поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Алыты Алыбеджы фырт
Автор: 00mN1ck / 26 августа 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Сæфтмæ æрцыдысты Нарты адæм æнæ фæнд, æнæ уынаффæйæ. Хицæуттæ дзы бæргæ уыд, фæлæ ницæмæн бæззыдысты. Уæд æртæ лæппуйы сфæнд кодтой:
    – Ацæты Ацæмæз хорз лæгæй базæронд æмæ йæ зондæй бафæрсæм.
    Æмæ Ацæмæзмæ ацыдысты.
    – Дæ бон хорз, Ацæмæз.
    Уый загъта:
    – Хуыцауы хорзæх уæ уæд, мæныл ма хорзмæ чи 'рвæссы.
    Уыдон загътой:
    – Цæмæн зæгъыс, Ацæмæз, – мах дæм зондæй фæрсынмæ куы 'рбацыдыстæм.
    – Æмæ ма, – зæгъы, – æз та цы зонын?!
    Уыдон загътой:
    – Курæм дæ, раджы Нарты адæм хорз уыдысты, æмæ цæмæй хорз уыдысты, уый нын зæгъ.
    – Кæд мæ фæрсут æцæг, уæд уын зæгъдзынæн! Ацæут æмæ хъæу æрæмбырд кæнут. Хъæуы уынаффæгæнджыты, цы сты, уымæй се'ппæты дæр аивут, стæй равзарут хицæуттæ ахæм мыггæгтæй, æртæ фæлтæрмæ хуыздæргæнгæ чи рахаста.
    Нарт æрæмбырд сты æмæ бадынц тæрхоны.
    Нарты хъæуы Алыты Алыбегæн баззади авд идæдз усы, уыдонæй се'ппæтæн рацыдис æрмæст иунæг цъæх чызг. Æмæ авд усы куыдтой.
    Чызг сæ фæрсы:
    – Цæуыл кæут?
    Устытæ загътой:
    – Нарты дзыллæ нæ лæджы æвастæй хъæуы æмбырд кæнын никуы бауæндыдысты. Ныр Нарт æрæмбырд сты, æмæ дзы мах хæдзарæй лæгыстæг нæй.
    Уæд чызг афтæ:
    – Æмæ кæд уæ лæг ахæм зынгæ лæг уыди, уæд ын бæхтæ, хæцæнгæрзтæ, æндæр ницы баззади?
    Устытæ загътой:
    – Бæх дæр ын баззад, хæцæнгæрзтæ дæр æмæ алцы дæр. – Æмæ йын сæ устытæ бацамыдтой, кæм уыдысты, уый.
    Чызг бæх раласта æмæ йыл саргъ сæвæрдта. Йæхæдæг лæппуйы дарæстæ скодта. Алыбеджы æхсаргард æмæ хъама йæ уæлæ бабаста. Бæхыл сбадт. Устытæм дзуры:
    – Хорз нæ фидауын бæхыл?
    Уыдон загътой:
    – Хорз фидауыс, бæхы лæхыл фаджыс куыд фидауы, афтæ.
    Бæх дæр бахъыг кодта йæхимидæг:
    – Ныронг мыл Нартæн сæ хуыздæр бадт, ныр мыл чызджытæ байдыдтой бадын!
    Æрбамбырдтæ кодта чызг бæхы, æрцæфтæ йæ кодта, æмæ бæх быруйы сæрты уыцы-иу тахт акодта. Æмæ чызг бæхмæ дзуры:
    – Куыд барæг дæн?
    – Дæ фыдæй хуыздæр барæг никуы уыди, фæлæ мыл уый дæр быруйы сæрты никуы уæндыд.
    Æмæ чызг Нарты æмбырдмæ бацыди.
    – Фарн уе 'мбырды æмæ уе 'мбырд амондджын æмбырд фæуæд!
    Алыбеджы бæхы чи зыдта, ахæмтæ уыди æмбырды æмæ загътой:
    – Алыбеджы хæдзары нæлгоймаг нæй, æвæццæгæн, ацы бæх устытæй радавдæуыд.
    Æмæ сфæнд кодтой:
    – Æрцахсæм ацы лæппуйы.
    Зæронд лæг загъта адæмæн:
    – Бафæрсут-ма йæ – цавæр у? Намæ Алытæй куы разына, уæд уæ ныццæгъддзæн.
    Æмæ йæм рацыдысты æмæ йæ бафарстой:
    – Кæй лæппу дæ?
    – Алыты Алыбеджы фырт дæн, – загъта чызг.
    Æмæ чи æмбæрста, уыдон загътой:
    – Мæнæ нын хицау!
    Алытæм хæрам чи уыди, уыдон та загътой:
    – Къулер уал æй скæнæм.
    – Алытæй лæгæн цумайæн нæй гæнæн, нæй! – загътой æмбаргæтæ, – фæлæ уын хицау куы ныллæууа, уæд хорз!
     Æмæ йæ хицау скодтой. Хъуыддæгтæ кæнын байдыдта æмæ, Нарты хъæуы раджы хорз куыд уыдысты, уый хуызæн та сысты. Æмæ дыууæ лæджы иумæ куы бадтаиккой, уæддæр йæ цæрæнбоны тыххæй нозтой, хъæуæмбырд куы уыдаид, уæддæр йæ цæрæнбоны тыххæй нозтой. Иу бон куы уыди, уæд Сырдоны хуыцауы налат загъта:
    – Уагæр уын нæлгоймаг куы уаид!
    Æмæ адæм фæсагъæс сты. Сæ астæумæ æрбакодтой сæ хицауы.
    – Курæм дæ, нæ хицау, – дзурынц, – нæ хъуыддæгтæ нын хорз сарæзтай, ныр ус ракур, уымæн æмæ дын исты куы райгуыра, уæд та нын уый дæр пайда у.
    – Мæ хъуыддæгтæ мæ зæрдæйы фæндиаг рæвдз нæма сты, æмæ уал мæ иучысыл бауадзут.
    Хъæу загътой:
    – Дæ хъуыддæгтæ хорз сты æмæ уал сæ дæ кæстæртæй искæмæ радт, дæхæдæг та ус ракур.
    Йæ бон зæгъын ницыуал баци æмæ йæ кæстæртæн дзырд радта. Йæхæдæг æрбацыд йæ хæдзармæ. Æмæ дзуры йæ бæхæн:
    – Махæн Нарты астæу цæрæн нал ис æмæ нæ исчердæм нæхи фесафын хъæуы!..
    Срæвдз кодта йæхи, сбадт йæ бæхыл æмæ араст сæ хæдзарæй. Бирæ фæцыди фæндагыл. Иу барæг ыл æрбафтыд.
    – Дæ фæндаг раст, лæппу!
    – Хуыцауы хорзæх дæ уæд, мæ фыды лымæн.
    – Кæй лæппу дæ?
    – Алыты Алыбеджы фырт дæн.
    – Æцæг? Алыбегимæ æрдхæрдтæ уыдыстæм, – загъта фæндаггон.
    Уыцы барæг уыди Уацилла. Уырдыгæй куы аивгъуыдта, уæд та йыл уалынмæ иу барæг æрбафтыд æмæ та йæм уый дæр дзуры:
    – Дæ фæндаг раст, лæппу!
    – Хуыцауы хорзæх дæ уæд, мæ фыды æрдхорд.
    – Кæй лæппу дæ?
    – Алыты Алыбеджы фырт дæн.
    – Æцæг? Алыбегимæ æрдхæрдтæ уыдыстæм, иу нуазæн нозтам!
     Уый та уыди Уастырджи. Уастырджи Уациллайы асырдта фæстейæ æмæ йæ баййæфта.
    – Уацилла! – загъта, – не 'рдхорды фырт усгур куы фæцæуы, уæд нын Алыбег цы зæгъдзæн, куы нæ йын баххуыс кæнæм, уæд?
    Уацилла æмæ Уастырджи раздæхтысты фæстæмæ, лæппуйы æрбаййæфтой. Æмæ йын иу ран бацамыдтой:
    – Ам бад, цалынмæ дæм мах фæзынæм, уалынмæ.
    Уацилла æмæ Уастырджи бауынаффæ кодтой. Иу ран мæсыджы ахæм чызг бадти æмæ йын уæлæрвты йеддæмæ рахæссæн нæ уыд. Уымæн æмæ йын хъæдæй, дурæй, донæй, адæмæй, халсарæй, – зæххыл цы уыди, уыдон ын иууылдæр гæс уыдысты, хъахъхъæнæг.
    Æмæ Уастырджи загъта:
    – Уыцы чызджы йын рахæссæм.
    Уацилла загъта:
    – Куыд æгъдауæй йæ рахæсдзыстæм, цы амал скæндзыстæм?
    Уастырджи загъта:
    – Уацилла, ды мигъæй æврагъы астæумæ ссу, æмæ уырдыгæй арв æмæ зæхх кæрæдзи куыд хойой, мæсыг йæ бындзарæй куыд змæла, афтæ сараз. Æз та цæргæсы хуызы бацæудзынæн æмæ мæсыджы фæлгуырыл сбаддзынæн. Мæсыг йæ бындзарæй куы змæла, уæд æнхъæл уыдзæн: «Афонмæ адæм фесæфтысты». Æмæ цы фесты, уый фенынмæ ракæсдзæн мæсыджы сæрæй. Уæд æй æз фелвасдзынæн æмæ йæ рахæсдзынæн.
    Уацилла мигъæй æврагъы астæу бацыд. Арв æмæ зæхх кæрæдзийы куыд хостаиккой, афтæ сарæзта, арв гæрæхтæ куыд кодтаид, мæсыг йæ бындзарæй змæлыди. Чызг загъта:
    – Афонмæ, æвæццæгæн, фесæфтысты адæм. – Афтæмæй сæм мæсыджы сæрæй ракаст: – Фенон сæ, цы фесты.
    Уастырджи фелвæста чызджы æмæ йæ рахаста. Æрбацыдысты лæппумæ æмæ йын чызджы радтой. Уастырджи уырдыгæй фæраст æмæ Хуыцауы размæ ссыд. Хуыцауæн загъта:
    – Иу чызг иннæ чызгæн радтам æмæ курын, лæппу куыд феста, афтæ.
    Æмæ Хуыцау Уастырджимæ фæткъуы радта:
    – Уыцы фæткъуы ахæсс æмæ йæ кæмæн бахæрын кæнай, уый лæппу фестдзæн.
    Æмæ Уастырджи фæткъуы рахаста. Дыууæ чызджы бæласы бын фынæйæ æрыййæфта: бафæлладысты æмæ æрфынæй сты. Æмæ Алыбеджы чызджы сыхъал кодта сабыргай, аннæ та уыди фынæй. Чызгæн бахæрын кодта фæткъуы, æмæ чызг уыцы сахат лæппу фестад. Уастырджи сын арфæ ракодта æмæ уыйадыл ацыд. Лæппу чызджы сыхъал кодта æмæ йын дзуры:
    – Фæллад ссæуын афон у ныр, æмæ дын хатыр дæр бакодтон, фæлæ ныр исты бакæнæм.
     Чызг загъта:
    – Бар дæ ис, цы кæныс, уымæй.
    Æмæ лæппу æмæ чызг æмуд æрцыдысты кæрæдзимæ уыцы ран, бæласы бын. Стæй уый фæстæ сæ хæдзармæ æрбацыдысты. Афæдзмæ сын лæппу райгуырд, Алыты Алыбеджы фыртæн. Æмæ адæм загътой Сырдонæн:
    – Уæ, куыдзæй чи райгуырди, ды йæ чызг куы хуыдтай æмæ йын ныр лæппу куы райгуырди.
    Æмæ та хицауы бынаты æрлæууыди лæппу.
    
    
Радзырдта йæ Реуазты Быдзыго Хъасайы фырт, май, 1923 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
    ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 30–14, ф. 126.

    
Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

    
при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru