поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты Батырадз
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Нарты Батырадз ацыди Сайнæг-æлдары чызгмæ курæг. Сфардæг Сайнæгы тигъыл, Сайнæгы хæдзармæ бахъæр кодта:
    – Сайнæг-æлдар, æддæмæ мæм ракæс!
    Йæ хъæрæй нызгъæлдысты цары сæгтæ. Рахызти йæм Сайнæг-æлдар:
    – Æгас нæм фæцу, Нарты æлдар Батырадз!
    Уæд æм Батырадз дзуры:
    – Хъуамæ мын дæ чызджы усæн радтай!
    – Гъе, дæ бон ныккалай, Батырадз, мæ чызджы дæуæн кæй дæттын хъæуы? Æгайтма мыл æввæрсыс!
    Батырадз йæ дзыпмæ нывнæлдта, систа сыгъзæрин пурти æмæ йæ баппæрста нысанæн:
    – Гъеуый дын дæ чызджы тыххæй нысанæн. Æз цæуын хæтæны.
    Раздæхт уырдыгæй, æмæ йæм дзуры Сайнæг-æлдар фæстейы:
    – Фысым нæм бакæ, Батырадз, кæд нæм каисмæ бадардтай дæ сæр, уæд.
    Уæд æм Батырадз дзуры:
    – Гъе, Сайнæг-æлдар, æмæ дæм цæй номыл æрхизон?
    Йæхæдæг афардæг уырдыгæй хæтæны.
    Уæд æрцыди Сайнæгмæ Хызы фидары хицау Челæхсæртан æмæ бадзырдта:
    – Сайнæг-æлдар, æддæмæ мæм ракæс!
    Рауади йæм Сайнæг-æлдар.
    – Сайнæг-æлдар, радт мын усæн дæ чызджы.
    – О, дæ бон ныккалай, мæнæн мæ чызг Нарты Батырадзæн куырд куы у.
    – Гъе, уæдæ ма кæд фехъуыстай, Челæхсæртан Батырадзæй æдыхдæр у, зæгъгæ?
    – Не суыдзæн мæнæн мæ бон Нарты ус байсын.
    – Ма кæ, ратт æй бархийæ, кæннод æй фæхæсдзынæн тыхæй.
    – Тыхæй дæ цы фæнды, уый бакæ, бархийæ мæнæн мæ бон не суыдзæн Нарты чындз байсын.
    Уæд дынджыр сираг ныкъкъæрцц ласта æмæ тымбылцъæгæй сæмбæлди хæдзары. Февнæлдта чызгмæ, йæ фæсарц æй баппæрста æмæ йæ афардæг кодта йæ фидæрттæм.
    Куы фехъуысти Нартæ æмæ Чынтмæ, нæ чындзаджы нын фескъæфта Хызы фидары хицау Челæхсæртан, зæгъгæ, уæд æм снысан кодтой тыхджын æфсæдтæ. Байдыдтой йын йæ фидæрттыл хæцын, æмæ дзы ницы хауы къæрттæй-цъулайæ. Ныууагътой йæ.
    Уый йæ фидæртты дуæрттæ ныккодта æнгом æхгæд æмæ цæры.
    Созырыхъо йæ цирхъ фæрсыссад скодта æмæ йæ кæрцæй хæдоны 'хсæн нытътъыста.Ссыди æмæ Челæхсæртаны суадоны цур йæхи мардæфсон скодта. Рацыдысты Челæхсæртаны дондзаутæ донмæ, æмæ мæнæ Созырыхъо мæстмард ныккодта. Уæд æм фезгъордтой хæрзæггурæггаг:
    – Челæхсæртан, дæ хæрзæггурæггаг мах: Созырыхъо дæ суадоны цур амарди!
    – Гъе, мæ куыдз сыл баууæнда Нарты мыггагыл! Бакæс-ма, гæдыйы хъыбыл мæ марынмæ куыд сайы!
    – Нæ, Хуыцау не 'вдисæн, амарди, Челæхсæртан!
    – Уæдæ-ма мæнæ æфсæн мæцъис сырх зынг скæнут, афтæмæй йын æй йæ зæвæты стъыссут. Кæд зæнджы магъзы цъысцъысгæнгæ ссæуа, кæд йæ бырынкъ уæраджы чъирийæ стона æмæ нæ сызмæла, уæд бæлвырд мæстмард ныккодта.
    Не сызмæлыди Созырыхъо. Сыздæхтысты фæстæмæ æмæ йæм дзурынц:
    – Амарди бынтон, лæг куыд амæлы, афтæ.
    – Нæ йыл æууæндын уæддæр. Ахæссут та мæнæ æфсæн дзæккор æмæ йын дзы йæ фындзы æргъиутæ, йæ цæстыуæлтъыфæлттæ цæвут. Кæд не 'рныкъула, уæд æцæг мæстмард ныккодта.
    Бакодтой та афтæ, фæлæ не 'рныкъуылдта Созырыхъо уæддæр.
    Ссыдысты æмæ дзурынц:
    – Уæуу, бын бауай, Челæхсæртан! Нарты мыггагæн йæ мардмæ чи нæ уæнды, уый ма йын йæ удæгасмæ куыд бауæнддзæн? Уæдæ сын уыцы зæрдæйæ скъæфтай сæ чындзы?
    Фестади Челæхсæртан, сыгъзæрин лулæ йæ дзыхы бакодта, йæ тинты кæрц йе уæхсчытыл æрбаппæрста. Фæцæуы йæм хъуызгæ-хъуызгæ, халæй халмæ. Созырыхъо дæр æм йæ иу цæстæй кæрцы бынæй кæсы æмæ мæстæй хæлы. Нал æй ныууагъта æххæст йæхимæ цæуын фырмæстæй. Фæсæррæтт ласта, кæрцы бынæй цирхъ фелвæста æмæ йæ æнтъæрын байдыдта. Челæхсæртан йæ сыгъзæрин лулæ æмæ тинты кæрц феппæрста, афтæмæй йæ разæй лидзы. Байдыдта йæ Созырыхъо фæстейы сурын. Схæццæ ис. Йæ фидары дуарыл куыд фæгуыбыр кодта, афтæ йæ Созырыхъо ныцъцъыкк ласта йæ цирхъæй. Уæлкъæсæр æрыстыгъта, æмæ йæ иу сæрыфахс æддейы аззади Челæхсæртанæн.
    Фидары дуæрттæ ныггуыпп ласта йæхиуыл. Созырыхъо йæм дзуры æддейы:
    – Дæ амонд басудзæд, гæдыйы хъыбыл! Ноджы та мын аирвæзтæ!
    – Уæ, Созырыхъо, мæ удæй мын кæй атыдтай, уый дын Хуыцау сисæд дæ удæй!
    Созырыхъо раздæхти фæстæмæ æмæ æрфардæг Нартæм æмæ Чынтмæ. Нартæ æмæ Чынтыл цыма фæтагъд æмæ фæуарыди, уый хуызæн ныйисты, – нал дæр хъазынц, нал дæр кафынц æмæ симынц. Уæд, – йæ бон ныккалæд, – тыхджын Батырадз рараст и арвы кæронæй. Æрæввахс ис йæ бæстæм æмæ Нартмæ, Чынтмæ хъусы. Нал сæ цæуы фæндыры цагъд, нал сæ цæуы топпы хъæр. Йæхинымæры дзуры: «Оххай, ме 'рвадæлтыл цыдæр тых æрцыди!»
    Уалынмæ æрхæццæ ис Нартмæ æмæ Чынтмæ æмæ сæм дзуры:
    – Ме 'рвадæлтæ, цæуылнæуал хъазут, симут? Цы уыл æрцыд?
    – Цы ма дын æй æмбæхсæм, Батырадз: Хызы фидар Челæхсæртан дын фескъæфта дæ усаджы.
    – Уæ, куыдзы бæлæгъы дон бастæрат, ме 'рвадæлтæ! Æмæ уый тыххæй ныккастыстут зæхмæ? Батырадзæн иу усаг ссарынхъом куыд никуыуал стут сымах?
     Сифтыгъта сæ хъазын æмæ кафыныл. Йæхæдæг бацыди Сатанамæ æмæ йын дзуры:
    – Стонджы мын у, æмæ мын тагъд кæрдзын æрдав.
    Авд путы дзул, цыппар галы марды æмæ авд донхæссæны бæгæны – уыдон ын æрдавта хæрынæн. Ахордта сæ, анызта, йæхæдæг дуармæ йæ ехсы хъæдæй йæ дæндæгтæ схъаугæ рацыд. Сырдонмæ дзуры:
    – Гъе, Сырдон, нæ гуырæн бон иу уыди, нæ мæлæт дæр – иумæ. Цом-ма мемæ!
    Йе стыр сармадзан йæ урс бæхы дымæгыл бабаста æмæ йæ ласынтæ байдыдта. Хызы фидар – Челæхсæртаны фидæрттæ куы сзындысты, уæд дзы ауагъта авд путы топпыхос. Йæхæдæг Сырдонмæ дзуры:
    – Гъеныр сармадзаны хуылфы бырын æз, æмæ мын уæлейы мæ сæр цæв æфсæн дзæккорæй. Топпыхосы астæуæй дæлæмæ куы нынтъæрон мæхи, уæд-иу сармадзаныл зынг бафтау æмæ-иу дæ сæр æфснай.
    Астæуæй дæлæмæ топпыхосы куы нынныхсти, уæд æм хъæр кæны:
    – Зынг бафтау æмæ дæхæдæг лидз!
    Зынг бафтыдта сармадзаныл Сырдон, йæхæдæг лидзын байдыдта. Сармадзан æрвнæрæгау ныккодта, æмæ зæхх нынкъуыст. Сармадзаны хуылфæй сырх зынгæй агæпп ласта Батырадз, къæхтæ æмæ къухтæ хæлиуæй ахаста фидары къулмæ. Фидары къулыл йæ фæртт фæцыди æмæ иннæрдыгæй дæр фæлтæртæ адавта йемæ.
    Уæд Хызы фырт Челæхсæртанмæ дзуры:
    – Куыдз кæй ныййардта,чи дæ скодта мæ усы скъæфæг дæу?
    Фæхæцыдысты æртæ боны. Афсæрста йæ Батырадз æмæ йын йæ къубал сыскъуыдта.
    Чызгмæ бацыд æмæ йæм дзуры:
    – Налатæй гуырд, Батырадз нæ бæззыд дæуæн мойæн æви цы?!
    Йæ къубал ын дзабыры бырынкъæй сфæртт ласта, æмæ йæ сæры къуыдыр арвæй зæххы æхсæнмæ фæхауди.
    Æрфардæг уырдыгæй Батырадз Нартмæ æмæ Чынтмæ.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзакко, «Хуссар Ирыстоны фольклор», 1936, ф. 123–126.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru