Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Къостайы зарæг

Къостайы зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Тменыхъæуы, зæгъы, Додтайы барæг.
Цæй,ныккæнæм Хетæджы-фырт Къостайы зарæг!
Цæрай æмæ бирæ фæцæрай,
Хетæджы-фырт Къоста!
Ацы азы кæрдæг калмау хæры.
Къостайы гæххæтт, зæгъы, арвау нæры,
Цæрай æмæ бирæ цæрай æ.а.д.
Куырттаты комы бæлоны гуысыра.
Рахæссынц мын мæ хохы æмгæрттæ мæ номы тырыса.
Цæрай æмæ бирæ цæрай æ.а.д.

«Къоста», фыццаг том, Мæскуы, 1939, Ленинград, ф. 166.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru