поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты Сослан æмæ Бызгъуан уæйыг
Автор: 00mN1ck / 4 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Нарт сфæнд кодтой стæры фæцæуын лæг хуыздæр æмæ лæг тыхджындæрæй. Фæцæуынц æмæ быцæу кæнынц: «Фылдæр фæллой нæ чи радта, уый уæд Нартæм разагъддæр». Сразы сты се'ппæт дæр. Се стæры цыд уыди æртæ азы æмгъуыдмæ.
     Цæуынц иу быдыры æмæ ахæццæ сты тархъæдмæ. Иу айнæджы сæрыл зынди фидар. Сослан сфæнд кодта, цавæр фидар у, уый базонын. Йæхи барæй фæстæдæр æрурæдта æмæ ссыди фидармæ. Фидары дуар уыди гом, бацыд æм, йæ бæх æрбаста æмæ рудзынгæй кæсы: уым Бызгъуаны уæйыг хуыррытт фынæй кæны, йæ фындзыхуынчъыты тæфæй уæлхæдзары къæйтæ схау-схау кæнынц. Базыдта йæ Сослан, Бызгъуаны уæйыг тыхгæнæг кæй у, йæхи мæгуыр лæджы хуызы равдыста æмæ бахъæр кодта:
     – Бызгъуаны уæйыг, æз дæ мад дæ фыды фæдзæхст, Нарты Сослан мæ æргæвды æмæ мæ фервæзын кæн, – зæгъы йæхицæй Сослан.
     Бызгъуаны уæйыг фæтæррæст кодта йæ хуыссæнæй, æддæмæ рауади, кæсы Сосланмæ. Сослан уæйыгæн уыд йæ фадхъулты онг. Фæхъæр ыл кодта уæйыг:
     – Чи дæ, цавæр дæ, кæцæй æрхаудтæ?
     Сослан зæгъы:
     – Мæгуыр лæг дæн, Нарты æххуырсты уыдтæн, Сосланы хъуг мын бирæгътæ бахордтой, æмæ мæ марыны фæнд скодта, æнæхъæн мыггагæй мæ агурынц, фæстейы мæ расырдтой, мæхицæн ма уый зыдтон æмæ дæумæ æрбалыгъдтæн, фæлæ æз де уазæг, мауал мæ ратт Сосланмæ, сфизонæг мæ кæндзæни удæгасæй.
     – Саг фæрæтмæ æрцыди, æнхъæлдæн, æз уыцы куыдзы фырты рагæй куы агурын, уæдæ чердæм фæцæуынц, уый мын бацамон.
     – Уый дын бацамондзынæн, фæлæ мæн демæ мауал акæн, аныхъуырдзæн мæ.
     – Уæдæ ды ам ме 'рцыдмæ лæуу, æз фенон Сосланы, кæддæра цавæр адæймаг у.
     – Фæлæуу, уæйыг, афтæмæй ма ацу, фæлтау Нарты рæгъæуттæ ратæр æмæ дæм сæхæдæг цæудзысты, – зæгъы Сослан.
     Бызгъуаны уæйыг ацыди хъæумæ. Уæд Сослан бакатай кодта: «Амæн йæ амæлæт цæмæй у, уый куы базонин».
     Бызгъуан уæйыгмæ искæйон царди, æмæ йæ Сослан фæрсы:
     – Йæ мæлæт цæмæй у, уый мын бацамон, стæй йын æз хос кæндзынæн.
     Искæйон ын зæгъы:
     – Уымæн амæлæт нæй, æрмæст мæсыджы сæрмæ ис сагъд æртæ фаты. Иу дзы – йæ уд, иннæ – йæ ныфс, æртыккаг – йæ тых. Ды бавдæл, ныггæнды сау арахъан бæх баст, уый ралас, кæд дæ йæхиуыл бадын бауадза, уæд хорз; кæд дæ нæ бауадза, уæд æй йæ фæстаг къæхтæй ныззил; уый дæ йæ барæг фенхъæлдзæн, æмæ йыл сбад. Уæларвмæ дæ аскъæфдзæн, фæстæмæ здæхгæйæ мæсыджы фæрсты ратæхдзæн, æмæ-иу ды æртæ фаты дæр раскъæф, стæй уæд цæттæ дæ.
     Сослан раласта сау арахъан бæхы, бæх æй йе рагъмæ не суагъта. Сослан фæлæбурдта бæхы фæстаг дыууæ къахмæ, цъилау æй ныззылдта, бæх æрлæууыди. Сослан ыл абадти, бæх æй аскъæфта. Фæстæмæ ратахти мæсыджы фæрсты æмæ æртæ фаты раскъæфта Сослан, стæй фидармæ бацыди æмæ æнхъæлмæ кæсы Бызгъуаны уæйыгмæ.
     Бызгъуаны уæйыг Нарты хъæуы фæллой рахаста, сæ фос сын ратардта. Сатана фæдис хъæргæнæг фервыста Нартæм. Нартæ сæ стæры цæуын фæуагътой, фæлæ ратындзыдтой фæстæмæ. Нарты æрцыдмæ Бызгъуан уæйыг уым нал уыди. Уыдон ныккатай кодтой, уæдæ ма ныр цы бакæной. Бацыдысты Сырдонмæ æмæ йæ фæрсынц:
     – Исты нын бацамон, чердæм фæцыдаид Бызгъуан уæйыг, уый та зондзынæ.
     – Æз ын ницы зонын, кæд зона, уæддæр Сатана.
     Сатанайы бафарстой æмæ сын загъта:
     – Кæд Сосланæн кувдзыстут, уæд уын уый æртæрдзæн канд уæ фос нæ, фæлæ ма Бызгъуаны уæйыгæн йæхи фос дæр. Кæд уæм ис уымæй тыхджындæр, уæд ацæуæд æмæ æртæрæд хъæуы фос.
     – Махæн уый нæ бон куы уаид, уæд дæу нæ фæрсиккам. Сосланæй æхсарджындæр æмæ хъаруджындæр нырма канд Нартæм нæ, фæлæ Чынтæм дæр нæй.
     – Уæд цæут гомдзых хъæдыл, Сосланæн йе 'рцыд ууылты у.
     Нартæ гомдзых хъæдыл акалдысты Сосланы размæ. Бызгъуаны уæйыг фæхæццæ кæны йæ галуантæм æмæ дардæй хъæр кæны:
     – Багъæц,Сослан, ды мын дæхи барæй нæ хъæр кодтай, фæлæ ныр та кæдæм ирвæздзынæ.
     Бызгъуаны уæйыг бахæццæ фидармæ, Сослан æй фатæй фехста æмæ уæйыгæн йæ тых æрсасти, ныдздзойтæ кодта; дыккаг æхст æй фæкодта æмæ зæххыл сæмбæлди. Уæйыг æм дзуры:
     – Сослан, мæ уд-ма мын ныууадз æмæ мæ фæллой иууылдæр ахæсс.
     – Дæ хуызæн джауырæн йæ цæрæнбонæй йæ амæлæт хуыздæр у.
     – Уæдæ мæ куы амарай, уæд мæ сæры астæу иу урс æрду ис, гъеуый-иу де 'нгуылдзыл атух, цы тых дæм ис, дыууæ ахæмы дæм ноджыдæр бафтдзæн.
     Сослан æртыккаг фатæй фехста Бызгъуан уæйыджы æмæ амарди. Йæ сæры астæу цы урс æрду уыд, уый йын стыдта, раздæр æй бæласыл æрбатыхта, æмæ бæлас дыууæ фæхауди, стæй та йæ иннæ бæласыл, уый дæр та афтæ. Алыг кодта авд бæласы, стæй йæ йæ кæстæр æнгуылдзыл бабаста æмæ йæ тых фæдывæр ис. Бызгъуаны уæйыгæн йæ фос Нарты фосимæ æсиу кодта æмæ сæ ратардта, галуантæ та уæйыджы искæйонæн ныууагъта. Уырдыгæй рацыди Сослан, æмæ йыл Нартæ фембæлдысты гомдзых хъæды, кад кодтой Сосланæн. Уæдæй фæстæмæ Сосланы ном Нарты 'хсæн кадджындæрæй баззади.

Радзырдта йæ Беджызаты Леуан Пепейы фырт, 127-аздзыд, едысаг. Ныффыста йæ Беджызаты Дудар Герасимы фырт. 9 апрель,1940 аз.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 152, папкæ 43, ф. 44–47.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru