поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты фыд аз æмæ Уырызмæджы лæппуйы мæлæт
Автор: 00mN1ck / 28 февраля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Нæртон адæм схъæздыг сты. Фосы рæгъæуттæй бакæнæн нал уыдис Нарты бæрзонд хæхты арæнты. Нарты фæсивæд сæ фырхъæздыг зæрдæйæ тынг сбуц сты, нал нымадтой хыгъдыл дæлдæронты, мæгуырты. Сысты тыхгæнæг æмæ фыдгæнæг, цагътой кæрæдзийы сæ фырбухъ зæрдæйæ, скъæфтой уацайрæгтæ, истой хотыхтæ мæсыгæй гæнахмæ. Фæстаг хатт дын райдыдтой æрзынон фæрнджын куывд. Кодтой Сырдонæй хынджылæг, куыд мæгуыр, æнæбон лæгæй. Сырдон дæр та дын ныффæнд кодта: «Фæлæуут, бауадз та мæ бар дæр». Иу бон куы уыд, уæд та дын Нарты Сырдон ныхасы бады бæрæг обауыл, йæ хъисын фæндырæй зарджытæ кæны. Даргъ ауагъта, тын нывæндæгау, йæ фæндыры æрдын, зыланг кæны, арауы дардмæ йæ фæндыры хъырнын. Нартæн хъал фæсивæд уыд, хъусынц æм æдзынæг.Фидиуæгау йæ зард дардмæ нæры Нарт æмæ Чынтмæ. Сырдон сын загъта:
     – О нæртон хъал фæсивæд, худинаг уæм нæ кæсы, сымах уæ хæдзæртты къæсæртæ ныллæг сарæзтат æмæ Хуыцауæн æнæрынцойæ уæ сæрæй кувут. Мидæмæ цæугæйæ – сæргуыбырæй, æддæмæ цæугæйæ – сæргуыбырæй. Худинаг у, худинаг, Хуыцау, зæдтæн афтæ лæгъстæ кæнын æнæбон лæгау. Фæлтау уæ къæсæртæ фехалут, кæннод та уæ найфæттæ фехалут æмæ зæгъут: «Дунейы дарæг Хуыцау, нал нæ хъæуыс!»
     Гъе, æмæ сын Сырдон ноджыдæр ма загъта:
     – Мæгуыр лæгæй хынджылæг кæнын æнцон у, фæлæ кæд уæхи хъæбатыр хонут, уæд-ма Хуыцауимæ рахæцут. Æрцахсут мæсыгон æхсинæг æмæ йын йæ къæдзилыл бабæттут сырх хæцъил нывæфтыд хæрдгæ фыстæй: «Уæ, Хуыцау, нал нæ хъæуыс, дæлæмæ æрхау!» Æлгъитут æй æмæ æхсут фаттæй уæларвмæ зæдты, уæд мæ бауырндзæн уæ хъæбатырдзинад, уе сгуыхт.
     Сырдоны уайдзæфы кадæг Нарты фæсивæдæн фæци фыдбылызы хос, æркаст сæм æцæг, цыма, биноныгæй худинаг у, зæгъгæ, циу Хуыцау, куы нæ йæ уынæм, уæд кæмæн кувæм. Уæдæ-ма нын равдисæд йæхи. Афтæмæй дын, æцæг, фехæлдтой сæ хæдзæртты къæсæртæ, сарæзтой сæ бæрзонд, цæмæй мауал кувой Хуыцаумæ.
     Афтæмæй æрцахстой сырхдæллагхъуыр æхсинæг, урсдæллагхъуыр зæрватыкк æмæ цъæхдæллагхъуыр дзывылдар æмæ сын бабастой нысæнттæ сырх зæлдаг æндахæй сæ къæдзилтыл, сæ къæхтыл æмæ сæ ауагътой уæларвмæ, зæгъгæ, тæхгæут Хуыцау æмæ зæдтæм минæвар, схæссут махæй, зæгъгæ: «Хуыцау, нал нæ хъæуыс, дæхи-ма нын равдис!»
     Афтæмæй дын рæсугъд мæргътæ атахтысты уæларвмæ æрттивгæ æмæ алы æвзагæй заргæ, нал сæ уагътой Нарт æрбадын. Стæй-иу зæдтæй, дауджытæй чи æрбадтис дзуарбадæн мæсгуытыл, хохы бæрзæндтыл, уый-иу Нарты хъалтæ фехстой фат æмæ æрдынæй. Иуныхасæй, сæ фырхъалæй нал лæууыдысты зæххыл.
     Афтæмæй дын Хуыцаумæ фæхъыгзæрдæ сты. Нартæн се 'нæхъуаджы миты фæдыл æркодта фыдаз, фыддуг, фыдрæстæг. Уацилла æмæ Рыныбардуаг дын æрбатардтой фурдæй денджызы сау мигъы мылазон сыг нæргæ 'взагæй. Арв зæххимæ йæхи хоста. Райдыдта бæстыл их уарын. Нартæн сæ хорæрзад багæныстон кодта, ныннай сын æй кодта. Уацилла сыл йæ фатæй æхсы арвæй йæ болат æндон рæхысæй, æмæ Нартæн ссыгъдысты сæ мустæ, сæ кæритæ, къутутæ, ныффæнык ис сæ алфамбылай сæ хъæд, сæ нысайнæгтæ. Уалынджы дын арвæй Фæлвæра æмæ Аларды рауагътой фыднизтæ: Фæлвæра – хъомрын, Аларды та – дзуар, фадынæг Нартыл. Гъеуæд дын Нартыл скодта фыддуг, фыдхъызт, фыдрæстæг. Авд азы сын нал æрзади хос, сæфынц сыдæй æмæ æххормагæй фос уæд, адæм. Зæдтæ сыл бафтыдтой фыдазар, фыдниз; хæбуз райдыдтой Нарты рæсугъд цæсгæмттæ, кæнынц дзыхъхъытæ, гуыргъахъод; сæ усгур лæппутæ æмæ сæ чындздзон чызджытæ сæ хъал бон бакалдтой – низæй сæйынц æмæ сыдæй мæлынц.
     Айхъуыстис дзыллæтыл, Нарт сæфынц, зæгъгæ. Хуыцау сыл рахаттис, авд азы сæм хор, хос нал æрзадис. Афтæмæй дын Нæртон Сатана фехъуыста Нарты уынгæгдзинад, фæтæригъæд сын кодта, загъта: «Хъуамæ сæ фæхонон, бахынцон сæ иннабонæй-иннабонмæ». Нарты Сатана уыдис хъаруджынкъух: йæ цæхх-йæ кæрдзын уыд æлутон: йæ уынд уыд хурау; йæ конд уыд зæдау; йæ фезмæлд – фатау рæувад; йæ дзыхыныхас – адджын, булæмæргъау; йæ дзуапп – мады рæвдыдау, рæсугъд, рухс. Гъемæ Сатана йæ мой Уырызмæгæн загъта:
     – Цæй æмæ, Уырызмæг, мах бавдæлæм æмæ æрхонæм Нарты удыбæстæйы тыххæй. Нартæ сыдæй мæлынц, махмæ та ис дзаг æлутон бæркад къæбиц. Кувæггаг уæливыхтæй æмæ аходæггаг сгуытæй, базгуытæй æмæ фыццаг ратæдзгæ арахъхъæй махæн у дзаг авд авд къæбицы, дыууадæс æхгæд дуарæй, куывды арфæйæггæгтæй. Гъемæ нæ цæмæн хъæуынц? Хъуамæ бахынцæм æххормаг адæмы (Сатана куывды арфæйæггæгтæ æмæ аходæггæгтæ æвæрæн кодта йæ 'нæном лæппуйы цинæй, йæ фарнæй, уый йын райгуырд Донбеттыртæм).
     Уæд дын Уырызмæг дæр Сатанайы хæрзфæрæзон ныхæстæн аргъ скодта æмæ арвыста фидиуæг – хонæг, зæгъгæ, мæнæ уæ хоны – æртæ Нарты æмæ Чынты нæртон Уырызмæг. Куывд уын æрæмысыди аходæггæгтæй, æмæ æрæмбырд ут, Нарт: цæуынхъом чи у, уый цæугæ ракæнæд, цæуынхъом чи нæ у, уый хæсгæ ракæнут.
     Нарт дын ныххæррæтт кодтой стырæй, чысылæй хуынды Уырызмæгмæ. Рабадтысты Уырызмæджы дуармæ хъугæмтты чыртæ-чыртæ, суанг Лæгъзæр обаумæ. Нарты Уырызмæджы фарсмæ дын æрбадти Сырдон. Равæрдтой фынгтæ, æркæлынц сгуыты, базгуыты, уæливыхты, физонджыты, гуылты æмæ ног арахъхъыты уæзæй. Нарт дын фæхæлæф кодтой кæрæфау æмæ цæллаг рувасау цæл-минас кæнынц, се 'ххормаг гуыбынтæ тæнтæ рауагътой. Нарты Сатана сын хæссы æлутон дзаг къæбицæй нæртон хæринæгтæ ногæй-ногмæ. Фæззыгон кæфты мæйы хур дæр сæм æдзынæг ныккасти се 'ххормаг гуыбынтæм, зæрдæтæм рухс ныхъхъазыди.
     Уæд та Нарты Сырдон, арвы хин æмæ зæххы кæлæн, æрхъуыды кодта: «Цæй æмæ Уырызмæджы фæсайон исчердæм æмæ мæхæдæг уæле æрбадон хистæрæн».
     Æрхъуыды кодта Сырдон æмæ загъта:
     – Уæ Уырызмæг, куывд нын хорз скодтай, уынгæ нæ хорз кæныс, фæлæ дæ хæринæгтæ сты уазал. Хъармæй-хъарммæ сæ куы хæссид Сатана, уæд уаид кадджын, æмæ сын уаид тайæн дæр.
     Уырызмæг загъта:
     – Хуыцау дын ма уа, Сырдон, мæ тæригъæд фæхæсс, æддагон нæм нæй, цæуын хъæуы хъæдмæ сугмæ, æмæ нын чи æрхæсса, мæхæдæг зæронд дæн, Сатанайы та не 'вдæлы.
     Загъта Уырызмæг Сатанайæн:
     – Рахæсс-ма мын мæ бæндæн æмæ мæ фæрæт, æмæ æз хъæдæй иу æргъом суг æрхæссон, ды та уал нæ уазджытæм фæкæс.
     Араст дын зæронд Уырызмæг хъæдмæ æнæбары, йæ къухы йæ фæрæт, афтæмæй.
     Сырдон дæр та дын абадти кувæг уæле Уырызмæджы нæртон бандоныл æмæ дæлæмæ рæгъ, уæлæмæ гаджидæуттæ уадзы. Уырызмæг дæр дын, домбай зæронд лæг, рабæтты тархъæды тагъд-тагъд æлвасгæ æргъом фатхъæды рæдзæгъдтæй æмæ рараст вæййы хъæумæ; йæ зачъетæ йын дымгæ фæйлауы. Тындзы йæ уазджытæм æмæ иу тигъыл æруагъта йæ фæллад, æргъом йæ уæхсчытæм у фидар баст. Уалынджы дын Хуыцау рауагъта бæрзонд хох Хъивалы айнæгæй хины цæргæс, урс уари æмæ Уырызмæджы йæ ныхтæ ныссагъта хæбырæгътау æмæ йæ афардæг кодта æд куырис. Йæхæдæг æй æрæвæрдта фурды астæу стыр дурыл æмæ йæ базыртæ фæйлаугæ атахт.
     Уырызмæг дын сар, æрдиаг байдыдта, зæгъгæ, ай мыл цæй хабар сæмбæлди, афонмæ мæм мæ куывд æнхъæлмæ кæсы, Сырдон та суыдзæнис мæ хæдзары хицау, – бын кæмæн нæ баззайы, уый хъæздыг нæ кæны. Афтæмæй дын Уырызмæг сау марой байдыдта, фурды сæр бæрæг дурыл æрæвæрдта йе 'ргъом æмæ кæсы арвы бынмæ, стæй та дуры бынмæ, æмæ дзы рухс кæлы; ис дзы цæрæг. Бацыд сæм, разындысты Донбеттыртæ, æмæ загъта:
     – Уе 'хсæв хорз, Донбеттыртæ! Æз – уе уазæг, сымах та – Хуыцауы уазæг.
     Бадти дзы рæбынæй иу дынджыр уæйыг ус, сау айнæджыйас, Донбеттырты мад, Базыхъ, æмæ Уырызмæгмæ йæ цæстытæ рахъулæттæ кодта æмæ йын загъта:
     – Æвзæр хæххон дзигло, аллон-биллоны тæф кæныс, ды кæныс дæхи ме уазæг, æндæра дын æз схос кодтаин.
     Стæй йæ бафарстой:
     – Чи дæ ды, куыд æрхаудтай ардæм?
     Уырызмæг загъта:
     – Æз дæн нæртон Уырызмæг, Сатанайы къай.
     Уæд ыл бацин кодта Донбеттырты мад, зæгъгæ, Сатана у нæ хæрæфырт.
     Афтæмæй йын кусарт акодтой æмæ йæ æрбадын кодтой ахæм уаты: йæ сæр – æргъон, йæ фæрстæ – цъæх авг, йæ дуар – æрзæт. Сбадтис Уырызмæг, кæсы, æмæ сæм иу лæппу, æмæ йæм Уырызмæджы зæронд зæрдæ бахъазыди, зæгъгæ, тæхудиаг у, ды кæй лæппу дæ. Лæппу та уыдис йæ лæппу æмæ йæ нæ зыдта – Сатанайæн райгуырдис йæ мадырвадæлтæм, Донбеттыртæм, æмæ йæ уым хъомыл кæнынмæ ныууагъта Уырызмæджы æвастæй.
     Уыцы лæппу скодта физонæг болат уæхстыл, стæй йæ æрбаскъæфта æнæзонгæ Уырызмæгмæ.
     Уырызмæг сыстади æмæ кувы:
     – О Хуыцау, ацы лæппуйы бирæ фæцæрын кæн.
     Стæй Уырызмæг фелвæста йæ хъама æмæ йын уæздан хай, физонæджы кувæггаг игæрæй, радта хъамайы бырынкъыл, æмæ, лæппумæ куы адардта, айс хай, зæгъгæ, мæ хур, уæд лæппуйæн фæци æгæр тæлтæг гæпп æмæ хъамайы бырынкъыл бакъуырдта йæ зæрдæ, æмæ йæ рæзгæ зæрдæ аззади хъамайы бырынкъыл. Стæй фестади сызгъæрин цъиу – æхсинæг, ныппæррæст кодта æмæ абадти Фæлвæрайы уæзæгыл.
     Æрхаудта лæппу æргъæу уаты рæсугъд æрттивгæ дидинæг кæркусæгау, йæ зæрдæйы сау туг хъамайы бырынкъыл аззади. Сырх зæлдагау æртæх, йæ цæсгом хурау худгæ, цикъæйау афæлурс. Лæппу уайтагъддæр систа йæ рæзгæ уд.
     Уырызмæг дын фæзæрдæфæлдæхт. Загъта:
     – Ай мыл цы бæллæх сæмбæлди, цæй æнамонд фæндагыл рацыдтæн! – Байдыдта æрдиаг йæ зачъетæ тонгæйæ. Уырызмæг разгъордта мæстæй æмæ фурды дуры сæр кæуы йæхиуыл, зæгъгæ, уый кæй лæппу амардтон, кæй тæригъæды бацыдтæн.
     Уалынджы та дын уыцы æрвон хины цæргæс, хæбырæгъджын уари æртахтис фурдмæ, æмæ та йæ ныхтæ ныссагъта Уырызмæджы зæронд уæнты æмæ йæ фæфардæг кодта, кæцæй йæ рахаста, уырдæм. Уырызмæджы хины уари æрæвæрдта æмæ æрдиаггæнгæ фæцæуы сæ хæдзармæ. Сырдон дæр дын Уырызмæджы хæдзары нæртон гаджидæуттæ фæуагъта – йæхицæн цæрæнбон, йæ мæрдтæн та – рухсаг, стæй загъта Сырдон æфсæстæй бæркад.
     Куывд фæци æмæ Нарт дæр афардæг сты фæйнæрдæм æфсæстæй. Уырызмæг дæр дын æнкъардæй, кæуындзастæй бахæццæ сæ хæдзармæ æмæ йæхи мæсты цæф æркодта къæлæтджын бандоныл.
     Сатана дын æй фæрсы Уырызмæджы:
     – Кæм уыдтæ Хуыцауы тыххæй, Уырызмæг, кæм фесæфт дæ сæр, дæ уазджыты куыд ныууагътай дзæгъæлæй Сырдоны бар – уый фæлгъаудта йæхицæн кад.
     Уырызмæг дзуры Сатанамæ:
     – Еууаг æрбауа ме 'намонд сæр, æз ацыдтæн хъæдмæ суг хæссынмæ, бастон æргъом, æмæ мæ фæлладуадзæн къулæй ахаста хины цæргæс, æрвон уари йæ ныхтыл. Æрæвæрдта мæ фурды астæу иу бæрæг дойнаг стыр дурыл; стæй мын нал уыдис гæнæн æмæ бацыдтæн фурды бын цæрджытæм – Донбеттыртæм. Æмæ мын кусарт акодтой нæртон кадæн. Уыдис дзы иу кафгæ буц хъæбул, рæувад, рæсугъд лæппу, æмæ йын алæвæрдтон мæ хъамайы бырынкъыл физонæджы кæрдих – кувæггаг. Лæппуйæн æгæр цæрдæг згъорд фæци æмæ мæ хъамайыл æрбариуыгъта йæ зæрдæ, афтæмæй йæ уд фелвæста. Фестади æхсинæг æмæ уæларвмæ атахти, æз баззадтæн кæугæйæ.
     Уæд Сатана загъта:
     – Гъæ, дæ зæронд сæр бахæрай, сæрæй та мын мæ æвзонджы бахордтай! Уый уыдис нæхи хъæбул, æмæ йæ æз де 'вастæй радтон хъомыл кæнынмæ мæ мадырвадæлтæм – Донбеттыртæм, гъемæ та уым дæр февзæрдтæ!
     Сатана дын фæлæбурдта йæ рæсугъд рустæм тонынмæ, йæ сау дзыккуты куы тухы йæ цæнгтыл, кæны марой, додой, ауагъта даргъ нæртон судзгæ хъарæг йæ сау мæрдоны къонайыл.
     Уырызмæг дæр куы базыдта, зæгъгæ, уый амардтон мæхи æнæном, æнæзонгæ лæппуйы, уæд дын фæлæбурдта кæугæйæ йæ зæронд зачъетæм æмæ сæ тоны æнæвгъау, йæ сæхъис цухъхъайы фæдджийæ сæрфы йæ згъæлгæ цæстысыгтæ.
     Сатанайы куыдæй цъæх арвыл сау мигъ æрбадти, æмæ сыл уый дæр уырдыгмæ кæуы, згъалы арв йæ цæстысыг.
     Нарты Сырдон дæр та дын йæ хъисын фæндыримæ æрбадти Нарты ныхасы обауыл æмæ дын ацы уынгæджы кадæг даргъ аивæзтæй ауадзы, хъусынц Нарты фæсивæд, йæ алыварс æруылæн кодтой мæрддзыгойау.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 70, папкæ 25, ф. 183–190.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru