поиск в интернете
расширенный поиск
Иу лæг – æфсад у, дыууæ – уæлахиз. Сделать стартовойНаписать письмо Добавить в избранное
 
Регистрация   Забыли пароль?
  Главная Библиотека Регистрация Добавить новость Новое на сайте Статистика Форум Контакты О сайте
 
  Навигация
Авторские статьи
Общество
Литература
Осетинские сказки
Музыка
Фото
Видео
  Книги
История Осетии
История Алан
Аристократия Алан
История Южной Осетии
Исторический атлас
Осетинский аул
Традиции и обычаи
Три Слезы Бога
Религиозное мировоззрение
Фамилии и имена
Песни далеких лет
Нарты-Арии
Ир-Ас-Аланское Единобожие
Ингушско-Осетинские
Ирон æгъдæуттæ
  Интересные материалы
Древность
Скифы
Сарматы
Аланы
Новая История
Современность
Личности
Гербы и Флаги
  Духовный мир
Святые места
Древние учения
Нартский эпос
Культура
Религия
Теософия и теология
  Строим РЮО 
Политика
Религия
Ир-асский язык
Образование
Искусство
Экономика
  Реклама
металлобаза волхонка отзывы  
 
Хæмыцы фырт чысыл Батырадзы кадæг (вариант)
Автор: 00mN1ck / 13 июля 2010 / Категория: Ирон адæмон сфæлдыстад » Нарты кадджытæ
(вариант)

    Нарты Бурæфæрныгæн авд лæппуйы уыди. Иу бон куы уыди, уæд фат æмæ æрдынæй хъазыдысты, æмæ сæм дæлæсыхæй иу лæппу ссыди, йæ цæстытæ сасирыйас, æмæ сын загъта:
    – Уæ хорзæх мæ уæд, æмæ мæнæн дæр иу æхсты бар ауадзут, æмæ уын изæрмæ уæ фæттæ хæсдзынæн.
    Стæй сын сæ æмбисбонмæ фæхаста, æмæ сæ кæстæр æфсымæр чи уыди, уый загъта йæ хистæр æфсымæртæн:
    – Ай тæригъæд нæ цæмæн хъæуы, иу æхсты бар ын ауадзут йæхицæн, мæгуыр, цин кæндзæни.
    Æрæвæрдтой йын сæ худтæ авд æфсымæры, æмæ сæ бахста æмæ сæ иу æхстæй ныппырх кодта,стæй сын дарæсы мыггаг ницыуал ныууагъта уыцы авд æфсымæрæн. Ноджы сын сæ æрдынты бæстæ æрæвæрын кодта æмæ сын уыдон дæр ныппырх кодта. Æмæ сын ахæм митæ куы фæкодта Бурæфæрныджы фырттæн, уæд сæ хæдзармæ цæуын нал уæндыдысты, нæ фыд нæ амардзæн, зæгъгæ. Стæй йыл авдæй ныххæцыдысты æмæ йæ сæ фыд Бурæфæрныджы размæ баластой æмæ йын загътой:
    – Ай нæм абон дæлæсыхæй ссыди æмæ нæ афтæ ныппырх кодта.
    Бурæфæрныг ын загъта:
    – О куыдзы хъыбыл! Ды кæд уыйас хорз лæг рацыдтæ, уæд дын дæ фыд Хæмыцы æз æмæ Челæсхан куы амардтам, æмæ йæ кард уæлæ Челæхсаны фарсыл куы и, уæд уый туг райс, фæлæ дæ адон та цы хъыг дарынц.
    Лæппу уыцы дзырдыл фæстæмæ раздæхт æмæ йæ хæдзармæ æрцыди. Æфсæн фыййаг арты ссырх кодта æмæ дын йæ мады йæ быны ракодта æмæ йын загъта:
    – Мæ фыд Хæмыцы мын чи амардта, уый мын зæгъ, æндæра дын дæ дзидзитæ судзын.
     Йæ мад ын загъта:
    – Фыдæбон йæ бацамонæгæн уæд! Нарты Аборхъуагъийы Бурæфæрныг æмæ Челæсхан дын æй амардтой.
    – Уæдæ йæ кард дæр уыдонмæ и?
    – Челæсханы фарсыл ис, – загъта йæ мад.
     Стæй суагъта йæ бынæй йæ мады æмæ йын загъта:
    – Уæдæ мæ фыдæн æппын гæрзтæ, йе бæх ницы баззади?
    Уый йын загъта:
    – Куыд нæ йын баззади – дæлæ йæ бæх ныккæнды æфсæн æртдихтæ хæры, æмæ кæд разæй бацæуай, уæд дæ дæндагæй хæрдзæн, кæд æм – фæстейæ, уæд та дæ зæвæтæй мардзæни.
    Стæй ныццыд, æмæ бæхæй фаджысы ницыуал зынди, æмæ йæм бæх йæ хъустæ куыд фæгæмæл кодта æмæ йæ хæрынмæ куыд хъавыди, афтæ йын Батырадз йæ дыууæ хъусыл фæхæцыд æмæ йæ ныккæндæй фелвæста. Арыхъхъаг сапонæй йæ цынадта, йæ фыд Хæмыцы болат саргъ ыл сæвæрдта æмæ йæ дыууадæс æхтонгæй сæлвæста; йæ гæрзтæ райста, абадти йыл æмæ Бурæфæрныджы дуармæ ссыди æмæ йын загъта:
    – Æз дын лæгæн нæ бæззын, дæ авд лæппуйы къубæлттæ дын иу къуындзихыл куы нæ ныллыг кæнон, еууы нæмыгыл дын сæ къæхтæ дурæфхæрд цы чындзытæн кæнынц, уыдон дын како-сындзыл куы нæ бакæнон.
    Стæй уырдыгæй ацыд æмæ Хызы фидармæ ссыди. Уым Челæсхан йæ бæхы донмæ æрцæйласта, Хæмыцы кард йæ фарсыл, æмæ доны былыл куы баиу сты, уæд æм Батырадз бадзырдта:
    – Дæ бон хорз, Челæсхан!
    Челæсхан дæр ын загъта:
    – Хорз цæрай, æгас цæуай, хорз уазæг!
    Стæй йын Батырадз загъта:
    – Дæ кард-ма мын фенын кæн, ахæм кард никуы федтон.
    Челæсхан дæр дын æм æй сласта, æмæ йæм Батырадз æркаст æмæ йын загъта:
    – Цæуыл фехæлд дæ кард?
    Челæсхан ын загъта:
    – Куыдзы сæртæ куы бахæрид – Хæмыцы дæндæгтыл мын фехæлд.
    Стæй йын Батырадз загъта:
    – Хорз кард у, фæлæ уæм хур кæцæй скæсы?
    Челæсхан ын æй бацамыдта.
    Стæй та йын загъта:
    – Уæдæ уæм ныгуылгæ та чердыгæй кæны?
    Челæсхан хурныгуылæнырдæм куы азылди, уæд ын Батырадз йæ бæрзæй ныцъцъыкк ласта, æмæ йæ сæр атылди. Йæхæдæг та Батырадз йæ фыд Хæмыцы кард æмæ Челæсханы бæх рафардæг кодта æмæ Бурæфæрныгмæ æрцыд æмæ йын йæ авд лæппуйы сæртæ иу къуындзихыл ацъыкк ласта; стæй Бурæфæрныджы усæй къухдзæг скодта, йæ чындзыты та – кæройнæгтæ, æмæ сæ како-сындзы найыл сифтыгъта æмæ сæ най бакодта. Уый фæстæ йæ хæдзармæ æрцыди.
    Райсомæй сыстад æмæ Нартæн загъта:
    – Мæ фыды туг мын цæуылнæ фидут?
    Уыдон ын загътой:
    – О нæ æлдар! Дæ дзых – нæ тæрхон.
    – Уæдæ кæд мæ дзых уæ тæрхон у, уæд мын ехсы хъæды бæласæй æххæрджытæ æрбаласут.
    Стæй ацыдысты Нарты фæсивæд æмæ ехсы хъæды тала дæр никуы ссардтой, афтæмæй фæстæмæ æрцыдысты. Стæй та сæм ноджы ссыди Батырадз æмæ та сын загъта:
    – О, куыйты Нарт! Мæ фыды туг мын ценнæ фидут?
    Уыдон та йын загътой:
    – Дæ дзых – нæ тæрхон, нæ æлдар!
    – Уæдæ мæ фыды басмахъ уæлæуыл баззадис, æмæ мын уый хуысар-хъуымацы сыгъдонæй байдзаг кæнут.
    Уыдон дын ласын байдыдтой сæ устыты æмæ чызджыты куырæттæ æмæ хæдæттæ æмæ сæ уæлкъуыппы бæрзондмæ схастой æмæ сыл уым арт бафтыдтой. Уæд Батырадз дæлæ коммæ ныддодой кодта æмæ загъта:
    – Додой мын дæ къона кæны, афæдзæй афæдзмæ цы дымгæ ис, уый ныр куынæ ракæнай.
    Уæд сыл ахæм дымгæ скодта æмæ бæстыл æмбисонд, æмæ сын сæ куырæтты æмæ хæдæтты сыгъдæттæ ныххæлиу кодта. Нарт дын æрдиаггæнгæ уæнтæгуыбыр æмæ сæркъулæй æрцыдысты. Стæй сæм изæры Батырадз рацыди æмæ сын загъта:
    – Æз уын лæг нæ дæн, æз уын райсом сахарæй дыууадæс уæныгыл стыр хъумбара куы нæ 'рбаласон æмæ йæ уым уæлæхъæуæй ма æрцаразон – йæ 'мбæлæггаг уæ сыхгай куыд хæсса, йæ схъиуæггаг та – хæдзаргай.
    Стæй йæ авд сау лæгыл фæхъæр кодта æмæ сахармæ афардæг и æмæ уырдыгæй стыр хъумбара æрбаласта æмæ быдыры æрæнцади. Нарты Сырдон йæ боцъотæ æруагъта æмæ йыл йæхи æмбæлæг скодта; куы йæм бацыди, уæд ын Батырадз загъта:
    – Æгас цæуай, зæронд лæг! – Стæй йæ бафарста: – Кæдæм цæуыс, зæронд лæг?
    – Кæдæм цæуын, кæ, – загъта Сырдон, – иу æрдхорд мын ис, Хæмыц, зæгъгæ, æмæ мын уымæн баззади иу æнахъом лæппу, æмæ мын уый йæ сæр фесæфта кæмдæр, æмæ уый агурынмæ цæуын.
    Уæд ын Батырадз загъта:
    – Уæдæ уый æз куы дæн.
    Сырдон ыл бирæ гæды цинтæ фæкодта æмæ йын загъта:
    – О Батырадз! Дæ фыды дын чи амардта, уыдон æз куы зонын.
    Батырадз ын загъта:
    – Нарт.
    – Кæд æй Нарт амардтой, уæддæр уыдон аххос уыйас нæ уыди. Уæлæ Сайнæджы фидары зæдтæ æмæ дауджытæ – дæ фыд Хæмыцы марæг; уыдон æй фææдых кодтой æмæ йæ радтой Нарты къухмæ.
    Уæд дын Батырадз йæ авд сау лæгæн хъумбара сифтындзын кодта, йæ хъандзал кард йе 'фцæгыл æруагъта, афтæмæй хъумбарайы ныббырыд æмæ йæхи Сайнæджы фидармæ фехсын кодта. Уым зæдтæ æмæ дауджытыл ралæууыд æмæ сæ кæй маргæ акодта, кæмæн йæ сæр, кæмæн йæ къух, кæмæн йæ къах фæсаста. Уæд дын уыцы зæдтæ æмæ дауджытæ Хуыцаумæ хъæстмæ ссыдысты æмæ йын загътой:
    – Фæцагъта нæ, æмæ дæ курæм, йæ мæлæт цæмæй у, уый нын бацамон.
    Хуыцау сын загъта:
    – Уымæн йæ иу сæрыфахс æрхуыйæ у, æмæ йын уый куы стæвд уа æмæ йæм куы ныхъхъара, уæд уымæй йæ мæлæт, æндæр ницæмæй; ныр æй сымах æнæдон бæстæм асайут æмæ дзы уым хæст ракъахут, æмæ æз, афæдзæй афæдзмæ цы хур кæсы, уый иу бон фæкæсын кæндзынæн, æмæ йæ сæрыфахс стæвд уыдзæни æмæ уымæй – йæ мæлæт.
    Стæй йæ æнæдон быдырмæ асайдтой Батырадзы зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ уым хæст ракъахтой. Уæд Хуыцау дæр дунейы æмбисонды хур ныккæсын кодта æмæ Батырадзæн йæ æрхуы сæрыфахс сзынг и, афтæмæй ницыуал фæрæзта æмæ амарди. Уæд дын зæдтæ æмæ дауджытæ фырцинæй фæтахтысты алырдæм, æмæ-иу Батырадзы сæрты чи атахти, уый-иу йæ уæлæ æрхауди, æмæ сæ афтæмæй ноджы бирæ фæцагъта. Уæд та дын дыккаг хатт Хуыцаумæ хъæстмæ ссыдысты æмæ йын загътой:
    – Йе 'гас нын уый нæ ракодта, ныр нын йæ мард цы кæны.
    Стæй сын Хуыцау тых радта, цæмæй сæ Батырадзы мард мацыуал хъыгдара æмæ сын загъта:
    – Ацæут æмæ йæ Сопиай-зæппадзы баныгæнут.
    Æрцыдысты зæдтæ æмæ дауджытæ æмæ йæ ахастой æмæ йæ Сопиай-зæппадзмæ ныххастой, æмæ сын уым та дуары тарвазмæ йæ дыууæ къахы сæвæрдта æмæ сын мидæмæ нал куымдта. Зæдтæ æмæ дауджытæ та Хуыцаумæ хъæстмæ ссыдысты æмæ йын загътой:
    – Уырдæм дæр та нын куынæуал комы, уæд ын цы кæнæм?
    Хуыцау сын загъта:
    – Ацæут, æмæ мардфæлдисинагæй адæм фыццаг Хуыцауы ном цæмæй ссарой, уый-иу уый уæд мæрдты, æмæ уын бакомдзæн.
    Ацыдысты æмæ йæ Сопиай-зæппадзмæ бахастой æмæ йæ уым баныгæдтой.
    Ныр адæм æппæт марды фæлдисинагæй разæй Хуыцауы ном цæмæй ссарынц, гъеуый – Батырадзы хай.

«Осетинские тексты», собранные Дан.Чонкадзе и Вас.Цораевым. Издал академик А. Шифнер. Приложение к ХIХ тому записок Имп. Академии наук, № 4, Санкт-Петербург, 1868, с. 43–50.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна
Информация
Посетители, находящиеся в группе Гости, не могут оставлять комментарии к данной публикации.
  Информация

Идея герба производна из идеологии Нартиады: высшая сфера УÆЛÆ представляет мировой разум МОН самой чашей уацамонгæ. Сама чаша и есть воплощение идеи перехода от разума МОН к его информационному выражению – к вести УАЦ. Далее...

  Опрос
Отдельный сайт
В разделе на этом сайте
В разделе на этом сайте с другим дизайном
На поддомене с другим дизайном


  Популярное
  Архив
Февраль 2022 (1)
Ноябрь 2021 (2)
Сентябрь 2021 (1)
Июль 2021 (1)
Май 2021 (2)
Апрель 2021 (1)
  Друзья

Патриоты Осетии

Осетия и Осетины

ИА ОСинформ

Ирон Фæндаг

Ирон Адæм

Ацæтæ

Список партнеров

  Реклама
 
 
  © 2006—2022 iratta.com — история и культура Осетии
все права защищены
Рейтинг@Mail.ru