Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Теместы Джеоры зарæг

Теместы Джеоры зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Гъей, æмæ тох æрцыдис!
Гагуыдзы дуармæ кæсаджы гæнæхтæ,
Æз, дам, ацы гауыртæн фæкæнон фæстаджы гæрæхтæ,

Сæ дæллаг зæхх – Тæгæрдонæй,
Æз нæ ауадздзынæн мæ фæллад бæх æд уæрдонæй.
Æрцыди хæсты тох, хъæбатыр Джеор.
Дзабратæн – Гидолæйы кæсгон.
Æз нæ фегад кæндзынæн
Мæ зæронд фыд Бимболаты цæсгом.
Хъæддзау – кæрзытæ кæнынмæ,
Нал фæцæудзынæн Къорайы къуыбырмæ
Кæрдзынты хæрынмæ.
Ацы азы уалдзæг – Бабеттæйы уалдзæг,
Ме 'нахъом саби – Сафеткæйы уазæг.
Уой тох, хъæбатыр Джеор.

Радзырдта йæ Мырзаганты Уане Хъамболаты фырт, 85-аздзыд, 27 январь, 1969 аз, Хидыхъус. Ныффыста йæ Мырзаганты Светланæ. Салæгаты Зояйы æмбырдгондæй.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru