ Хъайттаты Буца, 1987 аз, Црау. Ныффыстой йæ Дзеранты Фатимæ æмæ Хестанты Иринæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru