поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Созырыхъо
Автор: 00mN1ck / 4 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Созырыхъо Борæтæй уыдис, фæлæ мад æмæ фыдæй нæ райгуырд. Сатана хорз ус уыдис, æмæ зæдтæй алчидæр загъта: «Мæхицæн æй хæзгул куы бакæнин!» Иубон куы уыди, уæд Сатана йæ хæлаф цæхсадта æмæ йæ дурыл хурмæ байтыдта. Уастырджи æрцыди æмæ загъта: «Дæ хæлаф та мын кæдæм цæудзæнис!» Бацыди Уастырджи хæлафмæ дуры уæлæмæ æмæ хæлафыл фæмызта, стæй уымæй дуры гуыбыны бацыди уд. Сатана базыдта, йæ хæлафыл Уастырджи кæй фæмызта æмæ дуры гуыбыны уд кæй бацыдис. Стæй дуры мæйтæ хынцын байдыдта, æмæ йе 'мгъуыд куы 'рцыдис, уæд дур бакъæртт кодта, æмæ дурæй Созырыхъо рацыдис ихы хуызæнæй æмæ хъазын байдыдта. Иу бон куы уыди, уæд Бурæфæрныджы æртæ лæппуимæ фæхъазыди, сихормæ сæ иууылдæр амбылдта, сæ рахиз къухтæ сын ракодта æмæ сæ рахаста йæ хæдзармæ. Дыккаг бон рацыди æмæ æрцыди æмæ лæппутæн загъта:
     – Абон мæ кæд амбулат, уæд мæ рихитæ алыг кæнут æмæ сæ ахæссут, кæд æз сымах амбулон, уæд æз уæ рихитæ алыг кæндзынæн æмæ сæ ахæсдзынæн.
     Стæй фæхъазыди, сихорафон сæ амбылдта æмæ сын сæ рихитæ ралыг кодта æмæ сæ рахаста йæ хæдзармæ.
     Æртыккаг бон райсом ныццыдис æмæ загъта лæппутæн:
     – Абон ахъазæм рахиз цæстытыл: кæд уæ амбулон, уæд уæ рахиз цæстытæ æз ракæндзынæн æмæ сæ ахæсдзынæн мæ хæдзармæ, кæд мæ сымах амбулат, уæд мæ рахиз цæст сымах ахæссут.
     Стæй сихорафон куы 'рцыдис, уæд амбылдта лæппуты Созырыхъо æмæ сын сæ рахиз цæстытæ ракодта. Уалынджы лæппуты мад рацыдис æмæ Созырыхъойæн загъта:
     – Хæзмы быдыры Сау денджызы æддейы цæры Куыцыччы фырт Елтагъан; йæ сæры царм сыгъзæрин у. Кæд тыхджын дæ, Созырыхъо, уæд Елтагъаны амар æмæ йын йæ сæры царм растигъ æмæ йæ рахæсс æмæ уымæй дæ кæрцы æфцæггот скæ.
     Созырыхъо уый куы фехъуыста, уæд ын хъыг уыдис æмæ загъта:
     – Æнæ цæугæ мын нал ис Елтагъанмæ.
     Стæй ацыди Сау денджызы æддейæ æмæ Елтагъаны дуармæ бацыди. Ракасти йæм Елтагъан:
     – Æгас цæуай, хорз уазæг, кæм уыдтæ?
     Созырыхъо йын загъта:
     – Дæ хорздзинад фехъуыстон æмæ уый тыххæй æрцыдтæн.
     Елтагъан бурæ нæл фыс аргæвста, хорз уазæг æй скодта æмæ загъта:
     – Уазæг, цымæ Нарты Созырыхъо цæмæй тыхджын у, тыхджын лæг æй куы хонынц?
     Созырыхъо загъта:
     – Созырыхъо тыхджын куыд нæу? Дыууæ нæмыгæй топп куы сифтындзай æмæ йæ Созырыхъойæн йæ риуыл куы фехсай, уæд йæ размæ нæмгуытæ æрхауынц мæнæ кæрдойы хуызæн.
     – Хорз уазæг, дæумæ дæр хорз топпы хуызæн ис, сифтындз-ма йæ дыууæ нæмыгæй æмæ йæ мæнæ мæ риуыл ныццæв, кæддæра мæ бахизиккой нæмгуытæ, – загъта Елтагъан.
     Созырыхъо дæр сифтыгъта хъæбæр йæ топп æмæ йæ фехста Елтагъанæн йæ риуыл, æмæ нæмгуытæ æрхаудтой йæ размæ дыууæ кæрдойы хуызæн. Стæй Елтагъан загъта:
     – Цæмæй ма тыхджын у Созырыхъо?
     – Созырыхъо тыхджын куыннæ у! Дæ кард куы сцыргъ кæнай, æмæ дæ дыууæ къухæй куы ныццæвай Созырыхъойæн йæ сæр, уæд дзы æрду дæр нæ алыг кæндзæн.
     – Хорз уазæг, – загъта Елтагъан, – дæумæ дæр хорз карды хуызæн куы и, ныццæв-ма мын мæ сæр!
     Сыстади Созырыхъо, йæ кард сласта æмæ йæ дыууæ къухæй ныццавта Елтагъанæн йæ сæр, фæлæ дзы æрду æмæ æрдæг нæ алыг кодта.
     Æмæ йын загъта та Елтагъан:
     – Ныр-ма зæгъ, хорз уазæг, цæмæй ма тыхджын у Созырыхъо?
     Æмæ загъта Созырыхъо:
     – Созырыхъо тыхджын куыд нæу! Зымæгон уæрм куы скъахай æмæ йæм Теркæй дон куы рауадзай æмæ уыцы уæрмы Созырыхъойы куы цæвæрай иу къуыри, уæд уыцы уæрм ныййих уыдзæн æмæ куы ныййих уа, уæд æй йæ сæрæй стондзæнис, ахæм тыхджын у.
     Стæй загъта Елтагъан:
     – Цæй-ма уæдæ мæнæн дæр скъахут уæрм æмæ-ма мæ цæвæрут уæрмы æмæ мыл рауадзут Теркæй дон æмæ мæ ныууадзут иу къуыри уым æмæ ныййих уа, кæддæра йæ стонин мæ сæрæй.
     Стæй скъахтой уæрм, рауагътой Теркæй дон æмæ йæ ныууагътой иу къуыри; стæй йыл ныййих и дон. Уый фæстæ йæм Созырыхъо бацыди æмæ загъта:
     – Цæй-ма, Елтагъан, схæц, стондзынæ дæ сæрæй их?
     Елтагъан схæцыдис æмæ йæ стыдта йæ сæрæй. Афтæмæй йæ сæр фæуæлейæ и, фæлæ йæ уæхсчытæ нæ цæуынц, æмæ ныссагъди уым ихы мидæг.
     – Схæц ыл, асæтдзæнис! – загъта йын Созырыхъо.
     Елтагъан ыл схæстытæ кодта æмæ йын нæ бакуымдта их сæттын.
     Уæд загъта:
     – Нæ йæ фæразын сæттын!
     Стæй йын загъта Созырыхъо:
     – Елтагъан! Ныр цымæ мæ кард дæ сæр ракæнынæн ницы бакæндзæнис? Æз Созырыхъо кæй дæн, уый дæ бауырнæд.
     Сласта Созырыхъо йæ кард æмæ Елтагъаны сæр лыг кæны æмæ йæ нæ фæразы.
     – Дæ хорзæхæй, – загъта Елтагъан, – фыдæбонæй мæ мауал мар, мæхи кард мын æрхæсс æмæ уымæй мæ сæр ракæ!
     Стæй йын Созырыхъо йæ кард æрхаста æмæ йын загъта:
     – Дæуæн дæ тых куыд у, афтæ дæ зонд куы уыдаид, уæд дын тых ничи бакодтаид; фæлæ æз дæуæй зондæй тыхджындæр дæн.
     Стæй йын йæ сæр куы ракодта Созырыхъо, уæд сæр ралиуырдта æмæ Созырыхъойы къухы кардæн йæ фистоныл йæ дзыхæй фæхæст и. Созырыхъо алыгъди, æмæ йæ Елтагъаны сæр асырдта. Стæй ныууазал и сæр æмæ ныллæууыди, йæ кард дæр æрхаудта. Созырыхъо уый куы федта, уæд йæхæдæг ныллæууыди, раздæхти йæм æмæ йын йæ сæры царм бастыгъта. Елтагъаны хæдзары цыдæриддæр уыдис, иууылдæр сæ ахаста йæ хæдзармæ.
     Стæй Созырыхъо æрæмбырд кодта Нарты хъæуы чызгæй, ног чындзæй се 'ппæты дæр æмæ сын загъта:
     – Скæрдут мын сæрдзæрттæй æмæ рихидзæрттæй кæрц!
     Æмæ чындзытæ федтой, куыд рахаста Созырыхъо сæрдзæрттæ æмæ рихидзæрттæ. Чи загъта:
     – Мæ фыды сæрдзарм у.
     Чи загъта:
     – Ме 'фсымæры рихидзарм у.
     Чи загъта:
     – Мæ мойы сæрдзарм у.
     Æмæ йын загътой:
     – Райсом æрцæудзыстæм.
     Райсомы та йæм æрцыдысты æмæ йын скарстой кæрц.
     Стæй ацыдысты æмæ бацыдысты къулбадæг усмæ æмæ йын загътой:
     – Кæрц скарстам Созырыхъойæн нæ фыдæлты цæрмттæй, не 'фсымæрты рихидзæрттæй æмæ нæ мойты сæрдзæрттæй. Ныр ын хин скæнæм; фæрсæм дæ æмæ нын зæгъ, бацамон нын, цы бакæнæм.
     Къулбадæг ус сын загъта:
     – Æнæфцæггот ын йæ кæрц ныууадзут æмæ йæ куы бахуийат, уæд ын æй йæ уæлæ скæнут æмæ йын зæгъут: «Хорз у дæ кæрц, фæлæ ма æфцæггот хъаджджын у æмæ йын куы 'рхæссис Тары фырт Мукарайы сæры царм, – уый хонынц сызгъæрин, – уæд уыдзæни æххæст дæ кæрц».
     Къулбадæг ус сын куыд загъта, чызджытæ афтæ бакодтой.
     Стæй ацыдис Созырыхъо. Мукарамæ куы бацыди, уæд фæхъæр ласта:
     – Мукара, уым нæ дæ?
     Мукара уый куы фехъуыста, уæд загъта:
     – Уый Созырыхъойы хъæр куы у; ацæут æмæ йын зæгъут: «Ам нæй Мукара».
     – Ссарут мын æй, – загъта Созырыхъо, – æнæссаргæ хос нæй.
     Стæй йæм ацыдис Мукара йæхæдæг æмæ йын загъта:
     – Цы кæныс, Созырыхъо, цы дæ хъæуы? Цæмæн мæ агурыс?
     – Сахъолай уынджы ахъазæм хъулæй, – загъта Созырыхъо, – кæд мæ ды амбулай, уæд мын мæ сæр ракæ; кæд дæ æз амбулон, уæд дын дæ сæр æз ракæндзынæн.
     Сразы ис Мукара æмæ ацыдысты Сахъолай уынгмæ, æмæ загъта Созырыхъо Мукарайæн:
     – Ауил дæ хъул!
     Мукара загъта:
     – Ды æрцыдтæ ардæм быцæу кæнынмæ æмæ ды аппар фыццаг, Созырыхъо!
     Созырыхъо аппæрста æмæ дзы, æртæ боны най кæй бакæна лæг, уыйас акалдис еуу уыцы хъулæй.
     – Уыцы еуу æруидзын хъæуы, – загъта Созырыхъо.
     Стæй Мукара йæ хъул ауылдта æмæ йæ хъулæй акалдысты карчы цъиутæ, еуу уидзын байдыдтой æмæ сæ фæйнæ нæмыджы нæ фæци.
     – Ныр та ды разæй ауил дæ хъул, – загъта Созырыхъо.
     Ауылдта Мукара, æмæ дзы нæл хуы агæпп ласта æмæ алыгъди хъамылмæ. Стæй Созырыхъо ауылдта, æмæ æртæ егары агæпп ластой æмæ асырдтой нæл хуыйы æмæ йæ къабазгай æрбахастой Мукарайы размæ. Стæй Мукара загъта Созырыхъойæн:
     – Ныр та ды ауил хъул!
     Ауылдта Созырыхъо æмæ Нарты хæдзæрттæ ссыгъдысты.
     – Уыдонæн исты хос хъæуы, – загъта Созырыхъо Мукарайæн.
     – Æз уыдонæн ницыуал зонын; цы кæныс, уый мын бакæ, – загъта Мукара.
     – Фæкæс-ма мæнмæ! – загъта Созырыхъо.
     Стæй ауылдта йæ хъул, æмæ уарын ныллæууыди æмæ хæдзæрттæ бахуыссын кодта. Стæй йын загъта Мукара:
     – Ракæ мын, Созырыхъо, мæ сæр; амбылдтай æмæ уый тыххæй.
     – Иу уылд-ма акæ, уыцы бар ма дын дæттын, – загъта йын Созырыхъо.
     Ауылдта та Мукара, æмæ æртæ бæлоны хъулæй атахтысты.
     – Уыдон æрцахс! – загъта уый Созырыхъойæн.
     Созырыхъо йæ хъул систа йæ дзыппæй æмæ дзы æртæ хъæрццыгъайы алиуырдтой æмæ æртæ бæлоны асырдтой, æрцахстой сæ, æрхастой сæ Мукарайы размæ æмæ сæ аргæвстой. Стæй Мукара загъта Созырыхъойæн:
     – Алыг мын кæ мæ сæр, амбылдтай мæ!
     – Хорз лæг дæ, Мукара, – загъта Созырыхъо, – æмæ мæ дæ сæр ракæнын нæ фæнды.
     Стæй йын йæ сæры царм растыгъта æмæ йыл хостæ ныккодта. Ног царм æрзадис Мукарайæн йæ сæрыл æмæ æгасæй баззади.
     Стæй Созырыхъо уыцы царм йæ хæдзармæ æрхаста æмæ йæ кæрцæн уыцы цармæй чындзытæ æмæ чызджытæ æфцæггот бахуыдтой.

Всеволод Миллер. «Осетинские этюды». часть 1. Ученые записки имп. Моск. университета, вып. Москва, 1881, с. 26–28.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru