Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Сосейы зарæг

Сосейы зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Бирæ фæцæрай, Бигъаты хорз Сосе.
Уалдзыгон фыййау фист кæнынмæ.
– Кæдæм скъæрыс, Сосе, Хуымæллæджы рæгъау?
– Нæ зæронд мæрдтæн хист кæнынмæ. –
Быдырæй цæвæджы хъæр дæр нал хъуысы,
Сосейы рæсугъд ус, дам, бадзуры:
– Сыбырæй нæ лæджы хъæр нал хъуысы.
Се стыр тæбæгъ, дам, сæ фынджы фарсмæ,
Фæхæссынц дæ, Сосе, Сыбырмæ дæ фыды фарсмæ.
Æрджынарæджы – Икъаты давон.
Сыбырæй дæм сæрвыстой, Сосе, дæ иухатты вагон.

Радзырдта йæ Гаджиты Васил Умары фырт, 24-аздзыд, 10 июль, 1932 аз, Нар. Ныффыста йæ Дзанайты Сергей.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 23, папкæ 15, ф. 31.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru