поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сослан æмæ Уырызмæг
Автор: 00mN1ck / 3 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Иу бон куы уыди, уæд Сослан æмæ Уырызмæг сæ бæхтыл сбадтысты æмæ цæуын байдыдтой хæтæны. Афтæмæй Азны быдырмæ ныццыдысты. Азны æртæ лæппуйы сыл æрбамбæлдысты æмæ фæхъæр кодтой, фæлæ сæ хъæры дымгæ дардмæ фæхаста. Стæй сæ бафарстой:
     – Цæй тыххæй ныл хъæр кæнут? Цæуылнæ нæ уадзут фæндагыл?
     Азны лæппутæ загътой:
     –Ай мах бæстæ у!
     – Мах нæртон адæм стæм, фæндагыл цæуæм æмæ нæ цæуылнæ уадзут? – загътой Нарт.
     – Мах уæдæ нæртон адæм куы агурæм: нæ фыды хъалон нын цæуылнæ кæнут?
     – Уæ фыды хъалон цы уыди? – загътой Нарт.
     – Нæ фыды хъалон: карк кæмæ и – сæдæ карчы, фыс кæмæ и – сæдæ фысы, хъуг кæмæ и – сæдæ хъуджы, гал кæмæ и – сæдæ галы, бæх кæмæ и – сæдæ бæхы, бындзы сæры магъзæй – зилгæ къоппайы дзаг, хусар хъуымацы сыгъдонæй – бæтманы дзаг, царвæй – физонæггаг, Тутыры гуырд дыууæ галы, залгъæдæй сын æфсондз. Уыдон нын куы нæ ссарат, уæд уæ хъæухаст ракæндзыстæм.
     Фæстæмæ Нарт æнкъардæй раздæхтысты сæ хæдзæрттæм, хъæумæ æрбацыдысты æмæ ныхасы æрбадтысты. Хъæуы сæ бафарстой:
     – Æнкъардæй цæмæн æрбацыдыстут?
     – Фæндагыл фæцæйцыдыстæм æмæ нын Азны æртæ фырты нæ сæртæ лыг кодтой: хъалон нын цæуылнæ кæнут, зæгъгæ... Нæ фыды хъалон: карк кæмæ и – сæдæ карчы, фыс кæмæ и – сæдæ фысы, хъуг кæмæ и – сæдæ хъуджы, гал кæмæ и – сæдæ галы, бæх кæмæ и – сæдæ бæхы, бындзы сæрымагъзæй – зилгæ къоппайы дзаг, хусар хъуымацы сыгъдонæй – бæтманы дзаг, царвæй – физонæггаг, Тутыры гуырд дыууæ галы, залгъæдæй сын æфсондз. Ныр не сæфт æрцыди æмæ фæлидзæм; кæм ссардзыстæм мах уыдон?
     Стæй Уырызмæг загъта:
     – Æз Сатанайы бафæрсон, уый сын кæд исты хос скæнид.
     Ссыди йæ хæдзармæ, бандоныл йæхи æнкъардæй æруагъта.
     – Цы кæныс, нæ зæронд лæг, цæуыл æнкъард дæ? – бафарста Сатана.
     Уый загъта:
     – Мах, Æхснæртæгкатæ фос фæкæнæм, зæгъгæ, ацыдыстæм æмæ ныл Азны æртæ фырты сæмбæлдысты æмæ нын загътой: «Нæ фыды хъалон цæмæннæ кæнут?» Нартæн ныр сафынæй йеддæмæ хос нал и, куы нæ фæлидзой, уæд.
     Сатана йын загъта:
     – Доныбыттыртæм лæппу радтон, æмæ сын уый куы ницы хос скæна, уæд никæй бон суыдзæн.
     Стæй Сатана Доныбыттыртæм фæцыди æмæ сын загъта:
     – Æз уæм цы лæппу радтон, уый рарвитут, кæд истæмæн бæззы, кæнæ Нарт сæфынц.
     Стæй рахуыдта лæппуйы. Уырызмæджы фырт, – Асана йæ ном уыдис. Ацыди хæцынмæ лæппу æмæ æртæйы дæр – Азны фыртты амардта, æмæ сын сæ дзауматæ йемæ рахаста. Уалынджы Нарт сæ бынаты баззадысты. Асана фыдгæнæг уыди æмæ нæ уагъта Боириаты цæрын. Нард гал куы уыди, уæд-иу æй ныргæвста, нард бæх сæм куы уыди, уæд-иу ыл фæбадти. Уæларв Куырдалæгонимæ та куырд ахуыр уыди, æмæ бирæ фос Куырдалæгонæн ныббастой Боириатæ, ай нын амар, зæгъгæ.
     – Амæн марæн нæй, – загъта Куырдалæгон, фæлæ сын авд ивазны уæрм скъахын кодта йæ куырдадзы фарсмæ; уæрмы сæрыл урс бинаг байтыдтой, æмæ уым Асана ныххауди, куырды куыст куы кодта, уæд.Боириатæ йæ уæрмы фидар нымбæрзтой. Стæй Æхснæртæгкатæ йæ агурын байдыдтой, æфсæн æрчъитæ сæ уæлæ, афтæмæй. Кæм æй ссардтаиккой! Æхснæртæгкатæ сæ хæдзармæ куы 'рцыдысты, уæд сæ Сатана бафарста:
     – Никуы арут?
     – Нæй.
     Уый фæстæ сæ Боириатæ бахуыдтой æмæ сын минас кæнын кодтой. Сырдон та, Æхснæртæгкаты æфсымæр, ныхасы бабадти æмæ загъта:
     – Ай диссаг! Сæ хуыздæры сын амардтой, ныр сæ хæдзармæ бацыдысты æмæ сын минас кæнын кæнынц.
     Сосланæн уадахсин йæ лымæн уыди æмæ йын йæ хъусы адзырдта Сырдоны ныхæстæ. Стæй Сослан сыстади æмæ загъта:
     – Ацæуын афон дæр нын у æмæ фæцæуæм нæ хæдзæрттæм.
     Ацыдысты, фæлидзын сфæнд кодтой. Сæ хо Агуындæ Боириаты ус уыди. Уый сын загъта:
     – Ма фæлидзут, туг донæй æхсад вæййы æмæ бафиддзыстæм уæ туг!
     Стæй сæ хойæн загътой:
     – Боириаты хæрæг дыл слиуырæд, куы нæ нæ бауромай, уæд!
     Йæхæдæг мæсыджы сæрмæ фæцæйцыди, хæрæг дæр йæ фæстæ. Стæй сæ уый дæр ралгъыста:
     – Авд азы уæ кæрдаг кард ма ныккæрдæд, уæ уайаг бæх мауал æруайæд, кæмæ фæцæуат, уый фыдæх ссарут, авд азы уæм йæ дзыхæй Канцысæр Хуæндон куыд нæ сдзура!
     Канцысæр Хуæндон æлдармæ та лидзгæ кодтой; фæлыгъдысты.Иу аз сыл рацыди, æлдар сæм йæ дзыхæй не сдзырдта. Стæй иу лæг хист кодта æмæ дугъ уагъта, Сосланы та уырдыгыстæг бахуыдта. Иу лæг гал æргæвста æмæ Сосланæй кард ракуырдта: кард нæ ныккарста æмæ йын æй аппæрста.Сослан йæ цæстысыгтæ æркалдта. Æхснæртæгкатæ дæр сæ бæх уыцы дугъы арвыстой æмæ нæ æрбауади, фæсте баззади. Авд азы куы ацыди, уæд сæ æлгъыст дæр фæци.
     Иу бон куы уыди, уæд иу лæг хист кодта; афтæмæй та Сослан йæ кард радта гал æргæвдæгмæ æмæ йын загъта:
     – Зыст æй ма æрбариуыгъ!
     Фæлæ лæг тынг æрбариуыгъта æмæ галы хурх ахауын кодта, стæй йæхи уæрджытæ дæр. Уæд Сослан бахудти. Лæг ын загъта:
     – Цæуыл мæ амардтай?
     – Куы дын загътон – æгæр æй ма æрбауадз! – загъта Сослан.
     Дугъы дæр та сæ бæх арвыстой æмæ йын бафæдзæхстой:
     – Æртæ боны сæ раздæр рауадз.
     Æртæ боны сæ раздæр рауагъта, стæй сæ расырдта æмæ кæй куыд æййæфта, афтæ сын сæ хъыбылтæ скъуыдтæ кодта æмæ йæхæдæг æрбацыди. Бахудти та Сослан, ссыди æмæ куырдадзы йæ цæстысыгтæй йæ цирхъ сыссадта. Стæй афтæ зæгъы:
     – Дæ лæх Сосланы мæрдтæ бахæрæнт! Кæд ма мæм ды (Хуæндон æлдар) ацы хатт дæр не сдзурай, æз дын ацы цирхъ дæ сырх бæрзæйыл куы нæ бавзарон!
     Кард хъæсдарæгыл æрæвзæрста æмæ йæ дыууæ ахауын кодта къуыдыримæ. Иу лæппу йæ цуры уыди æмæ бацыд æмæ загъта æлдарæн, кæй фехъуыста Сосланæй, уый. Æлдар адæмыл ныхъхъæр кæнын кодта:
     – Ахсæв нæ уазæджы хынцгæ кæнын æмæ нозт, хойраг хæссут, галтæ æргæвдут. – Стæй æрбахуыдта Æхснæртæгкаты æмæ сын загъта: – Уæ зæрдæ мыл ма худæд: авд азы уæм мæ дзыхæй не сдзырдтон, æлгъыст кæй уыдыстут, уый тыххæй, ныр мæ цы курут, уый мын зæгъут.
     Уыдон загътой:
     – Иу адæмы къорд нæ хъæуы æмæ нын радт.
     Уый сын загъта:
     – Райсом, йæ зæрдæ бæхыл чи дары уе 'ртæйæ, уый йæ бæхыл сбадæд æмæ уартæ быдыры иу обау и æмæ уымæн йæ дуар йæ зæвæтæй цæвæд, уæд байгом уыдзæн, йæхæдæг лидзæд, фæстæмæ ма фæкæсæд, уæд уым адæм уыдзæн.
     Уырызмæг йæ бæхыл сбадти райсом æмæ дуар ныццавта; уырдыгæй адæм лæсын байдыдтой æмæ быдыртæ байдзаг сты.
     – Ныр адонæн цы кæнæм, сæ нымæц сын куы нæ ссардзыстæм; сæ нымæц сын куы нæ ссарæм, уæд нын аххос нæ фæуыдзысты?
     Стæй Уырызмæг йæ хæдзармæ рацыди æмæ йæ усæн загъта:
     – Æфсады нымæцæн хос нæ арын.
     – Æз ссардзынæн, – загъта уый æмæ бахуыдта æртыкъахыг хæлаф æмæ йæ дурыл байтыдта. Райсомæй Сырдон бацыди æмæ дис кодта: «Æхснæртæгкатæн дысон-бонмæ сæ æфсæдты æхсæн куы фæхадтæн æмæ сæдæ сæдæйы æмæ æртæ сæдæ сæ уæлдай, фæлæ æртыкъахыг лæг куы нæ федтон». Уæд базыдтой сæ æфсæдты нымæц; æфсæдтæ уыдон баисты. Уырызмæг уæд загъта:
     – Фыццагдæр йæ тырыса чи ныссадза Боириаты хæдзары сæр, уымæн мæ ус Сатанайы дæр ратдзынæн.
     Уæд бацыдысты, иу лæг раздæр, уый фæстæ дыккаг, Уырызмæг æртыккаг. Сатана уыцы фæнд базыдта æмæ фæтарсти, искæй хай куы фæуа. Хæдзары сæрæй сæм касти æмæ Хуыцаумæ скуывта:
     – О Хуыцау, мæ Хуыцау! Фыццаг цæмæй амæла!
     Афтæмæй фæцæф и фыццаг æмæ амарди. Дыккаг раздæр фæци æмæ фæцæуы, йæ тырыса йæ къухы. Сатана та ногæй Хуыцаумæ скуывта, æмæ та уый дæр мард фæци. Æртыккаг Уырызмæг йæхæдæг уыд æмæ бацыди æмæ Боириаты хæдзарыл йæ тырыса æрсагъта. Афтæмæй йæ ус йæхицæн баззади. Боириаты фæцагътой, ныххæлиу сæ кодтой æмæ та Нарт сæ бынатмæ æрцыдысты æмæ бацардысты уым, – ныр дæр цæрынц. Уыдон æрцыдмæ хорзæй цæрут.

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды», часть 1. Ученые записки Имп. Московского университета, Москва, 1881, с. 70–76.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru