Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хъæстуаты Хъазыбег

Хъæстуаты Хъазыбег


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Ой, ой, цы кæнон, уарзон æмгæрттæ,
Ой, цы кæнон, мæ боныл!
Ой, уынгæг тох æрцыди, йе, мардзæ.
Сахъ лæппу, Хъæстуаты Хъазыбег, гъей!
Æмæ дзæнæты фæбадай, уарзон æмгар!
Уæд йæ рæсугъд уарзоны тыххæй
Йæ сау туг æнæвгъау чи ныккалдта, йе, мардзæ!
Уæ, сахъ лæппу Хъæстуаты Хъазыбег!
Уæд йæ мады зæронд бæргæ бадзуры:
– Уæ мæ буц хъæбул Хъазыбег,
Ды дæ каисты иу бæрæг куы бакæнис,
Дæ буц каисты иу бæрæг куы бакæнис, лæппу, гъей! –
Æмæ йæ урс бæхыл саргъ бæргæ бавæрдта,
Уæд йæ кæрæбинкæ йе 'фцæджы бафтыдта.
Афтæмæй дыууæ изæры астæу
Йæ каистæм араст вæййы дæлæ Зилгæмæ, гъей!
Æмæ Зилгæмæ куы баввахс и, уæдæ,
Уæд иу сау æндар æрбазындис иу-къорд барæгæй,
Бæргæ сæ базыдта рухсдзæсгом Хъазыбег, гъей!
«Уæуу, ныр фæстæмæ дæр бæргæ фæлидзин,
Фæлæ худинаг уыдзæн мæ лæджыхъæдæн».
Æмæ йæ бæхы куы ныццæфтæ кодта,
Цæстыфæныкъуылдмæ се 'хсæн бæргæ балæууыд,
Уæд бæргæ сæм бадзуры:
– Уе 'хсæвтæ хорз уа, мæнæ хорз адæм, гъей!
– Æгас нæм æрцæуай, Хъазыбег,
Уæ Хъæстуаты хъал лæппу!
Уæ, кæцæй фæдæ, йе, кæдæм цæуыс? –
Бæргæ йæ бафæрсынц йæ разы бадджытæ, гъей.
– Æмæ ныр æнæхъæн мæй, – куы загъта, –
Æз мæ каисты иу бæрæг дæр куы нæма бакодтон.
Æз мæ каистæм куы цæуын, мæ буц каистæм,
Зилгæмæ куы цæуын, хорз адæм, гъей!
– Æмæ дæ мах фæхæццæ кæндзыстæм
Уæ, дæ каистæм, Хъазыбег!
– Уæ, цы хуызы мæ фæхæццæ кæндзыстут? –
Бæргæ сæ бафæрсы йæ разы бадджыты.
– Дæ галифе дын де 'фцæджы бафтаудзыстæм,
Афтæмæй дæ ехсытæй нæмгæйæ фервитдзыстæм.
Ды дæхæдæг гæвзыккæй куы схъомыл дæ,
Уæд мах разæй сау рæсугъды куыд хъуамæ фæхæссай?
– Уæуу, цы кæнон, хорз адæм? –
Йæ зæрдæ бауазал се 'нæгъдау ныхæстæм
Æмæ йæ бæхæй куы рагæпп кодта,
Йæ кæрæбин сæм бæргæ фæдардта:
– Бахатыр кæнут, хорз адæм,
Нана мын афтæ куы нæ бафæдзæхста, гъей,
Ды, дам-иу, дæ каистæм цæугæйæ
Дæ хæлаф де 'фцæджы ныххæс, зæгъгæ,
Æмæ дæ уарзон чызджы абырджытæн ратт.
Цæй, фæлæ тымбыл хæст стынг кæнæм.
Афтæмæй сыл уыцы ран ралæууы сахъ лæппу.
Боныцъæхафонмæ ма бæргæ фæхæцыд,
Фæдисы сæ чи рацыдаид, уый дæр нал ауагъта
Сахъ лæппу Хъæстуаты Хъазыбег, гъей!
Йæхæдæг боныцъæхафоныл
Йæ урс бæхыл бабадгæйæ,
Дарддæр йæ фæндагыл араст вæййы.
Йæ буц каистæм Зилгæмæ араст и йæ фæндагыл, гъей!
Уæд йæ уарзон чызджы фыды 'фсымæр
Зилгæйы хъæуысæр бæргæ царди
Æмæ чызджы кæмæндæр загъта,
Æцæг, æмæ йæ гæртамыл уæй кодта,
Уый йæ размæ топпимæ бæргæ 'рлæууыди.

– Æгас, дам, æрцæуай, нæ буц сиахс Хъазыбег!
Фæлæ, дам, уыцы кад ардыгæй нал ахæсдзынæ. –
Æмæ йын йæ сау туг куы акалы.
Уый дæр ма йæм кæрæбин бæргæ фелвæста,
Фæстæмæ йæ æруадзы, йæ цæст æй нал бауарзта.
– Худинаг, дам, мын уыдзæни, – загъта, –
Мæ каисы куыд ныццæвон? –
Æмæ Зилгæйы уынджы бæргæ астъæлфы,
Æмæ йыл дондзаутæ куы рамбæлынц, гъей!
Æмæ йæ бæхæй куы рагæпп кодта:
– Донæй мæ бафсадут, – загъта, – дойныйæ куы мæлын.
Донæй мæ бафсадут, дондзæуттæ, гъей! –
Уæд æй йæ каистæм бæргæ бахæццæ кæнынц,
Хуыссæны йæ бæргæ æрæвæрынц,
Æмбырдтæ йыл байдайынц дунейы дзыллæтæ, гъей!
– Ныр мын мæ размæ уый ракæнут, – загъта, –
Æз ацы фыдæбæттæ кæй тыххæй бавзæрстон.
Уæд ын йæ уарзон рæсугъды бæргæ 'рбахонынц.
Дунейы дзыллæтæ бæргæ ныккæуынц, гъей!
Фæдисхъæргæнæг ма бæргæ арвитынц Арыхъхъы хъæумæ.
Уым йæ къахыл цæуынхъом чи уыди,
Иууылдæр рацæуынц Зилгæмæ, гъей!
Удæгасæй ма йæ бæргæ 'рбаййафынц,
– Кæугæ мыл ма кæнут, хорз адæм,
Худинаг уæм бæргæ не 'рхастон.
Нымæтыл æй сæвæрынц, Арыхъмæ йæ рахæссынц.
Арыхъы сæрмæ бахæццæ уæвгæйæ,
Йæ дуне йыл баталынг вæййы.
Дунейы дзыллæтæ йыл куы ныккæуынц.
Рухсцæсгом, Хъæстуаты Хъазыбег, гъей!

Радзырдта йæ Наниты Сергей. Ныффыстой йæ Плиты Харитон æмæ Дарчиты Дауыт, 7 октябрь, 1936 аз, Алагир.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 24, папкæ 71, ф.26–28.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru