Главная > Историон æмæ тохы зарджытæ > Хетæгкаты Къостайы зарæг

Хетæгкаты Къостайы зарæг


5 июня 2011. Разместил: 00mN1ck
Гъей, ой, Къоста
Сæ цалхы разæй
Кæд æмæ дæндаг скодта.

Гъей, ой, Къоста
Мæгуыр адæмæн
Ахуырмæ фæндаг скодта.

Гъей, ой, Къоста!
Дыгуры зылды та
Кæд æмæ куырдты Цыкола.

Гъей, ой, Къоста!
Ды махæн сарæзтай
Фыццаг ирон скъола.

Гъей, ой, Къоста!
Æрджынарæджы нын
Далæ бæлоны сау сынт.

Гъей, ой, Къоста!
Фæллойгæнджытæ дын
Сарæзтой дæ номыл сау цырт.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дзæуджыхъæу, 1949 аз, ф. 480.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru