поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты Созырыхъо
Автор: 00mN1ck / 8 апреля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
     Хызы фырт Челæхсæртæг Зилахары быдырмæ цуаны ацыд. Хурæн йæ сæмбæлын, афтæ ныххæццæ Зилахары быдырмæ. Кæсы æмæ иу хъуаз æрбацæуы хизгæ-хизгæ, йæ хил – сызгъæрин.
     Халæй-халмæ йæм хъуызын байдыдта. Æхстбæрцмæ йæм бацыдис. Йæ фат дæр систа, йе 'рдыныстон дæр æрбазылдта. Фехсон, зæгъгæ, куыд загъта, афтæ йæ фат йæ къухтæй ахаудта. Йе 'рдыныстон дæр фæйнæрдæм ахаудта, куыройы нук куыд ахауы, афтæ. Йæ фæттæ ныппырх сты, хуыргарчы цъиутæ хæмпæлы куыд ныппырх вæййынц, афтæ. Йæ кард дæр фелвæста уыцы хъуазмæ, уый дæр йæ къухæй ахаудта. Хъуаз уæддæр йæ хызт нæ ныууагъта. Раздæхти Челæхсæртæг йæ хæдзармæ уæнтæхъил, сæргуыбырæй; ныууагъта хъуазы хизгæйæ æмæ араст сæхимæ. «Ныр мæ хæдзар фехæлди, фыдæбоны Созырыхъо мыл куы сæмбæла, уæд мын цы зæгъдзæни». Хъæуы уынгты нæ уæнды, фæсмусы ссæуы.
     – Æгас цæуай, Хызы фырт Челæхсæртæг! – Созырыхъо йæ размæ фæци. – Бын бауай, цыма авд азы цæхх фæхастай, фыййау уыдтæ, уый гуыбыр куы ныдтæ!
     – Хуыцау дын æй ма ныббарæд, дæуæй тарстæн æмæ мæ размæ фæдæ. Фæсмусты дæр дæу тыххæй цыдтæн.
     – Цы кодтай, цы дыл æрцыди?
     – Цы ма дын кæнон, дæ рын бахæрон, Зилахары быдыры уыдтæн æмæ иу хъуаз федтон – йæ хил сызгъæрин, ахæм. Æхстбæрц æм бацыдтæн. Фехсон, загътон, æмæ фæттæ дæр ахаудысты, ме 'рдын дæр мæ къухæй ахауд. Мæ кард фелвæстон, уый дæр мæ къухæй ахаудта. Уæддæр хъуаз йæ хизын нæ ныууагъта. Æз дæр уæнтæхъил, сæргуыбырæй рацыдтæн.
     – Æ, куыйтæ, хæрджытæ, йæ зæрдæ уæ мæн йеддæмæ йæхимæ никæмæ и фидар, уæхи кæд нæртон адæм хонут, уæддæр! Уый Хуыцау мæнæн дæтты.
     Райсоммæ йæхи сцæттæ кодта: йæ сау нымæт – хурхбаст, йæ урс куырæт – хæстæгънæг. Афардæг Зилахары быдырмæ. Хурæн йæ сæмбæлын, уый дæр ныххæццæ Зилахары быдырмæ. Кæсы, æмæ уыцы хъуаз æрбацæуы хизгæ-хизгæ.
     – Дæ рынтæ дын бахæрон Хуыцауæн, ай мын цы 'рæппæрста! – цин кæны, мондаг кæны хъуазы уындæй. Бахъуызыди йæм халæй-халмæ, æхстбæрц. Хызы фырт Челæхсæртæгæн цæй пырх ныййысты, Созырыхъойæн хæрзæмбисонддæр фесты: цыдæриддæр æм уыди хæцæнгарзæй, уыдон иууылдæр ныппырх сты, йæ къухы дзы иунæг дæр нал баззади.
     Хъуаз йæ хизын нæ уадзы. Созырыхъо кард фелвæста, кард йæ къухæй ахауы. Хъуаз лидзынмæ фæци. Созырыхъо йæ кард фелвасы æмæ йæ кæрддзæмы нытътъыссы.
     – Гъе, уæууæй, Нарты хуыздæртыл куы худтæн, ныр мæхæдæг цæй ранмæ æрцыдтæн.
     Саг фæлидзы йæ фыццаг, уый дæр йæ фæстæ гъæйтт кæны.
     Хохы цъасмæ хъуаз йæхи сарæзта, Созырыхъо дæр йæ фæстæ.
     Айнæджы дуар фæци, æмæ хъуаз уым смидæг. Нæртон Созырыхъо йæ фæстæ уым фæмидæг и. Стыр галуан дзы уыцы ран, цъассы мидæг. Кæронæй дзы уазæгдон, къулыл хуыйы сæры фæндыр ауыгъд. Созырыхъо фæндыр райсы æмæ сцæгъды.
     – Кæд ам цæрæг-хæрæг ис, мæнæн йе хæрд куы нæ уа, йе мын хæст куы нæ уа, уæд æз цæрын нæ зонын.
     Уый уыди авд уæйыджы галуан. Гыццыл лæппутæ бацæуынц:
     – Нæ уазæгдоны иу уазæг, æмæ фæндырæй цæгъды: йе, дам, мын хæрд куы нæ уа, йе та мын хæст куы нæ уа, уæд æз ахæм лæг нæ дæн.
     – Ауайут æмæ йын зæгъут: кæд дæ хæрд хъæуы, уæд дын æнамæ бадзурæм, кæд дæ хæст хъæуы, уæд дын дадамæ бадзурæм.
     – Æз хæрдæй цы кæнын: мæн хæст хъæуы.
     Уæйгуытæ кæртмæ рацыдысты æмæ цалхыл, сæ мады гуыбынæй семæ цы кæрдтæ рахастой, уыдон цыргъ кæнынц: хъавынц Созырыхъойы аргæвдынмæ. Сæ кæрты дынджыр фынг (кусартгæнæн фынг).
     Раласынц æй йæ дынджыр боцъотæй фынгмæ: «Гъе, куыдзæй цы куыдз райгуырди, уæдæ нын нæ хъаны дæр быдырмæ хизынмæ ды нал уадзыс?» Баласынц æмæ йæ фынгыл æрæвæрынц.
     Иу дæр ыл йæ кард схæссы, иннæ дæр – авдæн дæр сæ кæрдтæ фехæлынц, иу дæр ыл нæ хæцы. Суадзынц Созырыхъойы. Хуры чызг, сæ хъанмæ, бацæуынц æмæ дзурынц:
     – Иу уазæг нæм ис, æргæвдæм æй, æмæ йыл нæ кæрдтæ нæ хæцынц.
     – Рабæгънæг-ма йæ кæнут, æмæ кæд йæ фæсонтыл мæйтæ æмæ хурты нывтæ уой, уæд уый у мæ мойаг Нарты Созырыхъо.
     Рацæуынц æмæ йæ рабæгънæг кæнынц, æмæ йæ чъылдымы хуртæ æмæ мæйтæ фыст. Фæцыдысты хуры чызг, сæ хъанмæ, радзырдтой.
     – Уæдæ уый у мæ мой, Нарты Созырыхъо; ныр у, æмæ мын мæ гыццыл фæхастат; уый нæртон лæг у, таучел лæг у, æмæ фосыл ма бацауæрдут.
     Авд уæйыджы сæ бандæттыл рабадтысты:
     – Мах ын тæрхон базондзыстæм. Денджызы был нын æфсæйнагæй сау галуан, фондзыссæдзы дзæбидыртæ йæ хуылфы, фондзыссæдзы сагтæ, фондзыссæдзы алы сырд, йæ иу фисыныл нын Азан-сыф.
     Созырыхъомæ бадзурынц:
     – Мæнæ дæ ирæд.
     Банымадтой йын сæ, радзырдтой йын сæ.
     Созырыхъойæн мæстæй йæ астæу фæкъуыпп и, ацыди уæлæ йæ хæдзармæ. Сатана дуармæ рауади йæ размæ:
     – Мæ хæдзар фехæлди, кæм та мын хъæдимæ хæцыдтæ, кæм та мын дуримæ хæцыдтæ: дæ астæу цæуыл фæкъуыпп и?!
     – Хъæлæкк дын ницæимæ хæцыдтæн. Хуры чызг авд уæйыгмæ хъаны ис æмæ мын усæн цæуы. Æмæ мæ астæу хъæлæкк ницæуыл фæкъуыпп и. Бирæ фосыл мын бадзырдтой, æмæ мæ астæу ууыл фæкъуыпп и мæстæй. Уыйас фос æз не ссардзынæн, уый хуызæн рæсугъды та уадзгæ куыд ныккæнон, ууыл фæкъуыпп и мæ астæу.
     – Æрра, мæ фарсмæ-ма сбад, мæ фарсмæ, æмæ мын дæ хабæрттæ радзур.
     – Денджызы был мын кæнын кæнынц æфсæйнагæй сау галуан; уымæн мын йæ хуылфы кæнын кæнынц фондзыссæдзы дзæбидыртæ, фондзыссæдзы сагтæ, фондзыссæдзы алы сырд, йæ иу фисыныл Азан-сыф.
     – Æз мæ нымæтын ехс куы ахæссон денджызы былмæ, уæд дзы фестдзæн æфсæйнагæй сау галуан. Æз æлдар Æфсатимæ куы ссæуон æмæ йын йæ уадындз куы ракурон æмæ уыцы кæртæй куы ныууасон, хæхтæй-быдырæй алкæмæн дæр йæ хъус ныззардзæни сырдтæй; уыцы кæртмæ алчидæр æрцæудзæн йæхи къахæй. Кæрт йæ былтæй акæлдзæн, хъæуы фаг дæр ма дзы уыдзæн. Фæлæ Азан-сыф мæрдты йеддæмæ никуы ис, дунейыл нæй Азан-сыф.
     Иу ус дзы амарди, Бедуха, зæгъгæ. Азан-сыф дын Бедуха мæрдты куы нæ радта, уæд дæ къухы нæ бафтдзæн. Уый йæ хъандзалсæфтæг бæх аласта.
     – Хæрзбон у, æз цæуын мæрдтæм.
     Араст и.
     Сатана афтæ зæгъы: «Цымæ ацы æрра ацæудзæн æви цы кæндзæн?»
     Алы рæсугъд хæринаг скодта Сатана йæ мæрдтæн. Хъæуы кæронмæ ацыд æмæ уым дæр æвзæрдзинадæй фаджысыл цы ссардта, – хæдмæлæй, куыдзы мардæй, бæхы мардæй, – æрбахаста сæ сæ хæдзармæ æмæ сæ йæ мæрдтæн æрхæлар кæны иумæ: æвзæрæй, хорзæй.
     «Гъеныр кæд мæнæн мæ фырт мæрдтæм бацæуа, уæд æй æз уымæй зондзынæн».
     Созырыхъо мæрдтæм фæцæуы.
     – Дуар бакæн, мæрдты хицау Барастыр!
     – Цы кæныс? Дуар мæ кæнгæйæ нæу, куы амæлай, уæд дуар йæхæдæг йæхи бакæндзæн, дæ хъал мыл цы калыс! Мæрдтæм дзырд нæй æгасæй.
     – Æз дæ уымæй нæ фæрсын, дуар бакæн тагъд!
     – Ды, мæ хæдзар, тыхджын дæ, дæуæн цы нæ æнтысы!
     Фæцæуы, дуар барæмудзы тыхæй, фæцæуы мæрдтæм.
     Иу ран лæг æмæ ус хуыссынц иумæ: тæрхъусдзарм – сæ быны, тæрхъусдзарм – сæ уæлæ, алыздæм – парахат. Уырдыгæй ацæуы – æмæ та лæг æмæ ус иумæ хуыссынц, дынджыр галдзарм – сæ быны, дынджыр галдзарм сæ уæлæ, кæрæдзимæ йæ ратон-батон кæнынц, нæ сыл æххæссы. Уырдыгæй та ноджы ацæуы: гадза фæсдуар хуыссы, заинаг гадза. Созырыхъо йæ рæзты фæцæуы. Йæхæдæг фынæй, йæ къæбыстæ йæ гуыбынæй дзæхст-дзæхст кæнынц – рæйынц Созырыхъойыл. Уырдыгæй дæр та ацæуы: хызын æмæ голлаг быцæу кæнынц. Голлаг афтæ зæгъы:
     – Æз фылдæр дæн.
     – Омæ быцæу цæуыл кæнæм: нæ кæрæдзийы бавзарæм.
     Голлаг йæхи байдзаг кæны, хызыны йæхи ауадзы, голлаг хызыны æмбис дæр не свæййы. Хызын йæхи байдзаг кæны, голладжы йæхи ауадзы – голлаг йæ былтæй акæлы.
     Уырдыгæй та ацæуы нарты Созырыхъо. Кæсы æмæ хуыдзарм дзабыр æмæ сæрак дзабыр быцæу кæнынц:
     – Бæласмæ бырынтæй ахъазæм, цæй-ма, цымæ нæ чи сбырдзæн бæласы сæрмæ?
     – Æвзæр лæх, æз æнæ цыд чызджы хуыд куы дæн, ды хъис куы дæ, æвзæр куы дæ.
     – Омæ ууыл цы быцæу кæныс: бырынтæй ахъазæм, æмæ уæлæмæ чи схиза, фæстаг хъуыддаг ууыл æрцæудзæн.
     Дыууæ бырын байдыдтой æмæ сæрак æмбис дæр не ссæуы, хуыдзарм йæ тæккæ цъуппыл абады.
     Уырдыгæй ацæуы нæртон Созырыхъо. Фæцæуы æмæ иу зындоны цадмæ бахæццæ: хæфсæй йæ тæккæ дзаг. Фæцæуы уыцы ран йæ хъандзалсæфтæг бæхыл ленкгæнгæ. Йæ нымæты дымджытыл чи хæст кæны, йæ бæхы хъуынтыл ын чи хæцы – йемæ сæ ласы фаллаг фарсмæ, хуыскъмæ. Уырдæм сæ куы аласы, уæд адæм фестынц.
     Уырдыгæй ацыд, æмæ адæм лæбурдтытæ кæнынц, хæстæг æм ничи цæуы лæбурджытæй. «Гъе Созырыхъо, ныр та ма нын кæдæм ирвæздзынæ?»
     Бацæуы, æмæ æппæты рæбынæй сæ мæрдтæ. Бедухайæн йæ гуыр уым, йæ сæр уым нæй.
     Созырыхъо æрæнкъард уый тыххæй. Сæ мæрдтæ афтæ зæгъынц:
     – Æнкъард ма у, ныртæккæ йæ ардæм хъæуы, æрбадæм уал, аныхæстæ кæнæм.
     Бадынц, æмæ уалынмæ Бедухайæн йæ сæр æртулы æмæ йæ гуырыл аныхæсти.
     – Æгас цæуай, æгас цæуай, нæ сæфинаг лæг! Куы раст кодтай æмæ дæ мад Сатанаимæ уынаффæ куы кодтай, уæд дæ æз ардæм хъуыстон. Æмæ дын ардæм, мæрдтæм, фæндаг æз скодтон, – фæндаг дзы нæй удæгасæн. Цæй-ма, ныр куы 'рбараст дæ, уæд цытæ федтай?
     – Æппæты фыццаг лæг æмæ ус иумæ хуысгæ федтон: тæрхъусдзарм – сæ быны, тæрхъусдзарм – сæ уæлæ. Диссаг: алырдæмты сын – парахат!
     – Уыдон уæлæуыл дæр кæрæдзийы уарзтой.
     – Уырдыгæй æрбацыдтæн. Лæг æмæ усæн дынджыр галдзарм–сæ быны, дынджыр галдзарм – сæ уæлæ æмæ йæ кæрæдзимæ ратон-батон кæнынц.
     – Уыдон кæрæдзийы уæлæуыл дæр нæ уарзтой.
     – Уырдыгæй æрбацыдтæн, фæсдуар гадза хуыссы. Сæ мад фынæй, йæ гуыбынæй йæ къæбыстæ гъæйтт-гъæйтт кæнынц.
     – Ахæр-заман куы 'рцæуа, уæд лæппутæ хъуыддаг кæндзысты, зæрæдты бон ницыуал уыдзæн.
     – Уырдыгæй та рацыдтæн. Голлаг æмæ хызын кæрæдзийы барынц. Голлаг афтæ зæгъы хызынæй: «Ды гыццыл куы дæ, æз стыр куы дæн». «Омæ ууыл цæуыл дзурæм, – загъта хызын, – сбарæм, æмæ нæ стырдæр чи разына, уый бæрæг уыдзæн». Голлаг хызыны йæхи ауадзы, æмæ æмбис дæр не свæййы хызын, хызын голладжы йæхи ауадзы æмæ голлаг йæ былтæй акæлы.
     – Ахæр-заман куы 'рцæуа, уæд адæмæн æфсис нал уыдзæн; чысыл æмæ стыр æмбартæ суыдзысты.
     – Уый фæстæ сæрак дзабыр æмæ хуыдзарм æрчъи быцæу кæнынц. Хуыдзарм æрчъи сæрак дзабырæн дзуры: «Омæ быцæу цæмæн кæнæм, мæнæ бавзарæм, бæласмæ уæлдæр чи схиза, уый æгъдау хуыздæр ацæудзæн ахæры-бон». Хуыдзарм æрчъи бæласы цъупмæ схызти, сæрак æмбис дæр не схæццæ.
     – Ахæр-заман куы 'рцæуа, уæд уæздан адæмæн сæ бон ницыуал уыдзæн – сау адæм фæтыхджындæр уыдзысты.
     – Уырдыгæй рацыдтæн æмæ иу цады æрбацыдтæн: хæфсæй йæ тæккæ дзаг, хæлбурцъытæ кодтой, лæбурдтой мын мæ бæхы къæдзилмæ, йæ хъуынмæ, чи мæ нымæты фæдджимæ, æмæ, хæст чи бафæрæзта, уыдон хуыскъмæ раластон, æмæ уым адæм фестадысты.
     – Уыдонæн де 'рбацыдмæ зындон уыди, ныр дзæнæтмæ рахызтысты, уый зындоны цад у, – загъта Бедуха.
     – Уырдыгæй рацыдтæн, иу ран мæм дунейы æфсæдтæ лæбурынц, хæстæг мæм никæй къух хæццæ кæны.
     – Уыдон, дæ къухæй мæрдтæм чи бацыд, уыдон сты. Нæма амардтæ æмæ дæм сæ къух уымæн нæ тасы. Куы амæлай, уæд дын бацамондзысты, – загъта Бедуха.
     – Уæдæ ацы хæринæгтæй цæуылнæ хæрут? Уæ раз йæ тæккæ дзаг куы у.
     – Æмæ адонæй куыд бахæрæм, акæс-ма, дæлæ сæ кæрон цытæ æвæрд ис, уый? Дæ мад бæрæг кодта, мæрдтæм æцæг бацæудзынæ æви нæ. Ацы хæринæгтæй бæрæг уыдзæн, алы æвзæрдзинæдтæ сын семæ уый тыххæй ныффæлдыста. Ныр у, æмæ дын ардыгæй æз бирæ æххуыс кæнын: куы сфæнд кодтай ардæм, уæддæр дын фæндæгтæ мæ руаджы суæгъд сты, æндæра ма удæгасæй исчи бацыди мæрдтæм!
     Ныр дард балцы куы вæййыс æмæ дæ сæрмæ сау асæст куы цæуы, уый дæр дын æз дæн, цæмæй ма фæлмæцай хурæй. Хæсты куы вæййыс æмæ, демæ чи хæцы, уыдонæн сæ сæрмæ тыгъдызæй куы ныллæууы, уый дæр æз дæн; кæд дæуæн исты бантысид, кæд де 'фсæдтæ фæтыхджын уаиккой. Ай дын Азан-сыф ныр. Мæрдты бæсты хатыр нæй. Ардыгæй æддæмæ цæуыны дзырд нæй. Æмæ æз мæ цæстытæ куы нæ æрныкъулон, дæ бæхы цæфхæдтæ разæй фæстæмæ куы нæ фæуой, уæд дын ардыгæй ацæуæн нæй. Мæрдты адæм дæ фæдыл рацæудзысты, чидæр фæлидзы, æмæ æз дæр лидзон, зæгъгæ. Фæлæ фæдмæ æркæсдзысты æмæ фæд мидæмæ разындзæн, мæрдтæ раздæхдзысты фæстæмæ, алчи йæ бынатмæ. Ныр фыдæбоны лæг дæ, стырзæрдæ лæг дæ, дæхи цæрын никуы ныууадздзынæ! Цæрынæй-хæрынмæ мæ коммæ никуы бакастæ, дунейы сызгъæрин дзаумайыл амбæлдзынæ, – хæдзарæн цæрæнхос цы ис, уыдон иууылдæр, фæстæмæ дæр сæм-иу ма фæкæс. Уырдыгæй куы ацæуай, уæд дунейы æвзист дзаумайыл фембæлдзынæ, хæдзарæн цæрæнхосæй цы ис, уыдон иууылдæр, ма-иу фæкæс уыдонмæ дæр. Уырдыгæй ацæудзынæ, дунейы æрхуы дзаумайыл амбæлдзынæ, – хæдзарæн цæрæнхос дзаумæттыл, – фæстæмæ дæр сæм-иу ма фæкæс.
     Созырыхъо рараст мæрдтыбæстæй. Азан-сыф дзы рахаста. Фæндагыл хорздзинæдтæй ницæмæ фæкаст Бедухайы фæдзæхстæй. Цæуы, цæуы Созырыхъо æмæ ницæуылуал æмбæлы. Куы ницæуылуал æмбæлы, уæд сагъæс кæны:
     – Гъе, уæууæй, Cозырыхъо, Созырыхъо! Ды нæртон лæг нæ дæ. Уæртæ кæмдæр иу налат, иу хъапхай мæнæн ныхæстæ фæкодта, уый æз мæ зæрдæмæ куыд бахастон! Уыцы хорз дзаумæттæй исты хорз мæ бинонтæм цæуылнæ схастон?
     Цæуы æмæ фæндагыл иу худы зæронд ссардта. Æрæвнæлдта æмæ йæ систа.
     – Ацы худы зæронд нæ чындзытæн уæддæр схæссон. Нæ куыройы сын фалгæрæттæ мæрзынæн бæздзæн.
     Сæхимæ сæввæхстæ, туацъæмæ схæццæ. Туацъæйы йæ бæхæй рахизы, бæласыл æй æрбæтты, йæ саргъ ын сисы, какон сындз ракæны, бæхæн нæмын райдайы йæ фæрстæ, йе рагъ йæ тых-йæ бонæй. Бæхæн йæ туджы пыс-пыс алырдыгæй цæуы.
     – Тагъд, дæ адзал цæмæй у, уый мын зæгъ, – дзуры Созырыхъо бæхмæ, – намæ дæ ацы фыдæбæттæй не суæгъд кæндзынæн.
     – Мæ адзал мæнæн бынæй мæ къахыхæфсыты ис: бынæй мæ хæфсытæ куы нæ срæхойой, уæд мын æндæр мæлæт нæй, – хъандзал-сæфтæг дæн. Уæдæ дæхицæн та дæ адзал цæмæй у? – фæрсы бæх Созырыхъойы.
     – Мæ уæрджытæй уæлæмæ хъандзал дæн, уырдыгæй дæлæмæ сау æфсæйнаг, æмæ мын Малсæджы цалхæй æндæр мæлæт ницæмæй ис. Уый мын мæ зæнгтыл куы атула, уæд мæ мæлæт.
     – Гъе, ныр дын æй Хуыцау ма ныббарæд, – бæх æм дзуры, – дæ дзыппы цы худы зæронд цæвæрдтай, уый-ма фен.
     Агуры йæ, æмæ дзыппы – нал.
     Йæ саргъ сæвæрдта æмæ фæцæуы сæхимæ. Араст и. Худы зæронд уыди Гæтæджы фырт гæды Сырдон. Хæзнатæ фæндагыл сызгъæринæй, æвзистæй, æрхуыйæ уыдоны хуызы дæр-иу Сырдон бацыди: кæд æм Созырыхъо бабæллид æмæ йæ сисид. Бедуха йæ хъахъхъæдта Сырдоны фыдбылызтæй.
     Сырдон куы базыдта, цæмæй у сæ адзал Созырыхъо æмæ йæ бæхæн, уæд авд дæлзæхх хæйрæджытæм фæуад.
     Бараст хæйрæджыты паддзах Елызбармæ æмæ йын раныхас кодта:
     – Нарты Созырыхъо адæмæн сæ туг банызта. Йе стыр ныфс йæ бæх у æмæ мын æфсæдтæ ратт, фатджынтæ.
     Радта йын Елызбар æфсæдтæ. Сырдон сæ ракодта, сæййæфтой Созырыхъойы йæ фæндагыл. Фатджын æфсæдтæ йæ сæхстой, фæттæ бæхæн йæ хæфсыты суадысты, бæх фæмард.
     – Иунæг Хуыцау дын æй ма ныббарæд, Созырыхъо, – загъта бæх мæлгæ-мæлын, – дæхи дæр бабын кодтай æмæ мæн дæр. Ныр æвгъау лæг дæ дæ саргъ де 'ккой схæссынмæ ардыгæй уырдæм, уæхимæ. Къупристыгъд мæ бакæн, хъæмпæй мæ байдзаг кæн, æмæ дæ уæддæр уæхимæ схæццæ кæндзынæн: уыцы хъару ма мæм уыдзæн.
     Бакæны йæ къупристыгъд, байдзаг æй кæны хъæмпæй – цы уыд, авд ахæмы хуыздæр фестад – хуыздæр ын æнтысы. Фæцæуы та йæ фæндагыл. Гæтæджы фырт гæды Сырдон та фæуайы хæйрæджытæм:
     – У, мардзæтæ, ацы хатт-ма рацæут, йæ бæх хъæмпæй у, сгæрæхтæ йæ кæнут æмæ ссудздзæни.
     Рацыдысты æмæ йæ сæййæфтой. Созырыхъо сæхимæ дæр сæввахс. Сæхстой йæ. Хъæмп ссыгъди, бæхы царм нымпылди, уæдæ цы уыдаид. Йæ саргъ сисы æмæ йæ хæдзармæ сфардæг вæййы. Йе ссыдмæ Сатана æрцæттæ кодта кæрт: денджызы был фестади æфсæйнагæй сау галуан.
     Æлдар Æфсатимæ ссыди, йæ уадындз ын ракуырдта, уыцы кæртмæ йæ æрхаста æмæ уырдыгæй ныууасыди.
     Фондзыссæдз дзæбидыртæ æрцыд сæхи къахæй уырдæм, фондзыссæдзы сагтæ, фондзыссæдзы алы сырд, Азан-сыф ын йæ иу фисыныл æрсагътой.
     – Ай уын уæ ирæд, авд уæйыджы, – загъта Созырыхъо уæйгуытæн.
     Афардæг кодтой уыдон дæр хуры чызджы Созырыхъойæн усæн. Цæрынтæ-хæрынтæ байдыдтой Созырыхъо æмæ хуры чызг ус æмæ лæгæй. Азтæ, бонтæ сыл ауади. Гæтæджы фырт гæды Сырдон Малсæджы цалхмæ ссыди.
     – Гъе-мардзæ, Малсæджы цалх, Созырыхъойæн йæ адзал дæуæй у, æмæ йыл иу скъæрд акæн дæхи.
     – О, фыдæбоны лæг у уый. Уый мыл иу хæст куы фæуа, уæд мæ дæндагæй дæр бахæрдзæн. Ницы бакæндзынæн уыимæ.
     Гæнæн куынæуал уыди, уæд Гæтæджы фырт гæды Сырдон дыууадæс хъугæй баххуырста Малсæджы цалхы. Сразы ис уæд Малсæджы цалх дæр.
     – Æмæ йæ кæм ссардзынæн, кæ, мæхи аскъæрдзынæн иу скъæрд, фæлæ?
     – Уый алыбон дæр цуаны вæййы Зилахары быдыры. Æмæ йын уым мусонг ис. Сихорыл сын уым æнæ хуысгæ нæй, æмæ уым цыдæриддæр адæм уа – æмбæлттæ ма йын уыдзæн, иунæгæй нæ уыдзæн, – се 'ппæтыл дæр-иу ратул, хъауджыдæр нæу, уæддæр Созырыхъо уым уыдзæн.
     Созырыхъо йæ дыууадæс æмбалимæ цуан кæны Зилахары быдыры.
     – Ацæут мусонгмæ, уæ фæллад æруадзут, сихор дæр у, æз та ма искуы разилон, – загъта Созырыхъо йе 'мбæлттæн.
     Уыдон æхсæзæй иуырдыгæй хуыссынц, æхсæзæй иннæрдыгæй мусонджы, сæ къæхтæ кæрæдзимæ.
     Малсæджы цалх ныггуыррицц ласта Созырыхъойæн уым æнхъæлæй. Дыууадæсыл дæр йæхи рауагъта æмæ дыууадæсæн дæр сæ зæнгтæ ахауын ласта. Дыууадæс дæр фæмард сты. Созырыхъо æрбацыди.
     «Гъе, Хуыцау мæ куыд фесæфта! Ай Малсæджы цалх йеддæмæ ничи уыдаид», – загъта йæхицæн, йе 'мбæлтты мардæй куы федта, уæд.
     Малсæджы цалх фæлидзы, Созырыхъо йæ фæстейы фæсуры.
     Хъæдмæ йын сирвæзти, фæрвбынмæ.
     – Ма ауадз, фæрв, ме знаг фæлидзы, дæ хорзæхæй! – дзуры Созырыхъо фæрвмæ.
     – Фыддæр дын куы фæуид ноджыдæр, – загъта фæрв.
     – Хъæды гæбæрдæрæй дæ Хуыцау фæцæрын кæнæд, – ралгъыста йæ Созырыхъо.
     Тæрсбынмæ сирвæзти Малсæджы цалх.
     – У, мардзæ, тæрс, ме знаг фæлидзы æмæ мын æй бауром.
     – Ноджыдæр дын фыддæр куы фенин. Мæ иу бæлас хъæуваг уыдаид: æддæмæ мæ уидаг ды не суагътай.
     – Хуыцау дæ адæмæн æнцонгуыст фæкæнæд.
     Фæлидзы Малсæджы цалх уырдыгæй дæр, бæрзбынмæ сирвæзти.
     – Уæ бæрз, бæрз, Хуыцауы хатыр бакæн, – ме знаг дыл фæлидзы, бауром æй.
     – Дæуæн знаг чи у, уый мæнæн дæр знаг у. – Бæлас фæсæррæтт ласта æмæ Малсæджы цалхы смидæг ис. Размæ ницыуал æнтысы Малсæджы цалхæн.
     – Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау, дæ уис дын адæм физонæджы уæхстæн куыд агурой, – бæрзæн арфæ кæны Созырыхъо, – дæ бын сызгъæрин æмæ æвзист куыд феста, Хуыцауы афтæ бафæндæд.
     Сæййафы йæ Созырыхъо йе знаджы, æрцахсы æмæ йæ æрхоны йæ хæдзармæ.
     – Æз дæуæй цалынмæ авд азы фаджыс фæласон, мæ мæстытæ дæ цалынмæ сисон, уалынмæ мæ Хуыцау ма амарæд,– загъта Созырыхъо.
     Авд азы дзы фаджыс фæласы. Къуыпп, дзыхъхъ кæм вæййы, уым æй дæллаг цалх скæны.
     – Мæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси. Амар мæ фæлтау ацы фыдæбæтты бæсты, – дзуры йæм цалх.
     – Нæ дæ марын, цалынмæ де скæнæджы амарай, уалынмæ. Ард мын бахæр, куыд де скæнæджы амардзынæ, ардыгæй куы ацæуай, уæд, æмæ дæ уадзын.
     – Амардзынæн, – зæгъгæ, йын ард бахордта.
     Ауагъта йæ уæд Созырыхъо йæ хæдзармæ Малсæджы цалхы.
     Араст и, фæцæуы. Иу ран æй иу хъæуы уынгты цæуын хъуыд. Уыцы хъæуы уынгты фæцæуы, Гæтæджы фырт гæды Сырдон йæ размæ иу цæхгæрмæ уынджы зæронд лæджы хуызы фестади.
     – Дæ фæндаг раст, Малсæджы цалх! – дзуры йæм зæронд лæг. – Цы кæныс, цæй æнкъард дæ?
     – Цы кæнон, мæ хицауы марынмæ цæуын, – дзуапп радта Малсæджы цалх.
     – Æмæ йæ маргæ цæмæн кæныс? Дæ ард куыд нæ фесæфа, афтæ йын йæ къахы æнгуылдзтыл атул, куыд ын ницы уа.
     Ницы йæм байхъуыста, йæ цыд кæны фæндагыл. Хъæуы астæумæ куы схæццæ, уæд та йæ размæ зæронд усæй фестад Сырдон æмæ йæм дзуры:
     – Дæ фæндаг раст, Малсæджы цалх! Цы кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
     – Цы кæнон, дæ рын бахæрон, мæ хицауы марынмæ цæуын.
     – Æмæ йæ маргæ цæмæн кæныс? Дæ ард цæмæй ма фесæфа, уый тыххæй йын йæ къахфындзтыл атул.
      Ницы йæм байхъуыста уымæ дæр, фæцæуы, йæ цыд кæны. Хъæуы сæр та ногхъуынтæуадзæг лæппуйæ йæ размæ фестад Сырдон Гæтæджы фырт æмæ та йæм дзуры:
     – Дæ фæндаг раст, Малсæджы цалх. Цы кæныс, цæй æнкъардæй цæуыс?
     – Цы кæнон, мæ хицауы марынмæ цæуын, – дзуапп ын радта Малсæджы цалх.
     – Маргæ йæ цæуыл кæныс, маргæ? Дæ ард куыннæ фæдзæгъæл уа, афтæ йын æфсонæн йæ къахфындзтыл атул.
     Ницы та байхъуыста уæддæр, фæцæуы сæхимæ Малсæджы цалх.
     «Цымæ мæ уыцы зæронд лæг йæхицæн цы агуры? – ахъуыды кодта цалх, куы фæхицæн сты, уæд. – Кæнæ мæ цымæ уыцы зæронд ус йæхицæн цы агуры, гъе мæ цымæ уыцы ногхъуынтæуадзæг лæппу дæр йæхицæн цы агуры. Цæй, æмæ мын æртæйæ кæй загътой, уый бакæнон».
     Ыссыд, æмæ йын куыд ницы уыдаид, афтæ йæ хицауæн йæ къахæнгуылдзтыл атылди. Бонтæ, къуыритæ дæр та рацыдысты. Йæ мæстытæ-йедтæ куы ссыдысты Малсæджы цалхæн дæр, уæд та йæм Гæтæджы фырт гæды Сырдон цæуын байдыдта.
     – Гъе-мардзæ, Малсæг, иу скъæрд-ма дæхи ракæн.
     – Мæнæ гæды гацца, ныууадз мæ, ай æппæт фыдбылызтæ мын ды уыдтæ!
     Бын бауæд фос! Фос кæй нæ сайы?! Баххуырста та йæ фосæй, бабадт йæ быны, нал та йæ уадзы.
     Сразы та ис Малсæджы цалх. Созырыхъо та цуаны уыди уыцы быдыры. Йе 'мбæлттæ æдде, цуаны, Созырыхъо мидæгæй мусонджы хуыссы. Раскъæрдта Малсæджы цалх йæхи. Созырыхъойыл рауагъта йæхи æмæ – дæ фыдгул афтæ, йæ зæнгтæ йын ахауын ласта.
     Фæсæррæтт ласта Созырыхъо æмæ йæ фæсте фæхæссы уыцы мæстæй, уыцы тæвдæй. Сæййафынмæ йæ куыд хъавы, афтæ Гæтæджы фырт гæды Сырдон йæ размæ фæци Малсæджы цалхæн:
     – У, мардзæ, Малсæджы цалх, карстмæ (хосгæрстмæ) кæрддзыхмæ!
     Малсæджы цалх хъæбæр кæрддзыхы фæмидæг и, хосгæрсты. Созырыхъо дæр йæ фæстæ уым фæмидæг и. Хъæбæр кæрддзыхтæ зæнджы магъзы куы суадысты, уæд Созырыхъо бахъил иуварс, ахаудта, уæдæ цы кодтаид.
     Малсæджы цалх йæ хæдзармæ афардæг и.
     Цæргæс йæ сæрты æрбатахт Созырыхъойæн.
     – Борæтæм мын хъæргæнæг фæу Хæмыц æмæ Уырызмæгмæ – мæ дыууæ 'фсымæрмæ, Нарты Созырыхъо Зилахары быдыры æнæцæстытыл хæцæгæй мæлы.
     – Фыддæр дын куы фенин; фæлладæй-иу быдыры, йе къуыппыл, йе бæласыл абадон, афтæ мæм-иу дæ фат радардтай, æнæбайрайгæ дзы фæуай.
     Йæ сæрты зæрватыкк æрбатахт, Хуыцауы уарзон зæрватыкк. Хатиагау æм дзуры Созырыхъо:
     – Борæтæм мын Хæмыц æмæ Уырызмæгмæ хъæргæнæг фæу. Хъайтар æмæ Битар мæ дыууæ фырты, уыдонмæ дæр мын хъæргæнæг фæу.
     – Æвгъау лæг дæ ды ам æнæ цæстытыл хæцæгæй амæлынмæ. Ныртæккæ! – загъта зæрватыкк æмæ ныппæррæст ласта.
     Борæты аххæрæгыл абадти. Ныцъцъыбар-цъыбур кодта Хъайтар æмæ Битармæ:
     – Уæ фыд Созырыхъойы Зилахары быдыры Малсæджы цалх амардта.
     Хæмыц æмæ Уырызмæг фæцæуынц Зилахары быдырмæ Созырыхъойы ласынмæ. Хъайтар æмæ Битар сæ бæхтыл абадтысты, Малсæджы цалхы фæстейы сурынц. Иу денджызмæ йæхи сарæзта Малсæджы цалх, уыдон дæр йæ фæстæ уайынц денджызы 'рдæм.
     Малсæджы цалх денджызы фæмидæг и.
     Хъайтар загъта:
     – Хуыцæутты Хуыцау, цалынмæ Малсæджы цалх фæстæмæ хуыскъмæ цæуа, уалынмæ мæ ацы ран денджызы был æд бæх цавддур фестын кæн.
     Хъайтар æд бæх цавддур фестад денджызы был.
     Битар загъта:
     – Хуыцæутты Хуыцау, цалынмæ Малсæджы цалх денджызы уа, уалынмæ мын мæ бæх кæф фестын кæн.
     Йæ бæх кæф фестад, баленк кодта денджызы æмæ афардæг Малсæджы цалхы фæдыл Битар, кæфыл бадгæйæ.
     Хæмыц æмæ Уырызмæг Созырыхъойы сластой удмидæгæй сæ хæдзармæ. Мæрдтæй Созырыхъомæ рацыд Кæфты сæр – Хуыйæндон-æлдар.
     – Гъе, Созырыхъо, Созырыхъо! Мæнæн стыр дзæнæт ис, æмæ мæнмæ куы уаис, уый мæ фæнды.
     – Цæй-ма, цы сгуыхты фæдæ, цæй тыххæй дын ис дзæнæт?
     – Æз кæрдзындæттон уыдтæн, æмæ мын уый тыххæй дзæнæт ис.
     – Дæхи куы аласис, дæ кæфы смаг кæнгæ, мæн дæуимæ цæугæ чи фена, уый мын цы зæгъдзæн.
     Мæгуыр лæджы гал та йæм рацыд мæрдтæй.
     – Гъе, Созырыхъо, Созырыхъо, мæнæн стыр дзæнæт ис мæрдты, æмæ, мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.
     – Цæй-ма, цы сгуыхты фæдæ?
     – Мæгуыр лæджы гал уыдтæн, алы лæгимæ дæр цæдисæй фæкуыстон, сихоры хæрдыл-иу хицауы галæн – хос, мæнæн та – фæлхор. Æмæ мын гъе уыдæтты тыххæй ис дзæнæт.
     – Ацу, дæу дæ бæрзæй хордта, ныр æз та демæ цæуон! – загъта йын Созырыхъо.
     Мæгуыр лæджы фырт æм иу бон рацыди æмæ загъта:
     – Созырыхъо, лæппу дæн, нæ дæм уæндын, мæнæн дзæнæт хъæлæкк ис, æмæ, мемæ куы уаис, уый мæ фæнды.
     – Ды та цы сгуыхты фæдæ, цæмæн дын ис дзæнæт? – фæрсы та уый дæр.
     – Æз мæ мадæн иунæг лæппу уыдтæн, æмæ мæ æртæ хъал барæджы сæ Хуыцауы хъалæй амардтой. Æз мæ мадæн загътон: «Мæ гæрзтæ мын мемæ цæвæр, стæй мын-иу уыимæ æртæ сабатæхсæвы сабатизæртæ скæн». Æд гæрзтæ мæ бавæрдта, æртæ сабатæхсæвы мын сабатизæртæ скодта.
     Фыццаг хатт куы ахаста сабатизæр, уæд Хуыцау уыцы æртæ хъал барæджы уæлмæрдты кæрæтты æруагъта. Мæ мад устытæм дзуры:
     – Уæртæ уыцы барджыты æрбаздахут, мæ фырты æмгæрттæ сты, хорз сæ фенут, сымах фаг дæр ма дзы уыдзæн, бирæ дзы куы ис.
     Æрбаздæхтой лæппуты æртæйы дæр. Хорз сæ федтой, сæ къухы цы уыдис, уымæй. Араст сты лæппутæ, фæцæуынц. Иу иннæтæн дзуры: «Ныр æз куы нæ уыдаин, уæд уын ацы минас кæм уыдаид?» Алчидæр сæ йæхицæй æппæлы, мæ фæнд дзы уыд, мæ фæнд дзы уыд, зæгъгæ, æмæ хъазгæ фæцæуынц. Уыдон базыдтой, дыккаг сабаты дæр та сабатизæр кæндзысты, уый, æмæ та æрбацыдысты сæ хъал бæхтыл уæлмæрдмæ.
     Хæрз æмбисонды уынд та сын фæкодтой, хæрз хъæлдзæгæй та уæд афардæг сты хъазгæ-худгæ, ай нæ къахы фæллой у, зæгъгæ.
      Æртыккаг æхсæв дæр та æрцыдысты ууылты. Зыдтой та, сабатизæр та дзы кæй уыдзæн, уый. Хорз та сæ федтой мæ рухсаджы тыххæй. Араст та сты, фæцæуынц та хъазгæ-худгæ. Мæн мæ ингæны къæйтæ нал баурæдтой, стыдтон сæ хæрдмæ æмæ æртæ лæппуйы дæр амардтон. Гъе, уый тыххæй мын ис дзæнæт.
     Созырыхъо загъта:
     – Уæдæ æз демæ цæуын, мæрдтæй рацæугæйæ йæ туг чи райста. Гъе, Хæмыц æмæ Уырызмæг, ингæн мын скъахут: иу рудзынг мын дзы хурыскæсæнырдæм, иу йæ тæккæ астæу, хур мæм бон сихорафон куыд кæса, иннæ та ныгуылæнырдæм. Уырдыгæй та мæм хур изæрæй куыд кæса. Мæ фæттæ мын цæвæрут мемæ æд æрдын.
     Цæвæрдтой Созырыхъойы ингæны, нывæрдтой йын йемæ йæ фæттæ æд æрдын, алцыдæр, куыд бафæдзæхста, афтæ.
     Хæмыц æмæ-иу Уырызмæг загътой Сырдонæн:
     – Созырыхъойы бæх æгæр хъал кæны æнæ бадтæй, дæ хорзæхæй, абад ыл-иу.
     – Мæ хæдзар фехæлд, уый зæгъын та мын уæ цæст куыд уарзы? Ме 'фсымæры бæх, – загъта-иу Сырдон. Æмæ-иу кæуын, æрдиаг систа.
     Куы йæм-иу фæцæйцыд бæхмæ, уæд-иу афтæ:
     – Уæ, дæуыл та мын чи бады, мæ зæрдæ дыл бадын нæ комы.
     Хъæугæрон-иу куы фæци, уæд-иу бæх иуырдæм, иннæрдæм аскъæрдта æмæ загъта:
     – Гъе цы ма дын фенон, Созырыхъо, дæ хæзнатæ мæнæн баззадысты!
     Иу бон та бæхыл сбадти, Созырыхъойы бæхыл. Ацыди уæлмæрдтæм. Созырыхъойы ингæны алыварс æй ратæр-батæр систа.
     – Гъе, Созырыхъо, цы ма дын фенон, дæ буц бæх мæнæн баззади! Ацы бон йæ дзыхы комкоммæ зæппадзыл куы нæ ныббадон, уæд нæ уыдзæн: амæй мæ бирæ мæстытæ ис, – загъта йæхицæн.
     Фæдджитæ йæ уæлдымæгмæ куыд феппæрста, æрбадон хуынчъы, зæгъгæ, афтæ йæ Созырыхъо фатæй сгæрах ласта. Фат хæрдмæ ссыди, æмæ Сырдон уым ныммард.

Радзырдта йæ Сидахъаты Сандро Уæрахъы фырт, 55-аздзыд, 25 февраль, 1924 аз, Беслæныхъæу. Ныффыста йæ Æмбалты Цоцко.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 30–10, папкæ 73, ф. 137–179.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru