Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Дианозы зарæг

Дианозы зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Уазæгхор Джимара –
Цæмæн мæ рахуыдтат,
Ой, мæнгардæй фæцæрат, гъей!

Гуырдзыйы æлдæрттæм
Æвзист, уæд, сыгъзæрин,
Ой, куынæуал ныууагътон, гъей!

Мæгуыртæн сæ истон,
Бартæ сын агуырдтон,
Ой, не 'нусон знæгтæй, гъей!

Цæмæн мæ фæкодтат
Нæ тугцъир знæгты,
Ой, æлдæртты фæндиаг!

Фехъусын сын кæнут,
Сæ кæрон æрцæуы,
Ой, сæ налат хъуыддæгтæн!

Кæд мын марг бадардтой,
Уæддæр сæм кусæг адæм,
Ой, дзуапмæ бадзурдзæн, гъей! .

Джимарайы хъалтæн
Сау калмæй баззайдзæн
Гъей, сæхионы ауæй, гъей!

Æз уæддæр цъаммартæй
Мæгуырты маст райстон,
Ой, сæ зæрдыл лæудзæни, гъей!

«Зарджыты чиныг», Орджоникидзе, 1959, ф. 71.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru