поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Хæмыц (вариант)
Автор: 00mN1ck / 25 июня 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

Нæртон Хæмыц та куы бады
Йæ хурмæ бадæны,
Йæ хурмæ бадæны.

Алырдæм та куы фæлгæсы,
Алырдæм,
Алырдæм.

Гъеуæд уæртæ ма дын
Сау хъæдæй ахæм гæрах
Æрыхъуысти, –

Йæ хурмæ бадæны авджын
                        рудзгуытæ
Нызгъæлæнтæ вæййынц,
Нызгъæлæнтæ вæййынц.

Дистæ куы кæны,
Дистæ куы кæны
Зæронд Хæмыц.
Уæдæ уый арвы нæрын уаид,
Æмæ, зæгъы,
Арвыл иу къæм куы никæм ис.

Уæдæ ма, зæгъы,
Сармадзаны хъæр уаид,
Æмæ сармадзан сау хъæды
                цы ми кæндзæн?

Йе 'взист лæдзæг йæ къухы
Райсы, райсы, зæгъы, гъе.

Сау хъæды мæсчъы былтыл
Фæцæуы зæронд Хæмыц,
Зæронд Хæмыц.

Гæрах кæцæй фæцыди,
Зæгъгæ, уый куы агуры,
Куы агуры.
Сау хъæды мæсчъы былтыл
Фæцæуы, æмæ дæлæ иу лæг
Саджы марды алыварс зилæнтæ
                             кæны.

Гъеуæд æм Хæмыц дæр
                     ныххæццæ ис.
– Дæ бон сой уа, хорз лæг,
Дæ бон сой уа!

– Сой Хуыцау радта, зæронд
                            Хæмыц,
Сой Хуыцау радта,–
Зæгъы иу цуанон.

Дæргъмæ дисны уыдис цуанон,
Дæргъмæ дисны,
Уæрхмæ – уылынг.

Йæ ныхы сæрыйас нымæт æм
Куы уыдис цуанонмæ
Бæласыл ауыгъд.

Йæ быны йын æй
Æрбатымбылтæ кæны
Зæронд Хæмыцæн.

Цуанон йæ дзыппæй куы сисы
Дыууæ сызгъæрин хъулы,
Дыууæ сызгъæрин хъулы.

Зæхмæ сæ ауилы, зæхмæ.
Ахæм дыууæ лæппуйы дзы
Агæпп кæны 'мæ

Саг, зæгъы, растигъынц.
Сагмæ, зæгъы, разилынц.
Дыууæ лæппуйы йæм базилынц,

Физонджытæ дзы акæнынц
Æртæ уæхсты
Физонджытæ.

Цуанон та йæ дзыппæй
Куы сисы сызгъæрин хъул
Æмæ йæ зæхмæ куы ауилы.

Ахæм сызгъæрин фынг дзы
Агæпп ласы, зæгъы,
Агæпп ласы.
Физонджытæ йыл æркæрдынц;
Фынг бараст вæййы
Цуанон æмæ Хæмыцы размæ.

Цуанон куы зæгъы, зæгъы:
– Марадз-ма, марадз, Хæмыц,
Нæртон куывдтытæ нын ныккæн!

Гъеуый дæр куы зæгъы,
Нæртон Хæмыц дæр ын куы
                             зæгъы:
– Не скувдзынæн, нæ!

Цалынмæ мын, цы сты, уый
                             зæгъай,
Не скувдзынæн,
Не скувдзынæн!

Уæд ын цуанон дæр куы зæгъы,
Уæдæ-ма,
Куы зæгъы:

Мæнæ, зæгъы, цы дыууæ хъулы
                         ауылдтон,
Уыдон ме'фсымæртæ куы сты,
Ме 'фсымæртæ.

Мæ дыууæ 'фсымæры куы сты
Гъеуыдон,
Мæ дыууæ 'фсымæры,

Гъе 'мæ сæ сызгъæрин хъултæй
Мæ дзыппы куы хæссын
Бахъуаджы бонмæ.

Уæд та йæ Хæмыц дæр куы
                             фæрсы,
Гъеуæд, зæгъы, йæ
Куы фæрсы:

– Уæдæ дын фæстаг хъул та
Цавæр у,
Цавæр, – зæгъы?

– Æртæ 'фсымæрæй нын
Иу хо куы ис,
Æмæ уый та гъеуый куы у,

Гъемæ йæ сызгъæрин хъулæй
Мæ дзыппы куы хæссын
Бахъуаджы бонмæ.
Уæд нæртон Хæмыц дæр ныккувы,
Цуанонæн нæртон куывдтытæ
Куы ныккæны.

– Уæдæ кæцон стут? – зæгъгæ,
                     сæ бафæрсы.
– Мах дæлæ Донбеттыртæй куы
                             стæм,
Донбеттыртæй.

Уæд сыл Хæмыц куы сфæнд
                             кæны:
– Уæдæ мын уæ хойы радтут,
Уæ хойы, – зæгъы.

Уæд ын фæстæмæ дзуапп куы
                         дæттынц:
– Мах дæр мыггаг куы стæм,
Донбеттырты мыггаг,

Мах уæле хистæртæ куы и,
Мах дын дзуапп нæ ратдзыстæм,
Уыдонмæ ныццу, – зæгъы.

Араст вæййынц, араст,
Нæртон Хæмыц дæр
Семæ, зæгъы.

Ныффардæг вæййынц, зæгъы,
Дæлæ Донбеттыртæм,
Ныффардæг вæййынц.

Мыггаджы куы фæрсы, мыггаджы,
Донбеттырты мыггаджы, зæгъы.

– Чи у? – зæгъгæ, йæ куы
                         фæрсынц.
Уæд сæм æртæ 'фсымæры
Куы радзурынц:

– Нæртон Хæмыц у, нæртон!
Гъеуæд хистæртæ, зæгъы,
Хистæртæ, зæгъы,

Кæрæдзийы куы фæрсынц,
Куы зæгъынц: «Бæззы нын,
Хæстæгæн бæззы».

Бафидауынц, зæгъы, бафидауынц.
Донбеттыртæ, зæгъы, нæртонæн
Сæ чызджы раттынц.
Рафардæг æй кæны,
Рафардæг
Нæртон Хæмыц, гъе.

Сызгъæрин хъулæй йæ рахæссы,
Сызгъæрин хъулæй,
Сызгъæрин хъулæй.

Сфардæг æй кæны
Дæлæ авд Нартмæ,
Сызгъæрин хъулæй йæ рахæссы.

Æхсæртæгкатæ, зæгъы,
Фæззæджы хист
Куы кæнынц.

Хистмæ йæ Хуыцау куы 'рбауадзы,
Авд Нарты уым куы бадтысты,
Уæд Хæмыц дæр куы 'рбацæуы.

Æрбадын æй кæнынц
Хæмыцы дæр,
Æрбадын.

Гъеуæд сæм радæтты
Уырдыглæууæг дæр
Бæгæны.

Фæйнæ гаджидауы
Банызтой, зæгъы,
Фæйнæ гаджидауы.

Гъеуæд æм Донбеттырты чызг
Йæ дзыппæй куы дзуры:
– Нæртон хойраджы хъæстæ
                         мæ фæкæн!

Уæд æм куы дзуры:
– Уæдæ мæ дысмæ
Исты æгъдауæй сбыр.

Йæ дысмæ сбырыд, зæгъы.
Уалынмæ та уырдыглæууæг дæр
Радæтты, радæтты.

Æрхæццæ та ис Хæмыцмæ дæр,
Донбеттырты чызг дæр ын
Йæ дысмæ æрбахылд.

Йæ дысмæ æрбахылд,
Йæ дысмæ,
Йæ рахиз дысмæ.
Цыма йын æнæбары акалд,
Уыйау æй йæ дысмæ ныккалдта,
Йæ дысмæ.

Чызг дæр æй ахуыпп ласы,
Æмæ йæ фæстæмæ
Уырдыглæууæгмæ куы авæры.

Уырдыглæууæг дæр дзаг
                     ныххæссы,
Дзаг ныххæссы
Фæстæмæ, зæгъы.

Ныртон Сырдон та сын
Дзагдар куы уыди,
Дзагдар.

Уæд Сырдон дæр
Дзаджы хуылфы дынджыр къус
                         ныццæвы,
Дынджыр къус.

Уæд æм бацæуынц
                 кæстаугæнджытæ,*
Бацæуынц кæстаугæнджытæ,
Кæстаугæнджытæ

Æмæ йæ фæрсынц: – Цы кодтай,
                            Сырдон,

Цы кодтай,
Дзæбæх куы дæттæм?

– Цы кодтон, – зæгъы, – цы
                             кодтон,
Уæ дзыппыты куы хæссут
Уæ устыты.

Адæм сбунт вæййынц иууылдæр, –
Ракæс-бакæс байдайынц
Æмæ куы ницы уынынц.

– Уæд та цы 'рцыди нæ
                     Сырдоныл? –
Адæм куы сыстынц æмæ
                     фæйнæрдæм
Куы ныппырх вæййынц
Кæрæдзийыл гуырысхогæнгæйæ.
Хæмыц дæр ныффардæг вæййы,
Йæ мад Сатанайæн æй куы
                         радзуры:
– Ахæм фæндараст фæдæн,

Ахæм фæндараст куы фæдæн,
Донбеттырты чызг дын
Куы схастон. –

Æмæ йын æй сызгъæрин хъулæй
Йæ размæ ауылдта,
Ауылдта, зæгъы.

Чындзæй йæ размæ
Агæпп ласта,
Агæпп ласта, зæгъы.

Сырдоны ныхасмæ гæсгæ йæ,
                             зæгъы,
Никæмæуал уæндынц
Ног чындзы равдисын.

Сырдоны дуармæ та ныхас куы уыди,
Стыр ныхас,
Дуртæй арæзт.

Сырдон æмæ Хæмыц, зæгъы,
Сыхæгтæ куы уыдысты,
Сыхæгтæ.

Сырдон райсом рацæуы,
Ныхасы дуртæ æвзæрдзинæдтæй
Сахоры, æвзæрдзинæдтæй.

Уæд та Сырдон райсомæй, зæгъы,
Рацæуы, йæхи æдзæлæг-æмæлæг**
Скæны æмæ,

Мæнæ, зæгъы, Донбеттырты
Чызг схаста
Нæртон Хæмыц,

Гъе 'мæ ныхасы дуртæ
Фесæфта,
Ныхасы дуртæ.

Сбадынæн нал бæззынц
Ныхасы дуртæ,
Ныхасы дуртæ.
Хæмыц дæр рацæуын нал уæнды,
Нал уæнды,
Нал уæнды.

Уалынмæ æризæр и,
Уалынмæ, зæгъы,
Æризæр и.

– Бабын мæ кодтай,
Бабын, Донбеттырты
Чызг!

Хъарм дон-ма рахæсс,
Хъарм дон
Рахæсс!

Ныхасы дуртæ æхсын байдыдта
Æмæ сæ ныккодта хæрзæхсад
Донбеттырты чызг, æнæ уæвгæйæ.

Уæд ын нæртон Хæмыц куы
                             зæгъы:
– Адæмы астæу ныр ацон нал ис
Дæуæн дæр æмæ мæнæн дæр.

Фæлтау цом æмæ дæ
Ныххæццæ кæнон,
Ныххæццæ кæнон.

Рахæссы та йæ йæ дзыппы
Сызгъæрин хъулæй
Дæлæ Донбеттырты былмæ.

Раргъæвы йæ уым, йæ дзыппæй
                     йæ куы сисы.
Чызг та куы фестади,
Чызг та, уым.

Гъеуæд ын куы зæгъы:
– Фæндараст фæу, – зæгъгæ.
Чызгæн буцдæрæй йæ къух куы
                             райсы.

Уæд ын чызг куы зæгъы,
Лæг фæстæмæ куы раздæхти, уæд:
– Стæ-ма, де 'фцæггот дын
Адзæбæх кæнон, де 'фцæггот!

Лæг дæр æм йе 'фцæггот бадары,
Йе 'фцæггот бадары,
Йе 'фцæггот бадары,
Чызг дæр ын, зæгъы,
Йе 'фцæгготыл фæстæмæ рахæцы,
Æрдзæбæх дын æй кæнон, зæгъгæ,

Йе 'фцæгготы йын куы нытту
                             кæны
Æмæ загъта: – Хуыцауты Хуыцау,
Мæнмæ цы ис, уый йæ дыууæ
            уæны астæу сæвзæрæд!

Гъеуæд Хæмыц дæр кард
                         фелвасы
Æмæ ма йæ рацъыкк ласы,
Уый та доны мидæг хъазау
                         асенк ласы.

Хæмыц дæр, зæгъы, рацæуы,
Рараст вæййы гуыбыр-гуыбыр
Йæ дыууæ уæны астæуæй
                        хъæрзгæйæ.

Сатанамæ ссыди, зæгъы,
Бандоныл мæсты цæф æркодта
                             йæхи
Зæронд Хæмыц, мæсты цæф.

Гъеуæд ын Сатана куы зæгъы:
– Цы кæныс, ды цæрай,
Цы кæныс?

– Гъе 'мæ мын, – загъта, –
Дæлæ Донбеттырты чызг
Афтæ куы бакодта, афтæ,

Æмæ мæ дыууæ уæны астæуæй
Мæлынмæ куы 'рцæуын,
Мæлынмæ.

Сатана йын уыцы бонæй фæстæмæ
Йæ мæйтæ хынцын байдайы,
Йæ мæйтæ.

Æрхуыссы зæронд Хæмыц дæр,
Сатана йын йæ мæйтæ хынцын
                         байдайы...
Куы сæххæст вæййынц, зæгъы,

Мæйтæ куы сæххæст вæййынц,
Мæйтæ, зæгъы,
Мæйтæ,
Гъеуæд æй акъæртт кæны.
Дыууæ уæны астæу
Сатана акъæртт кæны.

Сырх зынгæй дзы, зæгъы,
Ахæм лæппу рагæпп ласы,
Ахæм лæппу.

Сатана дæр æй дæлæ къæссайы
Атухы æмæ йæ дæлæ
Куыройгоммæ ныххæссы,

Куыройгомы йæ доны, уæдæ,
Æрæвæры; æмæ уым цъыс-цъыс
Байдайы.

Куы 'руазал вæййы, уæдæ, уым,
Уæд ын Сатана йæ цонгыл куы
                         ныххæцы
Æмæ куы ссæуы йемæ, гъей.

Сæвæрынц ыл ном, зæгъы:
«Хæмыцы фырт
Батырадз».

Сатана та йын, зæгъы, уæдæ
Хуыскъæй æхсыр æруадзы,
Хуыскъæй æхсыр æруадзы

Æмæ йæ схæссы, зæгъы.
Схъомыл æй кæны Сатана,
Схъомыл æй кæны.

Авд Нартæн тыхтæ кæнын,
Тыхтæ кæнын байдыдта,
Тыхтæ.

Авд Нарты-иу æрæмбырд кæны
Æмæ сын куы зæгъы
Батырадз:

– Тагъд-ма мын мæ фыды туг
Бафидут, зæгъы,
Мæ фыды туг.

Гъеуæд ын куы зæгъынц
Авд Нарты дæр: – Дæхи дзых –
                         дæ тæрхон,
Дæхи дзых.
– Уæдæ мын залгъæдæй –
                     цæджындзтæ,
Æхсæлыйæ – аххæрджытæ,
Æмæ мын афтæмæй агъуыст
                     сцæттæ кæнут.

– Никуы арæм, – зæгъгæ, йын
                 куы зæгъынц, –
Хæмыцы фырт
Батырадз!

Гъе 'мæ та сын куы зæгъы:
– Тагъд мын уæдæ
Мæ фыды туг бафидут!

Дзурынц та йын авд Нарты:
– Дæхи дзырд – дæ тæрхон,
Дæхи дзырд – дæ тæрхон, Нарты
                         Батырадз!

– Уæдæ-ма мын, – зæгъы, – уæлæ
Уаскъуыппы бæрзондмæ
Фæласут сыгъдæг хуырсан
                         хъуымац.

Уаскъуыппы мын, – зæгъы, –
Басудзут сыгъдæг хуырсан хъуымац,
Басудзут, зæгъы.

Гъе 'мæ мын, – зæгъы, – хуырсан
             хъуымацы сыгъдонæй
Мы фыды цирыхъ байдзаг кæнут,
Мæ фыды цирыхъ.

Гъеуырдæм та куы фæластой
Сыгъдæг хуырсан хъуымац
Æмæ сæ уым мæсгуытæ куы
                         самайынц.

Басудзынц сæ, æмæ сын
Дымгæ куы фæхæссы
Сæ сыгъдон Уаскъуыппы цъуппæй.

Ницы та бакодтой, ницы.
Рацæуы æмæ та куы фæзæгъы
                        фидиуæгæн:
– Тагъд-ма ныхъхъæр кæн,

Тагъд-ма ныхъхъæр кæн:
«Тагъд мын мæ фыды туг
                         бафидут,
Куыйты Нарт!»
Уыдон дæр та йын куы
                        фæзæгъынц:
– Дæхи дзых – дæ тæрхон,
Дæхи дзых – дæ тæрхон, Хæмыцы
                    фырт Батырадз!

Уæд та сын куы фæзæгъы:
– Ныр мæ царвы физонæгæй
                         бафсадут,
Царвы физонæгæй!

Дынджыр быркуытæ та
Хæссын байдыдтой,
Дынджыр быркуытæ.

Арт бандзарынц, дынджыр
Хъæддаг арт
Бандзарынц.

Царвы хæйттæ йын, зæгъы,
Уæхстытыл куы кодтой,
Фæлæ сыл куы ницы зади,
            зæххы-иу афардæг сты.

– Ницы бакæндзыстут,
Ницы бакæндзыстут,
О куыйты Нарт.
             Фæлтау мын, зæгъы,

Дæлæ денджызы былмæ
Сыгъдæг сындз фæласут,
Денджызы былмæ.

Уым сæ сардзинтæ
Фæцамайут,
Сардзинтæ, зæгъы.

Гъе 'мæ мæ уым басудзут,
Басудзут, зæгъы,
Гъеуым.

Уым сырх зынг куы суон,
Уæд мæ-иу, куыннæуал уæ уынон,
Афтæ мæ-иу дынджыр даргъ
                         мæцъистæй

Доны, дæлæ денджызы
                        баппарут,
Цæмæй мæ нал фенат,
Кæннод мын нæ бафиддзыстут.
Сау сындз амайын байдайынц
Дæлæ денджызы былыл,
Дыууадæсгай цæдтæй,

Сæ астæуы ма бадæн куы
                        ныууадзынц
Хæмыцы фырт Батырадзæн,
Батырадзæн.

Уый дæр дын уырдæм куы бацæуы,
Æмæ йыл арт куы бандзарынц,
Арт, зæгъы.

Иннабонæй-иннабонмæ, зæгъы,
Куы фæсудзы, уæдæ,
Сырх зынг ныввæййы.

Æмæ сæм куы хъæр кæны!
– Ныр уæм куыннæуал зынон,
Афтæ мæ денджызы цæппарут!

Уыдон дæр æй стыр мæцъистæй
Денджызы куы ныттулынц,
Куы ныттулынц.

Денджызы куы ныххауы,
                         зæгъынц.
Уым иннабонæй-иннабонмæ
Цъыс-цъыс куы байдайы,

Сыгъдæг болат-æндон
Куы свæййы,
Болат æндон.

Денджыз куы ныххуыскъ вæййы,
Сыгъдæг кæфтæ æмæ кæсæгтæй дзы
Авд Нарты афæдзвæгтæ куы
                         рафтауынц.

Сыгъдæг болат-æндонæй
Рагæпп ласы фæстæмæ,
Сыгъдæг болат-æндонæй.

Авд Нартимæ та куы хæцы,
Кард дæр æй нæ кæрды,
Топп дæр дзы нæ хизы, ахæм
         болат-æндон куы ныцци.

Уæлæ Уарыппы фидары
Зæдтæ тæрхон куы кæнынц,
Уарыппы фидары.
Гъеуæд авд Нартæн куы дзуры:
– Тагъд мын мæ фыды туг,
Мæ фыды туг!

Æмæ мæ, уæдæ, тагъд цæвæрут
Роддон сармадзаны,
Уым мæ нæмыгæн цысхойут æмæ
                         мæ фехсут!

Топпыхос дзы бирæ голджытæй
Куы ныккодтой,
Куы ныккодтой.

Топпы нæмыгæн æй цæфсæрынц
Дынджыр роддон сармадзаны,
Топпы нæмыгæн.

Æмæ сæм куы дзуры, зæгъы:
– Уарыппы фидармæ мæ саразут
Роддон сармадзаны.

Ныннæрын æй кæнынц сармадзаны,
Æмæ йæ куы фехсынц,
Куы фехсынц.

Æмæ йæ Уарыппы фидармæ
Куы саразынц,
Уарыппы фидармæ.

Уым зæдтæ тæрхон куы кодтой,
Зæдтæ, зæгъы,
Тæрхон куы кодтой.

Гъеуым сæ æмбырдæй баййафы
Æмæ кард куы фелвасы,
Кард, зæгъы, гъе.

– Ме 'вастæй, зæгъы,
                     ам тæрхон
Цы кæнут, зæгъы,
Тæрхон?

Æмæ сæм кард куы фелвасы,
Æмæ сæ æнæ сæрыфæхстæ
Æмæ æнæ цæнгтæ куы фæкодта.

Æмæ ма æрдæгцъæлтæй
                 аирвæзтысты.
Авд Уациллайы, авд Уастырджийы,
Уæлæ Хуыцаумæ хъæстмæ
                         ссыдысты;
Иннæ ахæмы –
Авд Мыкалгабыры,
Авд Мыкалгабыры:

– Фæцагъта нæ дæлæ Хæмыцы
Фырт Батырадз.
Цы дын кодтам,

Цы дын кодтам, Хуыцау,
Æнæ сæрыфæхстæ æмæ нæ
Æнæ цæнгтæ,

Æнæ цæнгтæ нæ куы фæкодта,
Уæд дын цы кодтам,
Уæ, Хуыцау?

Уæд Хуыцау дæр куы зæгъы:
– Æгæр конд фæцис,
Æгæр конд.

Уый мæ конд куы нæ у, –
Уæд Хуыцау куы загъта, –
Фæлæ æгæр конд фæци, æгæр.

Йæ уд сисын, зæгъы,
Мæ къухы куы нæ и,
Мæ къухы,

Хуыцау та сын куы зæгъы:
– Æз ын ахæм зонд йæ сæры
                     бауадздзынæн
Æмæ балцы ацæудзæн, балцы.

Ахæм быдырмæ афтдзæн,
Ахæм быдырмæ, æмæ йыл,
                         зæгъы,
Доны стæм скæндзæн,
Доны стæм скæндзæн,
Бæстыл доны 'ртах
Нал ардзæн.

Йæ уд сисын мæ къухы куы
                             нæ ис,
Фæлæ, зæгъы,
             зды дурнад кæнут,
Дурнад.

Йæ сæры бæстастæумæ йын
                             хъавут,
Уыцы æнæдон быдырмæ
Куы афта, уæд.
Уырдыгмæ цæвут, уырдыгмæ,
Куыд сзынг уа, афтæ,
Куыд сзынг уа.

Хæмыцы фырт дæр Батырадз
Балцы араст вæййы,
Балцы,

Ахæм быдырмæ балцы,
Æмæ дзы доны хуыпп
Нæй, доны.

Авд Уациллайы йæ уырдыгмæ
Цæвын байдыдтой,
Уырдыгмæ.

Авд Уастырджийы,
                    авд Уациллайы
Зды дурнадæй,
Зды дурнадæй.

Хæмыцы фырт Батырадз дæр
Куы сзынг вæййы
Æмæ куы ахъил вæййы,

Куы ахъил вæййы гъеуым.
Афтæ ма стæф кæны,
Æмæ йæ уæлæты чи атæхы,
                     уый та æрхауы,

Æмæ та сæ афтæмæй
Цæгъдын райдыдта,
Цæгъдын.

Хуыцаумæ та хъæстмæ
Ссæуынц, Хуыцаумæ
Хъæстмæ:

– Æгасæй нын цы кодта,
Фæлæ нæ хæрз цагъд ныр
                         куы кæны,
Ныр куы кæны.

Хуыцау дæр та сын куы зæгъы:
– Цæут æмæ йæм хæстæг
Бацæут, хæстæг

Æмæ йын зæгъут: «Уæлæ дæ
Уæларв Софиа-зæппадзмæ
Куы хæссæм, уæддæр нæ цæгъдгæ
                         мауал кæн.
Тæф мауал кæн, тæф!»
Кæсагæй уæлдай тæф нал кодта,
Кæсагæй уæлдай.

Сæ уæлныхты йæ сисынц,
Сæ уæлныхты зæдтæ.
Уæларв Софиа-зæппадзмæ йæ
                        куы ахастой.

Зæппадзы дуармæ куы
                 бахæццæ вæййы,
Уæд та сын нал комы,
Нал комы.

Йæ къæхтæ фæйнæрдæм
Куы ныккæны,
Йæ къæхтæ.

Стæй та йын йæ сæр куы
                         азылдтой,
Æмæ та йæ къухтæ фæйнæрдæм
Куы ныккæны.

Куы нæ сын комы,
Тухæнæй сæ куы мары,
Тухæнæй.

Нал та нын комы, зæгъгæ, та
Хуыцаумæ хъæстмæ
Бацыдысты, хъæстмæ.

– Гъе, Хуыцау ын æй
Ма ныххатыр кæна, Хуыцау,
Уый мæ æртæ цæссыджы агуры.

Æртæ цæссыджы мæ агуры,
Æмæ та йын сæ раттут,
Æмæ йын сæ раттут.

Ацæут æмæ йын сæ раттут:
Уад, дон æмæ арт, зæгъгæ, йын,
Зæгъут, – зæгъы.

– Гъеуыцы æртæ хъуыддаджы
Дæ бар фæуæнт,
Дæ бар, – ын куы зæгъынц.

Гъеуæд ыл схæцынц, æмæ
Йæхи кæсагау ауадзы,
Æмæ йæ бахæссынц,
Софиа-зæппадзы йæ æрæвæрынц,
Софиа-зæппадзы йæ
Æрæвæрынц.

Радзырдта йæ Цопанаты Арсæмæг, 8 февраль, 1941 аз, Дзуарыхъæу. Ныффыста йæ Брытъиаты Созырыхъо.
ЦИГСИИ-йы архив, эксп. бр. 11, фольклор № 56, папкæ 23, ф. 153–179.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru