поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сырдон æмæ Нарты уæздæтты таурæгъ
Автор: 00mN1ck / 21 мая 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Созырыхъо, Уырызмæг, Хæмыц æмæ æндæр фараст æмбалы иумæ сфæнд кодтой цуаны цæуын. Сырдоны сæ сау лæг кæм хуыдтой, уымæн æм барвыстой, немæ куыд рацæуай, афтæ, зæгъгæ. Уый загъта:
    – Æз уæ фæдыл фистæгæй на бафæраздзынæн.
    Дыккаг хатт æм Уырызмæг бацыдис æмæ загъта Сырдонæн:
    – Рацу немæ.
    Сырдон загъта:
    – Бæх мын нæй æмæ ницы рацæудзынæн.
    – Бæх дын мах ратдзыстæм, – загъта Уырызмæг.
    – Нæ, иннæ хæттыты сайд мын фæкæндзыстут.
    Уырызмæг ын басомы кодта:
    – Куы ды фистæгæй, мах – бæхтыл, куы мах бæхтыл, ды – фистæгæй.
    Ацы сомы Сырдон кæм бамбæрста æмæ семæ ацыдис.
    Иудзæвгар куы ауадысты, уæд иу фурды кæронмæ бахæццæ сты. Уым Сырдон Уырызмæгмæ дзуры:
    – Арæппын, Уырызмæг, бæх мын куы загътай, уæд мæ цæмæн фæсайдтай?
    Уырызмæг ын афтæ:
    – Æз дын басомы кодтон: куы мах бæхтыл, ды – фистæгæй, куы ды фистæгæй, мах та – бæхтыл.
     Йæ, Хуыцау дын ма ныббара, зæгъгæ, Сырдон Уырызмæджы бæхы къæдзилыл ныххæцыдис æмæ доны бацыдысты.
    Созырыхъо дзуры Сырдонмæ:
    –Къухыныхтæ æмæ къахыныхтæ кæм чындæуы?
    Уый йын загъта:
    – Кæм сæ æрæмысай, уым.
    Уыцы фарсмæ куы ахызтысты, уæд æрхызтысты бæхтæй. Нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, афынæй сты. Сырдон дæр йæхи фынæй æфсон скодта æмæ, цалынмæ Нарты фæсивæд хъал кодтой, уалынмæ сын сæ зныхтæ æмæ æртытæ фæдавта. Нарты уæздæттæ куы райхъал сты, уæд иу саг амардтой æмæ сæ зæрды уыдис физонджытæ скæнын æмæ алчи йæ зынджы дзаума агурын байдыдта. Уæд Уырызмæг дзуры йе 'мбæлттæм:
    – Дæ разы-ма мæ бæхыл саргъ æмæ базы астæу ме зных æмæ схон фенут.
    Федтой æмæ дзы цы ссардтаиккой! Стæй кæрæдзимæ дзурынц:
    – Уартæ иу ранæй зынг æрттивы æмæ уырдæм чи бацæудзæн?
     Уым та кæд цардис авд уæйыджы. Афтæмæй та Сырдоны æрвитыныл сысты.
    Уый сын загъта:
    – Мæн уадзут, мæнæн зынг ничи ратдзæн, фæлтау уæхицæй исчи ацæуæд, уæддæр та уæздан адæм стут, æмæ сымахæй тынгдæр фефсæрмы уыдзысты.
    Сырдон зыдта, уым уæйгуытæ кæй цардис, уый, фæлæ йæ иннæтæн нæ хъæр кодта. Сырдон сын куы нæ акуымдта, уæд кæстæрæй цæуын байдыдтой уæйгуыты хæдзармæ. Уæйгуытæ сæ-иу бахуыдтой мидæмæ, æрбадын сæ-иу кодтой даргъ бандоныл æмæ сын-иу сæ быны бурæмæдз ауагътой нæ зынггуртæн æмæ та-иу афтæмæй сæ бадæнтæ бандоныл аныхæстысты. Афтæмæй иуæндæс лæджы Нарты æвзаргæтæй рæгъ-рæгъ бандоныл баззадысты. А нæ Сырдон чи уыдис, уый дын йæхицæн арт скодта, саджы фыдæй физонæг сарæзта æмæ йæхи дзæбæх бафсæста; йæхæдæг йæ даргъ рихитæ баздыхта, сæ кæрæттыл сын фæйнæ æхсырф-æмбалы бабаста æмæ афтæмæй уæйгуыты дуармæ балæууыди худæнбылæй йæ уæздæтты уынынмæ. Уæйгуытæ Сырдоны мидæмæ бахуыдтой æмæ йæ бандоныл бадын кæнынц, фæлæ сын Сырдон загъта:
    – Æз мæ æлдæртты цур никуы фæбадын, фæлæ, уæ хорзæхæй, мæнæ мын къонайы дæле æнæбын къæрта авæрут, фæнык мын дзы акæнут, æмæ ууыл сбаддзынæн.
    Уæйгуытæ цæмæй æрхъуыды кодтаиккой уый, æрхастой æнæбын къæрта, ныккодтой дзы фæнык, ауагътой дзы бурæмæдз.
    Бурæмæдз фæнычы афардæг, æмæ Сырдоны цы баныхæстаид. Æрбадын ыл кодтой Сырдоны, сæхæдæг нардæй сгарын райдыдтой уазджыты æмæ фыццаджыдæр Хæмыцы фынгмæ æргæвдынмæ рахастой, æмæ Хæмыцæн фыртæссæй йæ цъыртт акалдис.
    Уæд æм Сырдон дзуры:
    – Цы кæныс, Хæмыц, афтæ-иу куы æппæлыдтæ дæхицæй, тас никуы зонын, зæгъгæ, æмæ ныр фыртæссæй дæ хæлафы дæ цъыртт куы акалдтай.
    Уый йæм цы сдзырдтаид æмæ афтæ:
    – Сырдон, кæд ма нын ды исты баххуыс кæнай ирвæзынæн, уæд нæхи куыд дарæм, дæу дæр афтæ буц дардзыстæм.
    Хæмыцы фынгыл æрæвæрынмæ куыд хъавыдысты, афтæ Сырдон дзуры уæйгуытæм:
    – Дис мæм кæсы, сымах кæрæдзийæн хистæры бар кæй нæ дæттут, уый, авд стут æмæ хистæр-кæстæр куынæ зонут.
    Афтæмæй дын уæйгуытæн хыл нæ рацайдагъ, нæ! Хистæр иннæтæн дзуры (уæйгуытæ уыдысты авд дæр куырдтæ):
    – Æз хъæсдарæг куы дæн, æфсæйнæгты мын мæ бæрзæйыл куы хойут.
    Дыккаг загъта:
    – Æз мæ дзыхæй тæвд æфсæйнаг куы раласын.
    Æртыккаг загъта:
    – Уæдæ æз дзæбуг куы дæн.
    Афтæмæй сын загъд бацайдагъ æмæ дзæбугтæй кæрæдзиуыл ралæууыдысты, йæ дзæбуг кæмæн ахауы, уымæн та йæ Сырдон фелвасы æмæ йын æй йе 'ртты фæсадзы, æллах, амардта дæ, зæгъгæ. Афтæмæй авд уæйыджы кæрæдзийы ныццагътой. Сырдон цæмæй йе 'мбæлтты фервæзын кодтаид, уый кодта æмæ йæ бакодта.Дæрддзæфгомау къуымæй хъæрзын цыдис. Сырдон бацыдис уырдæм æмæ дзы кæд хуыссыд уæйгуыты мад.Сырдон æм дзуры:
    – Зæронд хæрæг, тагъд мын бацамон, бурæмæдз цæмæй суæгъд уыдзæнис, уый.
    Зæронд ус æм дзуры:
    – Ацу тагъд, кæннод дæ куыддæр мæ фырттæ æрбаййафой, афтæ дæ хæрдзысты.
    Сырдон куы иуы сæр ракæны уæйгуытæй æмæ йæ усы цурмæ батулы, куы иннæйы; афтæмæй-иу мæгуыр зæронд ус ныббогътæ кодта.Сырдон æй йæ къахы бырынкъæй басхойы, тагъд мын бацамон, кæннод дæ марын, зæгъгæ. Уд адджын кæм нæу, æмæ мæгуыр зæронд ус загъта:
    – Уым фæсдуар цуайнаг, дæ дыууæ кæстæр къухæй йыл схæц, скъæтмæ йæ ныххæсс, уым сау хъуг баст, æрдуц æй, артыл æй сæвæр æмæ куы рафыца, уæд сын æй сæ быны ауадз, æмæ суæгъд уыдзысты.
    Сырдон афтæ бакодта æмæ йе 'мбæлттæн сæ быны æхсидгæ æхсыр ауагъта. Нарты уæздæттæй куы иу ныхъхъæр кæны: «Дæ-дæй, мæ бадæны фæрстæ басыгъдысты», куы иннæ, афтæмæй сæ Сырдон фервæзын кодта, фæлæ сæ бадæнтыл бадын нал фæрæзтой. Нарт баздæхтысты, афтæмæй уæйгуытæм цыдæриддæр хæзна æмæ фос уыдис, уыдон раскъæрдтой æмæ уæд Сырдонæн бæх радтой. Цæуын байдыдтой, афтæмæй иу доны былмæ бахæццæ сты, уым æрхызтысты, Сырдоны æрцахстой: ай нæ æрцахсын кодта, нæ зынг-дзаума нын адавта, фæлæ нæ ирвæзын дæр фæкодта. Æмæ маргæ нæ, фæлæ бæрз бæласы тала æртасын кодтой æмæ йæ йæ рихитæй бабастой, сæхæдæг тала суагътой, æмæ Сырдон бæласы сæрмæ сгæпп ласта, йæ бæхæн йæ уæллаг был алыг кодтой æмæ йын æй бынæй бæласыл бабастой.
    Нарт сæ фос аскъæрдтой æмæ та иудзæвгар ауадысты æмæ, нæ фæллад уадзæм, зæгъгæ, афтæ æрфынæйтæ сты. Сырдон бæласы сæрæй хъæр кæнын байдыдта:
    – Нæ цæуын дзæнæтмæ, нæ цæуын дзæнæтмæ, мæ бар мæхи нæу, нæ уынын дунейы хорздзинæдтæ!
    Афтæмæй фыййау фехъуыста Сырдоны хъæртæ, йæ фос раскъæрдта æмæ куы æрбахæццæ бæласы бынмæ, уæд дзуры хæрдмæ Сырдонмæ:
    – Цавæр у?
    Уый йæм дзуры:
    – Зæдтæ мæ ардæм сæргъæвтой æмæ мæ дзæнæтмæ кæнынц, дунейы хорздзинæдтæ æмæ мын хæзнатæ уынын кæнынц, æмæ сын æз нæ комын, мæ бар мæхи у, нæ цæуын дзæнæтмæ.
    Афтæмæй йæм фыййау бахæлæг кодта:
    – Æз сæм ссæудзынæн.
    Сырдон æм дзуры:
    – Уæдæ бæласы тала æртасын кæн æмæ мæ райс.
    Фыййау тала æртасын кодта, Сырдоны сыхæлдта æмæ йын загъта:
    – Ныр та мæн сæргъæв.
    Сырдон фыййауы тынг фидар бабаста бæласыл, æмæ фыййау сфардæг, уæдæ цы кодтаид, бæласы сæрмæ. Сырдон сбадтис йæ бæхыл, фыййауы фос йæ разæй аскъæрдта æмæ фæцæуы.
    Фыййау æм дæлæмæ дзуры:
    – Цы ми кæныс? Мæ фос мын кæдæм скъæрыс?
    Сырдон ын афтæ зæгъы: «Ды уал уым алырдæм фæлгæс дзæнæты къуымтæм, æз та ацы фос мæхицæн аскъæрон». Афтæмæй афардæг ис, æмæ Нарты фынæйæ баййæфта. Баздæхт æмæ сын сæ бæхты къудитæ ныллыг кодта æмæ сын сæ сæ сыдзты батъыста, йæхæдæг ныхъхъæр кодта, фæдис, зæгъгæ. Нарты уæздан фæсивæд фестадысты, сæ фос сæ разæй аскъæрдтой æмæ фæцæуынц. Уæд Нартæй иу фæрсы Сырдоны, куыд рахызтæ, зæгъгæ. Уый йын загъта, фыййауы куыд фæсайдта, уый. Уæд æм иннæ дзуры:
    – Æмæ уæдæ дæ бæх та цæуыл худы?
    Сырдон бахудтис æмæ афтæ зæгъы:
    – Худинаг уыны мæ бæх æмæ худы, уæдæ цы кæна?
    – Цавæр худинаг уыны? – зæгъгæ, йæ фæрсынц Нарт.
    Сырдон сæ фæстæмæ фæкæсын кодта æмæ хорзау нал фесты, ай та нæхицæн куы сфыдбылыз кодтам, зæгъгæ, æмæ афардæг сты сæ хъæумæ.

ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 14–18.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru