поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Созырыхъо æмæ Сырдон
Автор: 00mN1ck / 8 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Созырыхъо фæндыр цæгъдынмæ уыд тынг дæсны. Райсомæй-иу ныхасы балæууыд йæ фæндыримæ æмæ Нартæн алы диссаджы цæгъдтытæ фæкодта. Уæд иу рæстæджы Созырыхъо ныхасмæ нал цыдис, фæлæ-иу Нарты фæсзæнг фæндыр цагъта иунæгæй, йæ цуры ничи уыдис, афтæмæй. Нартæ дисы бацыдысты, Созырыхъо ам цæуылнæуал цæгъды, зæгъгæ. Уæд сын гæды Сырдон загъта:
     – Æз уын æй бафæрсдзынæн, базондзынæн, – æмæ йæм ацыд.
     Бараст Созырыхъойы цурмæ æмæ йæ фæрсы:
     – Кæмæн фæндыр цæгъдыс, дæ цуры куы ничи ис, дæ фæндыры цагъд куы ничердæм у, уæд.
     – О Гæтæджы фырт гæды Сырдон, дæ бон ныккалай, кæд та мæ къахгæ кæныс.
     Уæд ын Сырдон загъта:
     – Ницы дæ къахын, – сыгъдæгæй дæ фæрсын.
     – Уæдæ хъус, Сырдон, – загъта Созырыхъо. – Æз Хуырдоны калакæй иу сылгоймагимæ лымæн дæн æмæ йын фæндыр куы нæ цæгъдон ардыгæй, уый та мæм йæ авджын фæрсагæй куы нæ хъуса, уæд нæ фæразæм æнæ кæрæдзи, – загъта Созырыхъо.
     – Уæ, гæды бадат, Нартæ, куыд хин стут, куы, æз мæ дæлимонтæй гуырд бæхыл куы сбадын райсомæй, уæд иннæ райсом куы ныххæццæ вæййын уырдæм, уæд дæ фæндыры цагъд уырдæм куыд хъуысы,– загъта Сырдон.
     Уæд та Созырыхъо афтæ:
     – Уæдæ дæ кæд нæ уырны, уæд хæснаг скæнæм æмæ кæд мæ фæндыры цагъд мæ уарзоны уатмæ нæ хъуыса, уæд дын æз мæ саулохаг бæх ратдзынæн, науæд та дæ бæх – мæн.
     – Фод, – загъта Сырдон.
     Афтæмæй йæ бæхыл сбадтис æмæ Хуырдоны калачы Созырыхъойы уарзоны дуармæ балæууыд. Бæх абаста бæхбæттæныл æмæ хæдзармæ бадзырдта.
     Ус æм ракаст, афтæмæй йын «æгас цу» загъта.
     – Нæртон лæджы хуызæн дæ æмæ дын нæртон лæджы ахуыст хъæуы.
     – Бæгуы дæн нæртон лæг, – загъта Сырдон æмæ сæм бацыд. Уæд ус арынг æрæвæрдта æмæ ссад луары, афтæмæй иу гæпп йæ арынгмæ кæны, иннæ та фæрсагмæ. Сырдон æм нал фæлæууыд æмæ йæм дзуры:
     – Гæды сылы хуызæн мæм кæсыс, кæд мын нæртон ахуыст кæныс, уæд иу гæпп рудзынгмæ цæмæн кæныс, иннæ та арынгмæ?
     – Хуыцау ма ныббарæд Созырыхъойæн, фæрæдийын мæ кодта æмæ фыд лымæн баистæм. Ныр дæр та йын йæ фæндыры цагъдмæ хъусын. Йæ фæндыры цагъдмæ йын куы нæ хъусон, уæд нæ фæразын. Ууыл æрдхорд стæм, – загъта ус.
     – Оу, мæнæ диссаг, мæнæ мæ дæлимонтæй гуырд бæх ардæм тыххæй куы хæтдзæ кæны, уæд Созырыхъойы фæндыры цагъд ардæм куыд хъуысы? – хъæр кæны Сырдон.
     Уæд ус рудзынг бакодта æмæ Сырдонмæ дзуры:
     – Айхъус, кæд дæ нæ уырны, уæд.
     Сырдон бæлвырд хъуыста фæндыры цагъд. Раст цыма йæхи цур уыди, уый хуызæн хъуыст.
     Гъæтт, мæ хæдзар фехæлд, мæ бæх сæфы, зæгъгæ, æмæ ма усы афарста, ардыгæй дарддæр нæ хъуысы Созырыхъойы фæндыры цагъд, зæгъгæ.
     Æмæ ус загъта:
     – Ардыгæй абон араст кæн æмæ бон-изæрмæ кæдæм фæхæццæ уай, уырдыгæй дæр дарддæр хъуысы.
     Уæд Сырдон цинæй мæлгæ рараст, амбылдтон бæх, зæгъгæ.
     Ссыди Созырыхъомæ æмæ йæм бадзырдта, гъе, Созырыхъо, дæ саулох ралас, æмбылды фæдæ, зæгъгæ.
     Созырыхъо рауад æмæ джихæй кæсы:
     – Ау, мæ фæндыры цагъд уырдæм нæ фехъуыст?
     – Уæллæй, уырдæм нæ, фæлæ ма уæлдæр дæр хъуысы, – загъта Сырдон.
     – Æмæ уæдæ æмбылд ды фæдæ, – худгæйæ загъта Созырыхъо.
     – Нæ, ды загътай æрмæстдæр мæ уарзонмæ хъуысы мæ фæндыры цагъд, зæгъгæ, фæлæ дæ фæндыры цагъд та хъуысы дыууæ хатты дарддæр, – загъта Сырдон.
     – Уæллæй, амбылдтай мæ, – загъта Созырыхъо, – Хуыцау дын ма ныббарæд, уайтагъддæр та йæ зыдтон...
     Сырдонæн Созырыхъо йæ бæх радта æмæ йыл Нарты ныхасы рæзты цæхгæрмæ хъазгæ афардæг сæхимæ, йæхи бæх та идадзæй ласта.

Радзырдта йæ Рæмонаты Н. Ныффыстой йæ Бигъуылаты Х. æмæ Дзагайты Б.Т., 1941 аз, Кировыхъæу.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 158–160.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru