поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Зæронд Уырызмæджы фосы конд
Автор: 00mN1ck / 17 марта 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Ныззæронд Нарты Уырызмæг. Ныхасы бады, фаджысы дзыхъхъы, йæ къупри кæрцимæ. Нарты хъалтæ ууылты цæуынц йæ разты. Иу иннæйы асхойы:
     – Цымæ ма ацы зæронд лæг цæй аргъ у?
     – Гъæй, бын бауай, æмæ ма йын цы аргъ кæныс? Хорз карк къуыртт куы рауадза, цымæ ма уый аргъ уыдзæни?
     – Гъæй, бын бауай, – иу та иннæйы асхойы, – æвæджиау хуртуангæс: уис æм ратт, æмæ ма кæрчыты кæд сæ къæхты хъæрæй зонид æмæ сæ сурид.
     Уый сæм хъусы, мæстæй судзгæ. Бон-изæрмæ фæбады фæджысы дзыхъхъы, изæры йæ хæдзармæ æрбацæуы.
     – Йæ Хæмыц æмæ Созырыхъо! Мæнæн мæ цардæй мæ мард хуыздæр у. Нæ къамбецтæй стырдæр чи у, уый мын аргæвдут.
     Æмæ йын æй аргæвстой.
     – Йæ царм ын къупристыгъд бакæнут, боныцъæхмæ мын дымстæй куыд лæууа, афтæ. Йæ Сатана, Сатана! Боныцъæхмæ мын, хæссынæн рог чи уа, хæрынæн æххуыс чи кæна, ахæм хæринæгтæ сцæттæ кæн. Райсомы бон æрбацъæх, афтæ мæ къуприйы æд хæринæгтæ цæвæрут. Ахæссут мæ æмæ мæ дæлæ фурды баппарут: æз сæфинаг дæн, æмæ куыд фесæфон, афтæ.
     Æмæ йæ фæласы дон. Ласынтæ йæ байдыдта.
     Кæфты сæр Хуыйæндон æлдарæн уыди кæфдзаутæ далæ фурды кæмдæр, æмæ йæ уыдон раппарынц, ай цы уа, зæгъгæ.
     Раппæрстой æмæ йæ райхæлдтой, æмæ дзы разынди зæронд лæг. Æмæ йæ скодтой Кæфты сæр Хуыйæндон æлдармæ. Æмæ йæм Хуыйæндон æлдар рацыди:
     – Цы дæ, цæвæр дæ?
     – Мæхицæн мæгуыр лæг дæн. Хъомгæс мæ куы баххуырсис, уæд дын Джеуæргуыбамæ хъомгæс ныллæууин!
     Баххуырсы йæ Джеуæргуыбамæ. Цæуы, уæдæ цы кæны: хизы, гъæйтт кæны. Ницæмæгомау æй дарынц. Мызд бæрæгыл дæр ницы уыйас бадзырдтой: æгæр зæронд уыд.
     – Бавзарут уал мæ, – загъта.
     Фыддзу, фыдсуадæтты йæ тæрынц. Джеуæргуыба æрхæццæ, йæ афæдз – къуыри ма йæ хъæуы. Уый хъæздыг лæг уыди æмæ куырдтæ дæр дардта.
     Зæронд Уырызмæг куырдадзмæ бацыд æмæ йæ кард сласта:
     – Уæ хорзæхæй, мæ кард мын рацæгъдут, ме 'мгъуыд æрцыди, æмæ æз иу къуырийы йеддæмæ ам нал уыдзынæн. Махмæ та Джеуæргуыбайæ фæстæмæ хистытæ кæнынц, æмæ мæ кард цыргъ куы уа, уæд дзæбæх уыдзæн хистытæ хæргæйæ.
     Кард иу иннæмæ ратты. Ницæмæ йæ дарынц: иу æй иннæмæ аппары, – хынджылæг дзы кæнынц.
     Кард фелвæста Уырызмæг, йæхæдæг æй хъæсдарæгыл иу-дыууæ дауды акодта.
     – Гъе, куыйтæ, æз Нарты Уырызмæг кæй дæн, уый зонут? Кæсут-ма уæ хъæсдарæгмæ!
     Кард ыл рауадзы æмæ хъæсдарæджы, инджын куыд уа, афтæ ахауын кæны.
     – Æз Нарты Уырызмæг кæй дæн, уый зонут? Кæсут-ма, кæддæра а изæр мæ кард Кæфты сæр Хуыйæндон æлдары бæрзæйыл фæхæцид! Бавзардзынæн æй!
     Куырдтæ лидзæг фесты: кæмæн йе 'ртысгæн, кæмæн йæ дзæбуг, йæ аркъау, сæ къухы цы уыди, уыдон ахаудысты æмæ Кæфты сæр Хуыйæндон æлдармæ балæууыдысты.
     – Цы кодтат? Цæй удаист стут?
     – Дæлæ дæ хъомгæс йæхи хоны Уырызмæг. Æмæ нæм куырдадзмæ йæ кард æрбахаста, æмæ дзы хынджылæг кодтам: нæ йын æй цыргъ кодтам. Зæхмæ йын æй аппæрстам, æмæ йæ зæххæй фелвæста. Дыууæ дауды йæ хъæсдарæгыл акодта: инджын куыд уа, афтæ йæ дыууæрдæм ахауын ласта. Æмæ дæм стыр æртхъирæн кæны: изæры, дам, кæддæра мæ кард Хуыйæндон æлдары бæрзæйыл фæхæцид!
     – Хуыцау мæ фесæфта, – уæдæ йæ фыддзу, фыдсуадон уымæн фæтардтон! – сагъæс, æрдиаг кæны Хуыйæндон æлдар. – Цæугæут тагъд, уæртæ йæ æрбаскъæрæны фынгтæ, бадæнтæ саразут, алы хæринаг, алы нозт сыл æрæвæрут.
     Æрцæттæ йын кодта йæ æрбаскъæрæны. Фынгтæй иудзæвгар ацыд йæ размæ зæрдæлхæнынæн.
     – Гъе, Уырызмæг, Уырызмæг, дæхи та мын цæй тыххæй нæ бацамыдтай! Хуыцау мын æй тæригъæд ма скæнæд!
     – Гъæ, мæнæ куыдз, дæ амонд дæ дзыхы ис, уыййеддæмæ дын æз мæ кард дæ бæрзæйыл бæргæ æрæвзарин.
     Æрбацæуынц фынгтæм. Рабадынц, минас кæнынц.
     – Гъе, Уырызмæг, Уырызмæг, цы ис æмæ дæ цы хæзна хъæуы?
     – Æмæ мын цы ратдзынæ мæ хъомгæсы мыздæй фылдæр?
     – Хуыцауы бын, цыдæриддæр дæ хъæуы, дæ зæрдæхудт ницæмæй райсдзынæн.
     – Ницы мæ хъæуы, мæн мæ хъомгæсы мызд дæр нæ хъæуы. Æрмæст мын Нартмæ æртæ барæджы ратт, Хæмыц æмæ Созырыхъомæ, дæ дзыллæйæ.
     Уый арвыста йæ дзыллæмæ æмæ æртæ барæджы æрбакодта, ахъаззаг барджытæ.
     Æрлæууын сæ кодта йæ разы Уырызмæг.
     – Цæугæут æмæ Хæмыц æмæ Созырыхъойæн афтæ зæгъут: «Сæдæ сæдæ – иусионтæ, сæдæ сæдæ – дыууæсионы, сæдæ сæдæ – æртæсионы».
     Уыдон ссыдысты Нартмæ:
      – Уæ зæронд лæг дæлæ махмæ ис, Уырызмæг, æмæ уæм æрвиты: «Сæдæ сæдæ – иусионтæ, сæдæ сæдæ – дыууæсионы, сæдæ сæдæ – æртæсионы».
      Нарт ныццин кодтой:
      – Йæ рынтæ йын бахæрæм Уырызмæгæн: зæрондырдæм та нын фосы конды фæци.
      Хæмыц æмæ Созырыхъо загътой:
     – А сæдæ дзы сикъотæ фæуæнт, сæдæ та дзы – дыууæ сыкъаджыны, фæлæ ай сæдæ сæдæ æртæ сыкъаджыны куы никуы фехъуыстам! Сатанамæ-ма бацæуæм, Сатанамæ: уый куы ницы бакæна, уæд мах ницы раиртасдзыстæм.
     Сатанамæ бацæуынц фæрсæг.
     – Гъæ, мæнæ куыйтæ, хæрджытæ, ныхасы куы бадт, уæд ыл алырдыгæй куы худтыстут: чи йæ къуырттон карчы аргъ куы хуыдта, чи йæ хуртуангæс куы кодта. Алчи уæ ныр йæ хъал бæхыл сбадæд, Нарты фæсивæд.
     Сбадтысты Нарты фæсивæд, æрцæттæ кодтой сæхи.
     – Ныр ацæут уыцы æртæ барæгимæ æмæ, нæхи зæххæй куы ахизат, уæд уыдон зæхмæ ныххиздзыстут. Æмæ уыдон зæхх уæ быны тасдзæн, тыхджын куыд стут, уымæ гæсгæ, æмæ æртæ барæджы дзурдзысты: «Ай фыдбылыз куы кæнæм нæ бæстæм, ай сæ зæхх куы нæ уромы. Цæй æмæ фæхицæнтæ уæм æмæ фæлидзæм фæйнæрдæм, – цæмæй ма нæ ссардзысты!» Уæд дзы иуæн йæ сæр ракъуырут æмæ йæ иннæйы æфцæгыл æрæфтаут, æмæ уæд уыдзæн дыууæсион. Ноджыдæр дæлдæр куы ныццæуат, уæд та дыууæ барæджы сагъæсы бацæудзысты: «Ацы æппæт адæм нæ бæстæм куы ныфтой, уæд нæ цæрын, хæрын нал уадздзысты», æмæ та лидзынмæ хъавдзысты. Дыккагæн дæр та йæ сæр ракъуырут æмæ дыууæ сæры æгас барæгыл бафтаут. Уый тæрсдзæн æмæ уæ сæ зæхмæ æмраст ныххондзæн, уый та уын æртæсион, æндæр, куыйтæ, цæй æртæсионы вæййы?»
     Нарты æфсæдты сæ бæстæм, Хуыйæндон æлдармæ, ныккодта æрвыст барæг. Равзæрстой уырдыгæй фондзыссæдзы хъуццытæ, фондзыссæдзы галтæ, фондзыссæдзы бæхтæ, сфардæг сты Нартмæ.
     – Ныр ма уæ исчи афтæ фесгуыхæд, Нарты хъал фæсивæд, æз куыд фесгуыхтæн, худынмæ дæсны куы стут!
     Афтæ Уырызмæг фосы конды фæци зæрондæй.

Радзырдта йæ Сидахъаты Сандро Царахъы фырт, февраль, 1924 аз. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 70, папкæ 25, ф.351–355.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru