поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Сырдоны таурæгъ
Автор: 00mN1ck / 13 июня 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Нартмæ-иу хъомгæс хъом куы аскъæрдта, уæд-иу Сырдоны хъуг сæ разæй цыдис. Фæстæмæ-иу сæ хизæнуатæй куы скъæрдта, уæддæр-иу сæ разæй цыди. Нæртон адæммæ уый хардзау фæкастис, æппæтæй дæр ныл Сырдон уæлахиз кæны, йæ хъуг дæр ныл уæлахиз кæны. Уый фыддæрагæн нæртон адæм Сырдонæн сусæгæй йæ хъуджы былтæ ралыг кодтой. Уыцы хъуыддаг Сырдонмæ фæхабар чындис, æмæ ацыдис хизæнуатмæ. Нæртон хъæуы хъомæн се 'ппæтæн дæр сæ къæдзилтæ алыг кодта. Изæры нæртон адæм ныхасы бадынц, Сырдон дæр семæ уæвгæйæ. Ныхасы фæрсты хъом æрцæуынц, Сырдоны хъуг сæ разæй йæ дæндæгтæ зыхъхъырæй æрхæссы. Ныхасы нæртон адæм худæгæй гуыбындихтæ кодтой æмæ Сырдонмæ дзурынц:
    – Сырдон, дæ хъуг цæуыл худы?
    Сырдон сын дзуапп радта:
    – Мæ хъуг дзæгъæлы нæ худы, йæ фæстæ худинæгтæ уыны, æвæццæгæн.
    Уалынмæ хъом æривгъуыдтой, æмæ нæртон адæмы хъомæй иу хъугыл дæр къæдзил нал ис.
    Нæртон адæмæн уый фæхъыг ис æмæ тæрхон байдыдтой, Сырдон сын цы хъуыддаг бакодта, ууыл. Æмæ йын стæрхон кодтой: Сырдоны хъуджы куыд аргæвдой 'мæ йæ куыд бахæрой, афтæ. Сырдон ууыл сразы ис, æрмæст сын загъта:
    – Хъуг бахæрут, фæлæ мын йе стджытæ мæхицæн куыд радтат, афтæ.
    Хъуг хæрын куы байдыдтой Нарты адæм, уæд Сырдоныл алырдыгæй стджытæ æппæрстой, гъа, Сырдон, дæ хъуджы стæг, зæгъгæ. Сырдон-иу систа стæджы æмæ-иу æй сабыргай голладжы нывæрдта. Нарты адæм дис кодтой, цæй æдылы у Сырдон, йæ хъуджы стджытæй та ма цы кæны, зæгъгæ. Сырдон хъуджы стджытæ куы æрæмбырд кодта, уæд сæ йе 'ккой скодта æмæ сæ ахаста иу хъæздыг хъæумæ. Сырдон кæй зыдта. ахæм хъæздыг лæджы дуармæ сбадтис, цæмæй йæ сæхимæ фысыммæ бауагътаиккой, уый тыххæй.
    Сырдон йе стджытимæ бафысым кодта хъæздыг хæдзары. Уазæгдоны йын бауат кодтой æмæ сæ хуыссыны размæ хатыртæ ракуырдта, мæ голлагмæ мын мачи бавналæд, ис дзы бирæ хæзнатæ æмæ мын кæннод стджытæ фестдзысты, зæгъгæ. Хъæздыг лæджы бинонтæ æнцад сæхицæн схуыссыдысты, Сырдоны хæзнаты мæт сæ нæ уыд. Фæлæ Сырдон йæхæдæг æнæмæт нæ уыд. Æмбисæхсæв куы фæци, уæд сыстадис, йæ голладжы ком суæгъд кодта, стджытæ байгом кодта, йæхæдæг фæстæмæ æрхуыссыд. Бонырдæм куы фæцис, уæд рабадти æмæ йæ уæрджытæ хойын байдыдта, хъæр кæны, бабын дæн, зæгъгæ.
    Хъæздыг лæджы бинонтæ фæдисау сыстадысты, цы 'рцыдис нæ уазæгыл, зæгъгæ, æмæ йæм згъорынц.
    Сырдон богътæ кæны:
    – Цы ма кæнон, дысон уын уый фæдзæхстон, мæ голлагмæ мын мачи бавналæд, зæгъгæ, ныр мын мæ голлаг райгом кодтат, æмæ хæзнатæ стджытæ фестадысты.
    Хъæздыг лæг сабыр кæнын байдыдта Сырдоны:
    – Дæ хъæр мауал айхъуысын кæн, кæннод мæ худинаг кæныс, йæ уазæджы бахордта, зæгъгæ. Фæлтау дæ цы хорздзинад хъæуы, уый дын бафиддзынæн.
    Сырдонæн уыцы бар куы радта, уæд загъта:
    – Уæдæ мын мæ хæзнатæ хæзнатæй нал бафиддзынæ, фæлæ мын се 'муæз æхца ратт.
    Хъæздыг лæгæн хуыздæр гæнæн нал уыд æмæ хъуджы стджыты æмуæз Сырдонæн æхца ранымадта. Сырдон фæстæмæ йæ æхцайы голлагимæ сæ хъæуы ныхасы рæзты ссæуы, æмæ йæ фæрсынц худæгау:
    – Сырдон, цы хæссыс?
    Сырдон сын худгæйæ дзуапп радта:
    – Хуыцау ма мын куы радтид ноджы стджытæ, уæд дунейы æхцайæн схæссынæн фадат уаид.
    Ныхасы адæмæн Сырдон рахабар кодта, хъуджы стджыты, дам, æхцайæ чи ивы, ахæм хъæу ис. Нарты адæм хъуг нал ныууагътой, стджыты æмбырд байдыдтой, хæссынц сæ хъæумæ, хъæр кæнынц, æмæ чи? Стджыты æхцайæ баивæг нæ фæци.
    Стæй уæд адæм тæрхон байдыдтой фæстæмæ Сырдоныл:
    – Нæ хъом нын ныццæгъдын кодтай, æмæ дын гъеныр æнæ фесафгæ нал ис.
    Сырдон йæхæдæг йæхицæн тæрхонгæнæг фæцис. Нарты адæм æм байхъуыстой. Сырдон сын райдыдта дзурын:
    – Скæнут мын ахæм чырын, байсæрдут æй писийæ, зæгæлæй йæ ныххуыйут æмæ мæ фурды баппарут.
    Нæртон адæмæн куыд загъта, афтæ йын бакодтой.
    Фурд æй ласын байдыдта. Иуцасдæр æй фæласта, стæй сакъадахыл банцадис. Йæ писи хурмæ æрттывта, алырдæм зындис. Фурдæн йæ иннæрдыгæй фарс фыййæуттæ дардтой фос. Уыдонæй бирæ фос цагъды фæцис фаднизæй. Агуырдтой ахæм лæг, сæ фос сын чи фервæзын кодтаид. Фыйæуттæ цæмæй зыдтой, уыцы ран лæг ис, уый, фæлæ, дис кодтой, ай цы æрттивы, зæгъгæ, æмæ бæндæнтыл сæхи ауагътой, баленк кодтой сакъадахмæ. Æрчъиаг къогъодзийæ йæ къахæй скъуырдта чырыны иу фыййау, ай та цы диссаг у, зæгъгæ.
    Сырдон сæм дзуры уырдыгæй:
    – Цæмæн мæ хъыгдарут?
    Уыдон тæрсæгау фæкодтой æмæ йæ бафарстой, цы дæ, цавæр дæ, цы ми кæныс ам, зæгъгæ. Уый загъта:
    – Æз дæн фосы Фæлвæра, сымахæн цæуынæн бар ис, мæн уадзут мæ бынаты.
    – Нæ фос цагъды фесты, мах дæу куы агурæм рагæй дæр.
    – Тынг дæр мæ не 'вдæлы, фæлæ цом, аласут мæ.
    Аластой йæ, райгом æй кодтой, уæтæртæм æй бакодтой. Уæдмæ хур дæр æрныгуылд. Фыййæуттæн Сырдон загъта:
    – Уæ фосæн сæ тæккæ нарддæр аргæвдут.
    Бирæ гæды куывдтытæ фæкодта Сырдон. Райсом раджы лæвæрттæ кæнын байдыдтой Сырдонæн. Сæдæ фысы йын сæ тæккæ нæрдтæй равзæрстой. Сырдон фосыл рахъæр кодта æмæ та сæ æхситгæнгæ Нарты хъæуы уынгты сыскъæрдта. Дистæ кæнын та байдыдтой:
    – Ай та цы диссаг у, доны йæ куы баппæрстам, фурд æй куы аласта, æмæ та Сырдон фосимæ куы ссыди.
    Фæрсын та йæ райдыдтой нæртон адæм, куыд æгъдауæй дæ къухы бафтыдысты ацы фос, зæгъгæ. Сырдон йæхи мæстыхуыз скодта æмæ сын загъта:
    – Уаих фæуат, гыццыл ма мæ фалдæр куы баппæрстаиккат доны, уæд мæ къухы фылдæр фос бафтыдаид. Фос уæ кæй хъæуы, уый йæхи æппаргæуæд фурды.Чи уæ фалдæр бахауа, уый фылдæр фос ратæрдзæн. Æрмæст иу «æррæй», зæгъгæ, йæ къухы бафтæд.
    Нæртон адæм сæхи доны æппарын байдыдтой. Лæджы мыггаг хъæуы нал баззадис æмæ фурды цагъды фесты. Сылгоймæгтæ чи сты, уыдон бырсын байдыдтой Сырдонмæ хъилтимæ, нæ лæгты нын бабын кодтай, зæгъгæ. Сырдон та сæ ракуырдта хатыр, ныхасы бар:
    – Тæрхон скæндзынæн мæхицæн æмæ мæ уыцы тæрхонæй фесафут. Голладжы мæ сæвæрут, йæ ком ын фидар бабæдтут æмæ мæ æртæ фæндагæй астæуккагыл сæвæрут. Ацæут мæм-иу хъилтимæ æмæ мæ уым ныцъцъæл кæнут.
    Афтæ йын бакодтой. Ахастой йæ æмæ йæ æртæ фæндагæй астæуккагыл сæвæрдтой. Сылгоймæгтæ куы ацыдысты хъилтæ хæссынмæ, уæд уыцы фæндагыл барæг æрцæйцыд. Йæ бæх хуыррыттытæ кæны, голлагæй тæрсы. Барæг рахызтис, йæ бæх идадзæй æрласта голладжы цурмæ.Йæ къахæй скъуырдта голлаг, ай та цы у, зæгъгæ. Æмæ йæм Сырдон дзуры:
    – Дæ фæндаг дар, хорз лæг, цæмæн мæ хъыгдарыс?
    Барæг æй бафарста:
    – Цы дæ, цавæр дæ, ам цы ми кæныс?
     Сырдон ын загъта:
    – Æз дыргъуарзаг лæг дæн: дыргъмæ рацыдыстæм æмæ, хæлæф кæндзынæ, зæгъгæ, мæ ме 'мбæлттæ нæ ауагътой, ардæм, дам, дын æрхæсдзыстæм дæ хай.
    Барæг та, рынчыны тыххæй æхсызгонæн дыргътæ чи агуырдта, ахæм уыди.
    Табуафситæ байдыдта Сырдонæн:
    – Курын дæ, æмæ дзы мæн цæвæр. Тынг æхсызгон мæ хъæуы дыргътæ æмæ мын уазæджы хатыр бакæн.
    Сырдон уазæгæн йæ бынат радта, цыма йæ нæ фæндыдис, уыйау.
    Уазæджы нымæт йæ уæлæ æркодта, ехс йæ къухы райста æмæ иуварс дардгомау ацыдис стыр обаумæ, кæсы уырдыгæй. Нæртон сылгоймæгтæ ралæбурдтой хъилтимæ Сырдонмæ. Уый æнхъæлæй уазæджы ныцъцъæл кодтой. Сылгоймæгтæ хъæумæ æрыздæхтысты кæрæдзийæн дзургæйæ:
    – Гъеныр Сырдонæй æрынцадыстæм.
    Иучысыл рæстæг рацыди ууыл, афтæ Сырдон бæхыл хъæуы уынгты ссæуы.
     Дистæ та байдыдтой сылгоймæгтæ, ай цы диссаг у, куы йæ ныцъцъæл кодтам, йæ туг ын куы акалдтам, æмæ та мæнæ куы ссæуы. Æрæмбырд та йыл сты фæстæмæ, фæрсын та йæ байдыдтой.
    Сырдон загъта:
    – Ме сывзæрынæй абонмæ сымах мæн сафыны куыст кæнут, фæлæ мæн мæ Хуыцауы хай нæ сафы, стæй ма æз куы фесæфон, уæд нæртон адæм бынтондæр фесæфдзысты. Фæлтау цæрæм, æз ма уын мыггагæн баззадтæн.

Радзырдта йæ Хъазиты Ладе Гантейы фырт, 34-аздзыд, Хъæдгæрон. Ныффыста йæ Хоранты Умар.
ЦИГСИИ-йы архив, фольклор № 83, папкæ 27, ф. 223–228.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru