Главная > Нарты кадджытæ > Борæтæ хъал мыггаг уыдысты

Борæтæ хъал мыггаг уыдысты


19 сентября 2010. Разместил: 00mN1ck
     Борæтæ хъал мыггаг уыдысты, никæуыл æрвæссыдысты. Хъазтмæ дæр-иу сæхи мыггаг йеддæмæ никæй уагътой. Уæд иу лæг сфæнд кодта Борæты хъазтмæ бацæуын. Йæхицæн бæх æрцæттæ кодта æмæ хъазты балæууыд. Фæлæ йæ æнцонтæй куыд бауагътаиккой Борæты хъалтæ!
    – Уæ бон хорз уæд, – загъта лæг.
    – Æгас цæуай, хорз лæг, дæ бæх ма дыууæ зылды æркæн!
    Фæндырæй та дзы Азауханы рæсугъд цагъта. Лæджы иуырдæм дæр куы нал уагътой, уæд йæ бæх иу зылд æркодта æмæ йæ ехс Азауханы рæсугъды раз æрæппæрста, стæй дзуры чызгмæ: «Азаухан, уæздан чызг дæ куы хонынц, мæ ехс-ма мын сдæтт».
     Азаухан ын ехс куыд ыслæвæрдта, афтæ лæг чызгмæ фæлæбурдта, йæ бæхыл æй авæрдта æмæ йæ афардæг кодта мигътæй æврæгъты 'хсæн.

Радзырдта йæ Томайты Ахмырзæ Аслæмырзæйы фырт, 92-аздзыд, Къорайæ ралидзгæ, 1984 аз, Дзæуджыхъæу. Ныффыста йæ Бидеты Индирæ. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет, ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйы архив.

Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ Томы. Фыццаг том. / Сарæзта йæ Салæгаты З. – Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 – 719 ф.

при использовании материалов сайта, гиперссылка обязательна

Вернуться назад
Рейтинг@Mail.ru