поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
 
 
Нарты æмбырд
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
    Нарты гуыппырсартæ æмбырдæй бадынц сæ къæлæтджын бадæнтыл. Тæрхон кодтой уыдон сæ дзыллæйы сæрыл.
    – Нарт Нарт уæд уыдысты, арв цæ нæрын уæд нæ уæндыди, æмæ мæлын куы зыдтой сæ дзыллæйы сæрыл, алчи цæ хæцын куы фæрæзта йæхиуыл.
    – Нарт Нарт уæд уыдысты, æмæ нæртон адæймаджы дзыхæй рæстдзинад йеддæмæ куы ницы ирвæзти.
    – Нæ дзыллæ дзыллæ уæд уыдысты, æмæ сæ сæр сæрмæ куы хастой, сæ къæсæртæ бæрзонд куы арæзтой: мидæмæ цæугæйæ сæ сæр гуыбыр цæмæй нæ кодтаиккой, намæ Хуыцаумæ афтæ фæзындаид, æмæ уымæн кувынц...
    – Хуыцауæн кувын дæр аккаг нæ кодтой сæхицæн.
    Афтæ радзырдта Нарты æмбырдæй иу хистæр:
    – Адæмтæ хæлæг уæд кодтой Нартмæ, сæ хорзы кой дардмæ уæд хъуысти, сæ гуыбыныл хæцын куы фæрæзтой, нозтæй сæхи куы хъахъхъæдтой, ронгæй сæ бæрц куы зыдтой. Ацы рæстæджы хуызæн сæ мæрдты къоти куынæ калдтой нозт æмæ хæрдыл, æнæгъдау фырнозтæй се 'фсарм куы нæ сæфтой, сæ зонд, се 'хсар куы нæ састой. Стырæй, чысылæй, сылгоймагæй, нæлгоймагæй æмрасыг куы нæ кодтой.
    Загъта аннæ хистæр:
    – Нæ адæм адæм уæд уыдысты, æмæ нæ кæстæр хистæры куы нымадта, кад ын куы лæвæрдта, кæрæдзимæ куы хъуыстой; сылгоймаджы сæрыл нæ мæнг дунейы чъизи куы ничи кодта йæ цæсгом.
    Уый радзырдта æртыккаг хистæр.
    Æмæ рахастой Нарты хистæртæм æртæ тыны*, фыдæлты кадджын æмæ зынаргъ хæзнатæ.
    Райста дзы Уырызмæг иу тын æмæ загъта:
    – Ацы хæзна Нарты хистæртæ аккаг кæнынц, нæ фæсивæдæй æд –зонд хъæбатыр æмæ хæрзæгъдаудæр чи разына, уымæн. Дæ алфамблаймæ куы акæсай, уæд æхсарджын адæймаг чъирийы куывдæй дæр зын ыссарæн фæци. Сæфты къахыл ныллæууыди Нарт: давд, сайд, мæнгард, фæлывд æмæ козбаудзинад. Зæрдæ цæмæй барухс уа, уымæй нæ бæстыл ницыуал фехъусдзынæ.Сидзæргæсты, мæгуырты кæуын æмæ æрдиаг нал сабыр кæны Нартæн йæ иу кæронæй йе 'ннæ кæронмæ: цæрын сæ нал уадзынц хуыснæджытæ, абырджытæ. Уыцы æнаккаг адæмæн, бæсты арæзт чи халы, арт ыл чи 'фтауы фыдбылызæй, уыдонæн æргом уайдзæф кæнын чи бафæраза, ахæм адæм нæ астæу скуынæг сты. Сæ дзырд чи сиу кæна, æвзæрдзинады ныхмæ чи 'рлæууа, уый чи басабыр кæна, зондæй кæнæ æхсарæй, ахæм адæм нал ис Нарты. Æмæ æдзæсгæмттæ, ард кæмæн нæй, сомы, уыдон хæрæгæй хуым кæнынц, адæмы туг æхсныфæй нуазынц. Йæ ныфс чи бахæсдзæн ацы хæзнамæ?
    Йæ бадæнæй систа йæхи Нарты Хæмыц æмæ дзуры:
    – Æз исын ацы тын.
    – Уый та куыд? Ды дæ аууонæй куы тæрсыс, лæгмæ комкоммæ бакæсын зæронды бонмæ куы никуы бауæндыдтæ?!
    – Раст загътат, Нарты хуыздæртæ! Æз уын мæхицæй цæмæй раппæлон, уымæй мæм ницы ссардзыстут, фæлæ... мæ фырт Батырадз!.. Уымæй хъæбатырдæр, уымæй ныфсджындæр уæ астæу нæ разындзæн. Уый æвзæрдзинад дæр нæ ракæндзæн, кæнын дæр никæмæн бауадздзæн йæ разы.
    – Ацы хæзнайæ уыцы адæймаджы кадджын кæнынц Нарты хистæртæ, йæ гуыбыныл хуыздæр чи разына, лæджы уаргъ зынæй дæр кæронмæ хæссын чи бафæраза кад æмæ радæй!
    Æмæ та сдзырдта Хæмыц:
    – Ацы тын дæр мæнмæ цæуы.
    – Зæрдæмæ бацæуинаг нæу, Хæмыц, дæ хъуыддаг! Дæ фыдгуыбын чи нæ зоны, Нарты иу адæймаг дæр ахæм нæй. Никуы дын ничи базыдта де 'фсис, иннабонæй иннабонмæ фынджы уæлхъус «бæркад» никуы ссыди дæ дзыхæй.
    – Мæ фырт Батырадзы сæрыл исын ацы тын дæр: уымæй хуыздæр ничи разындзæн йæ гуыбыныл дæр.
    – Æртыккаг тын дæр аккаг кæнынц Нарты хистæртæ уымæн, сылгоймаджы сæрыл æгъдауджындæр чи разына, фылдæр чи ныббара йæ сылгоймагæн.
    – Никæмæн æй ауадздзынæн ацы хæзна дæр, – загъта ма ноджы Хæмыц.
    – Адæмæн æмбисонд куы фæци дæ хъох-дæндаг, быруйы хуынчъытыл куы хъуызыдтæ искæй устытæм; дæхи ус – Быценты чызджы дæ дзыппы куы хастай, уæд уый зæгъын куыд бахъæцыд дæ цæсгом?
    – Уæ уайдзæфтæ сæ бынаты сты, фæлæ уый зонут, куыйты Нарт, æмæ уæм сылгоймаджы сæрыл дæр мæ фырт Батырадзæй барджындæр нæ уыдзæн, нæ!
    Уæд Нарты хистæртæ сфæнд кодтой Хæмыцы фырт Батырадзы йæ хъарутæй бавзарын аивæй, æмæ балцæй куыд æрцæйцыд Батырадз, афтæ йын Нарты хистæртæ фондзыссæдз барæджы йæ размæ арвыстой. Батырадз куы бамбæрста, йæ размæ кæй бадынц, уый, уæд йæ бæх базмæлын кодта, цыма тæрсгæ фæкодта, уыйау. Барджытæ йæ фæдыл арæнхъ сты. Уæд сæм уый йе 'ргом фездæхта æмæ – де 'лгъитæг афтæ! Бирæ дзы нал ссардта йæ хæдзар; чи ма дзы фервæзт, уыдонæн дæр сæ алы сисбынæй калди сæ туг æмæ сæ рондз.
    Куывды бадтысты Нарт иннабонæй иннабонмæ, Батырадз дæр æмбырды. Фынгтæ уыдысты афтæ арæзт, æмæ дзы Батырадз иумæ дæр не 'ххæст.
    Иннабонæй иннабонмæ йæ дзыхмæ хойраг не схаста Хæмыцы фырт Батырадз, фæлæ хъæлдзæгдæр зарыд иннæтæй, аивдæр уыди йæ кафт.
    Æмæ та Батырадз ныхстæры куыд уыди, афтæ йын хъомгæсы йæ усмæ барвыстой. Баййæфта йæ уаты хъомгæсы, раздæхт кæртмæ, йæ нымæт йæ быны æрытыдта, йæ саргъ йæ нывæрзæн бакодта æмæ хурыскастмæ йæ къах дæр нал атылдта.Тæрхоны лæгтæн сбæлвырд сты Батырадзы лæгдзинæдтæ æнæмæнгæй. Аккаг ын скодтой фыдæлты хæзнатæ æмæ ма тæрхон уыди сæ астæу:
    – Батырадзæй æххæстдæр гуырд кæй нæ разынди Нарты фæсивæдмæ, уый æцæг у. Фæлæ нæ хъуыддаг кæронмæ нæ ахæццæ кæндзыстæм, куы нæ базонæм, – цæмæ гæсгæ йын адджын фесты уыцы лæгдзинæдтæ.
    – Диссаг уæм фæкæсдзæнис, æвæццæгæн, Нарты хæрзæджытæ, – загъта Хæмыцы фырт, – фæлæ хъæбатырдзинад, сарæхсын мæ зæрдæмæ райстон æз мæ цуанон куыдзæй. Æрбацæйцыдтæн цуанæй иу хъæуыл. Бирæ куыйтæ æрæмбырд ис мæ куыдзыл.
    «Хæрдзысты мын мæ куыдзы», – загътон мæхинымæр. Уалынмæ кæсын – куыдз ай-уый нал, фæлæ ныххоста размæ. Æвæдза, йæ фæдыл куыйтæ фæиугай сты, афтæ сæм йæхи фездæхта æмæ сын батыхтæ кодта.
    Æмæ уæд загътон мæхицæн: «Де знаджы басæттын дæ куы фæнда, уæд афтæ бакæн, цæмæй де знаг фæдихтæ уа, йæ тых фæхæлиу уа, кæрæдзийы цæмæй нал æмбарой – уæд йæ байсафын, йæ фегад кæнын зын нæу».
    – Гуыбыны хъуыддаджы тыххæй та нын уæд цы зæгъдзынæ?
    – Цуаны уæвгæйæ сырд амардтам; нæ фæллад суадзæм, зæгъгæ, бынат æркодтам. Арт бандзæрстам, сырды мардæй физонджытæ фæкодтам. Нæхимæ хорз базылдыстæм. Хистæртæ дзурынц: «Кæстæртæ, донæн исты амал скæнут».
    Араст стæм донагурæг. Фæндагыл нæ иу чидæр йæ къахæй чысыл хызынгонд скъуырдта: айстам æй немæ. Кæсæм æмæ къæдзæхæй сыгъдæг, цæстысыджы хуызæн дон тæдзы. Нæ хызынгонд байдыдтам дарын тæдзынæгмæ. Дарæм, дарæм, æмæ йын байдзаг кæнынæн амал нал ис: хызынгонд ивæзы æмæ ивæзы. Æрхастам дон, не 'мбæлттæ сæ дойны суагътой. Фæрсæм сæ:
    – Цавæр дзаума у ацы хызынгонд, уыцы ивæзт чи кæны?
     Фæтæрхон кодтой уыцы ран, бирæ чи фæцард, бирæ чи æмбæрста, уыдон, æмæ загътой:
    – Уый лæджы уæцъæфы йеддæмæ ницы уыдзæн, уымæн нæй байдзаг кæнæн. Ничи ма йын базыдта æгас дунейыл йе 'фсис.
     Уырдыгæй фæстæмæ æз никуыуал байдзаг кодтон мæ гуыбын: фырхæрд – фыр рын. Мæхи фæлтæрын байдыдтон. Иу рæстæджы мæ кæрдзын цыппар дихы кодтон æмæ йын-иу йе 'ртæ хайы бахордтон, иннæ ныууагътон; мæ тых къаддæр нæ кодта, мæ куыст уæлдай нæ фæци. Уый фæстæ кæрдзыны æрдæгæй ме стонг састон, æнæхъæн кæрдзынæй йæ куыд састон, афтæ.
    – Сылгоймаджы тыххæй цы 'гъдæуттыл хæцыс, уыдон тыххæй та куыд хъуыды кæныс?
    – Стæры уыдыстæм, Нарты фæсивæд нудæс 'мæ ссæдз барæгæй. Иу тыгъд быдырмæ бафтыдыстæм. Быдыры никуы бæлас, никуы дон. Нæ къухы ницы бафтыд; бæхæй, лæгæй нæ сæрæн нал уыдыстæм æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй. Æризæр ис, афтæ кæсæм, æмæ иу ранæй рухс цæуы. Бахæццæ стæм рухсмæ; фысым агурæм. Рухс кæцæй цыди, уым разынди хъæу; хъæуы ныккæнд хæдзæрттæ. Иу ранæй нæм ус æмæ чызг рацыдысты, лæг зынæг нæй.
    – Фысым уын фæуыдзыстæм: уазæг – Хуыцауы уазæг.
    Кæрæдзимæ ракæс-бакæс акодтам, нæ бæхтæй æрхызтыстæм. Кæстæртæ бæхтæ бафснайдтой. Хорз нæ федтой æхсæвæрæй. Хуыссæнтæ нын бакодтой дыууæ агъуысты: иуы – ссæдзæн, иннæйы – нудæсæн.
    Хъусын, мад æмæ чызг хатиагау ныхас кæнынц:
    – Чызгай, æз абонæй соммæ дæн, мæрдтæм фæхæстæг дæн: æз ницыуал фендзынæн. Дæуæн цард бацайдагъ уыдзæн æмæ бирæ фендзынæ æхсызгондзинæдтæ. Афтæ бакæнæм, æмæ ссæдзы æз суазæг кæндзынæн, нудæс та дæу æвджид фæуæнт.
    – Уæ мæ мад, цард хистæрæй кæстæры сæрыл нæу: зæронд бæх байрагдзармыл хор бирæ бахæры. Æз чысыл рацардтæн, ницыма федтон. Фендзынæн æви нæ, уый дæр у дыууæйыл. Ды ацардтæ, ды дзæвгар федтай... Ссæдзæн æз хъуамæ зæгъон «æгас цæут, нæ уазджытæ!»
    Æмæ уæд бамбæрстон æз, сылгоймаг мæгуыр кæй у, тыхст сахат ыл кæй скæны рæстæгæй-рæстæгмæ. Дзырд радтон уыцы ран мæхицæн, мæ номыл цы сылгоймаг æрцæуа мæ фыды хæдзармæ, уый куыд никуы фæсайдзынæн; йæхæдæг куы фæрæдийа, уæддæр æй азымы кæй никуы бадардзынæн, ууыл.
    Арфæ ракодтой Хæмыцæн Нарты хистæртæ йæ фырт Батырадзы сæрыл, арфæ ракодтой Батырадзæн. Систой сæхи сæ къæлæтджын бадæнтæй æмæ æмбырдæй ахæлиу сты.

Æмбалты Цоцко. «Нарты Хæмыцы фырт Батырадзы таурæгътæ». Рауадзæг Гутнаты Елбыздыхъо. Берлин,1924 аз, ф. 23–33.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru