Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Черчесты Асæхмæты зарæг

Черчесты Асæхмæты зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Гъей, гъей æмæ гъей, фæстагом сын сихъодарæн, сихъодарæн, гъей!
Гъей, гъей, æмæ Черчесты Асæхмæт бадзуры:
– Гъей, дæ рæгъау дын фæтæрынц бон сихорафон.

Гъей, гъей, æмæ Хъайттаты Биби
Æхсæлыйæн суджы лыг ныккодта, суджы лыг ныккодта!
Гъей, гъей, æмæ Хоранты, гъей, Бæрчы хъуссæртты
Хъуджы лыгъд ныккодта, гъей!
Гъей, гъей, æмæ Хоранты Созырыхъо бадзуры,гъей:
– Мæ тыхсты рæстæг мæ шипкæйаг лулæ мемæ куы уыдаид!
Ой, гъей, æмæ Черчесты Асæхмæт бадзуры:
– Гъей, æниу мæнæн мæ тохы рæстæг мæ кæстæр æфсымæр
Садуллæ мемæ куы уыдаид!
Гъей, гъей, æмæ Æмбалты Бимболы фиу цын хомæй баззади,
Гъей, гъей, кæд йæ фыхы тыххæй!
Гъей, гъей, æмæ, Черчесты Бадзæйы риу цын гомæй баззади
Гъей, кæд йæ фырт Асæхмæты тыххæй!

Гъей, гъей, æмæ Черчесты Бедзæйы фырт Асæхмæт бадзуры:
– Гъей, мæнæн Цъамады фæсивæд куы федтаиккой
Сыбыры мæ туджы хъæбæртæ, мæ туджы хъæбæртæ!
Гъей, гъей, æмæ сæлабыры сæныкк
Сæгуытæй баззади, сæгуытæй баззади.
Гъей, гъей, æмæ ацы Цъамадæн лæгдзинад
Сæ фыдæй баззади,сæ фыдæй баззади!

Гъей, гъей, æмæ уæдæ фыййау
Зæххы тыххæй йæ фосæн цад скодта!
Гъей, гъей, æмæ Черчесты Бедзæйы фырт
Хъæбатыр Асæхмæт, гъей!
Зæххы тыххæй йæ хъæуæн кад ыскодта!

Радзырдта йæ Хъайттаты Буца, 1987 аз, Црау. Ныффыстой йæ Дзеранты Фатимæ æмæ Хестанты Иринæ.
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru